Æз — сылгоймаг — цардаразæг фарн дæн,
Кувут, лæгтæ, иууылдæр мæнæн.
Æз бæллиц дæн, дидинæджы тау дæн,
Æз цъæх уалдзæг, цины зарæг дæн.
Хабаты Р. ныхæстæ. Зарæг «Иры
чызджытæ…»
Сылгоймаг… Дзырдтæн сæ тæккæ цытджындæр,
кадджындæр…
Сылгоймаг — бинонты фарн. Хæдзары фидауц.
Сылгоймаг — æрдзон рæсугьддзинад.
Сылгоймаг — царды айдæн.
Сылгоймаг — æгъдау æмæ æфсармы сæрæвæрæн.
Æгъдæутты
ратæдзæн нæфыдæлтæм уыд сылгоймаджы æфсарм. Иугæр æфсармы кары бацыд сылгоймаг,
уæд ын йæ алы уæнджы дæр уыдтой æгъдау.
Рæзгæ
чызгæн куырыхон хистæртæ æмбаргæ хъæлæсæй амыдтой хидарыны домæнтæ:
—
чызг дæ æмæ лæппуйы митæ ма кæн;
—
гаккырисæй уынгты ма хъаз;
—
дæхи дарын зон;
—
цæугæйæ дæ развæндагмæ кæс;
—
къуыппыты — дзыхъхъыты дæ къæхтæ аив ис;
—
сыртт — сыртт, сæпп — сæпп кæнын чызгæн нæ фидауы;
—
цæугæ — цæуын худинаг у хæрын;
—
хъæрæй ма худ;
—
æгæр бирæ дзурын æнæуаг ми у;
—
дзургæйæ къухтæ тилын нæ фидауы;
—
къæрцц — ныхас ма кæн;
—
нæлгоймагæн комкоммæ йæ цæстытæм ма кæс;
—
дæ дзырд искæй ныхасмæ ма æппар;
Бирæ
зындзинæдтæ бавзæрста ирон сылгоймаг. Бирæ гуыргъахъ фæндæгтыл фæцыд.
Хæххон
æвадаты æрдз ын йе `ккойыл уæззау уаргъ æрæвæрдта. Бирæ хъизæмæрттæ бавзæрста.
Йæ мæгуыры бонтæ тыдта. Къуындæг — йæ царды уавæртæ. Цыбыр — йæ æвналæнтæ.
Уæвгæ,
кæд нæ фыдæлты историйон царды сыфтæ æнусон тох æмæ æрдзон фыдбылызты амæттаг
баисты, уæддæр хæдзардзинæй бахъахъхъæдтой сæ ирон æвзаг, сæ ирон фарн, сæ ирон
æгъдæуттæ.
Уæддæр
нæм ирон сылгоймаджы намысы цæсгом ирдæй зыны литературон уацмысты фæлгонцтæй:
Æфхæрдты Госæма, Туаты Дауыты драмæ «Сидзæргæс» — æй, Къостайы
зæрдæриссæн фæлгонцтæ — сидзæргæс æмæ Фатимæ. Уыдон мах ахуыр кæнынц бæрзонд
идеалтыл.
«Додой»-ы музыкæмæ скъуыддзаг «Фатимæ» — йæ.
Рагæй
— æрæгмæ таурæгъты дзуринаг уыд ирон сылгоймаджы кады ном.
Дыууадæсæм
æнусы айхъыуст, зæгъгæ, ирон паддзах Худаны чызг — Бурдуханы — ракуырдта
гуырдзыйы паддзах Георгий — æртыккаг. Гуырдзыйы хроникæ куыд фыста, афтæмæй,
сæхи сылгоймæгтимæ абаргæйæ, уындæй, кондæй, зондæй Бурдуханы хуызæн рæсугъд
чындз Гуырдзыйы нæ уыд.
Бурдуханæн
райгуырд чызг — Гуырдзыйы фидæны паддзах Тамарæ.
Фыдыуазæг,
рæстдзинад, уарзондзинад…
Сылгоймаг
ацы æнкъарæнтæн у табугæнæг, уымæн æмæ хорз æмбары — уыдон сты царды сæйраг
æнцæйттæ;
Хостыхъоты З. æмдзæвгæ «Зæгъма мын искуы…»
Хабаты Р. æмдз.
Ирон
сылгоймагæн гакъон — макъон уыдис йæ цардвæндаг. Йæхиуыл бавзæрста царды дæрзæг
миниуджытæ. Раджы бамбæрста, Фыдыбæстæйы сæраппонд, рæстдзинад æмæ
уарзондзинадыл тох кæнын кæй хъæуы, уый.
Фыдыбæстæйы
Стыр хæст нæ бæстæйы уыдис тæккæ уæззаудæр фæлварæн. Ирон сылгоймаг лæгæй —
лæгмæ æрлæууыд цыфыддæр знаджы ныхмæ.
Хæсты
фыццаг бон Ирыстон афæндараст кодта фронтмæ 800 арыгон чызджы.
Куыддæр
тæхæджы дæсныйад райста лейтенант Даураты Илитæ, афтæ райдыдта æххæст кæнын йæ
хæс Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау. Куыд ныфсхаст уыди, уымæй дисы æфтыдта суанг
фашистты дæр.
Иуахæмы
та Илитæ æрæппæрста немыцаг тæхæджы. Сылгоймаг æй æрæппæрста, ууыл не `ууæндыд
фашист. Куы бамбæрста æцæгдзинад, уæд Илитæйæн балæвар кодта къухылдаргæ сахат
йæ хъæбатырдзинады тыххæй.
Суанг
хæсты фæстаг бонтæм цæф советон хæстонты ирвæзыныл тох кодта медицинон службæйы
булкъон Саламты Софья.
Снайпер
Сланты Нинæ уæрæсейы сылгоймæгты маст райста знæгтæй æртиссæдзы мæрдтæм
барвитгæйæ.
Æцæг
советон патриотизм æмæ хъайтардзинад æвдисæг у Баситы Чабæханы æнæмæлгæ ном.
Уый равзæрста мæлæт немыцимæ газеты кусыны бæсты.
Ирон
сылгоймаг зæд у… Зæдау ауды ныхасæй, хъуыддагæй, æмæ кувы Лæгты дзуармæ. Йæ
куывдæн та ахæм тых ис, æмæ цыфæнды фыдбылызæй дæр бахизы.
Фыдыбæстæйы
Стыр хæсты рæстæг хъайтардзинад, фæразондзинад æвдыста алы хуымæтæг ирон
сылгоймаг дæр.
Немыцаг
æрдонгтæ æрбабырстой Ирыстонмæ дæр. Зæнджиаты Володяйы хæдтæхæг фæшисттæ
æрæппæрстой. Мард æнхъæлæй йæ удæгасæй мæрдтимæ баппæрстой…
Басаты
чындз йæ æртæ сывæллонимæ сæ рæзты цæугæйæ айхъуыста хъæрзын. Валодяйы
рахастой, нæхионтæм æй арвыстой. Фæлæ Басаты чындзы чидæр банымыгъта æмæ йæ йæ
сывæллæттимæ марынмæ акодтой. Тымбыл хъæды дзуары раз сылгоймаг йæ сывæллæтты
уæрджытыл æрлæууын кодта, йæхæдæг бакуывта : «Лæгты дзуар, баххуыс
кæн,» — зæгъгæ.
Уыцы
рæстæг советон хæдтæхджыты Алагиры сæрмæ бомбæтæ згъалын райдыдтой.
…
Немыцæгтæн сæ кой дæр нал баззад.Басаты чындз та йæ сывæллæттимæ удæгас
баззадысты.
Уыцы
сывæллæттæй иу у, абон Ирыстон сæрыстыр кæмæй у, уыцы стыр ахуыргонд, стыр
Ныхасы сæрдар Басаты Барис.
Уæвгæ,
Сау фæнык куыд нæ фестадысты сæ зæрдæтæ, ирон мадæлтæ сæ хъæбулты сау
гæххæттытæ куы истой, уæд?!
Цавддуртæ
куыд нæ фестадысты нæ чысыл Ирыстоны хæстæф — хæрд мадæлтæ, кæд æмæ:
2
хæдзармæ нал сыздæхтысты æвдгай æфсымæртæ;
7
хæдзармæ — æхсæзгæйттæ;
36
хæдзармæ — фæндзгæйттæ;
92
хæдзармæ — цыппæргæйттæ;
сæдæгай
хæдзæрттæм — æртыгæйттæ.
Æниу,
æвæдза, мадæн йæ хъæбул нæ мæлы. Ныййарæг йæ царды бонтæ æрвиты цæссыг
згъалгæйæ, хъæбуллæ æнхъæлмæ кæсгæйæ.
Æмдзæвгæ
«Мад». Гаджиты Георги.
Мад…
Цы ис мадæй адджындæр, кадджындæр?!
Мад…
Зæххын зæд! Хъæбулы уды рухс!
Мад
цотæн у фидар мæсыг, уыцы мæсыджы дуар та æхгæд никуы вæййы.
Мады
зарæг. Хадыхъаты Аллæ.
Мад
йæ цотæн — æнæбайсысгæ суадон. Адæймаг уарзы йæ хойы, йе `фсымæры… Фæлæ зын
сахаты агуры æхуысмæ йæ мады. Арвæй цы дур æрхауы, уый зæхх нæ уромы, фæлæ йæ
бауромы мады зæрдæ.
С.
Дзуцев.»Гыцци»
Мад…
Уый диссаг у, æвæдза! Дæ кары бацæудзынæ, уыдзæн дын цот, уæддæр ма дын дæхи
хондзæн сывæллон. Гъе уымæн ыл зарæн нæ хуыздæр зарджытæ.
Хъуысаты
Э. «Мæ уарзон гыцци».
Мад…
Цæуынхъом нал вæййы, фæхуыссы йæ сынтæджы, уæддæр йæ каст вæййы дуармæ —
æнхъæлмæ фæкæсы йæ хъæбулы фæзындмæ, иудадзын йæ зæрдæ йемæ фæдзуры!
Мады
зæрдæ, æвæдза, диссаг у! Уарзтæн — æгæрон, мастæн — фæразон, таурæгъты
дзуринаг!
Под
музыку легенда «Мады зæрдæ»
1359-æм
азы Тимур ныббырста Аланты хъæутæм. Адæм, стырæй-чысылæй, сыстадысты йæ ныхмæ.
Цыдис мæлæтдзаг тох, туг донау ивылд. Цы бакодтаиккой Тимуры æфсадæн-дыууæсæдæ
мин адæймаджы бырстой размæ, карстой адæмы. Аланты рæнхъытæ тадысты, зæхх
мæрдтæй байдзаг.
Дуне
тохы уынæрæй куы `рсабыр, уæд мæрдты астæу зылди иу сылгоймаг. Йæ хъустыл ауад
сывæллæтты кæуын. Йæ цыд фæтагъддæр кодта, æмæ йæ размæ фæци сывæллæтты къорд.
Сылгоймаг йæ дыууæ къухы уæлæмæ систа:
«О
Стыр Хуыцау, ма фесаф аланты мыггаг. Ацы сывæллæттæ-де уазæг». Æмæ сæ йæ
хъæбысы æрбакодта.
Сывæллæтты
ракодта Дыгургомы `рдæм æмæ лæгæты æрцардысты. Дыгургом хъæздыг уыд хъæддаг
дыргътæй, æмæ уыдонæй ирвæзын кодта сывæллæтты. Кæд æртон сылгоймаг уыд, уæддæр
æй сывæллæттæ хуыдтой Кæд æртон сылгоймаг уыд, уæддæр æй сывæллæттæ хуыдтой
Нана.
Азтæ
цыдысты. Нана æрзæронд. Æрхæццæ йæ адзалы сахат. Æнæхъæн Дыгургом æрцыдысты
Задалескмæ зæххон дуагæн æгъдау раттынмæ. Фæсивæд Нанайы чырын бæрзонд систой
æмæ ныззарыдысты «Нанайы зарæг».
Будайты
А. «Аланты Нана».
Задалески
Нана йæ уды хъармæй бахъахъхъæдта Ирыстоны сомбон. Мады Майрæм йæ сыгъзæрин
базыры бын бакодта Ирыстоны хуыздæр мадæлты æмæ сын балæвар кодта кадджын
хъæбулты: Хетæгкаты Къостайы, Абайты Васойы, Гергиты Валерийы, Андиаты Сосланы,
Кочысаты Розæйы, Дудараты Вероникæйы, Тугъанты Дзерассæйы, Адырхаты Светланæйы,
Хостыхъоты Зинæйы, Гæзданты Аврорæйы, Бутаты Фæтимæйы, Туаты Ольгæйы.
Уыдон
сæ диссаджы курдиатæй ляггад кæнынц Ирыстоны кадæн.
Чи
зоны, йæ уарзæгой зæрдæ уæлæуыл ныууагъта зæд — мад Аланты Нана æмæ дзы æппæт
ирон мадæлты фæхайджын кодта.
Сылгоймаг
— дирижёр Дудараты Вероникæйæн симфонион-оркестрон аивады стыр аргъ кодтой
суанг фæсæрæнты: Кубæйы, Германийы, Венесуэлойы, Данийы, Мексикæйы.
Мæскуыйы
литературæ æмæ аивады бонтæ куы цыдысты, уæд Адырхаты Светланæ, урс цухъхъайы
уæвгæйæ, равдыста балеты аивады йе стыр курдиат. Светланæ кафыд паддзахадон
ансамбль «Алан»- имæ композитор Гæбæраты Ильяйы музыкæмæ.
Уыцы
кафт уыдис Светланæйы лæвар йæ уарзон Ирæн.
Мæнмæ гæсгæ уый æмбæхсинаг нæу абоны царды мидæг, нæ кæстæр фæлтæр чиныг кæсынмæ кæй нал тырнынц, æмæ нæ ахуцрады сæйрагдæр цæджынг сабыргай лæмæгъ кæй кæны, уый. Куыд уынæм афтæмæй нæ кæстæр фæлтæры йæхимæ тынгдæр æлвасы нырыккон технологи, æмæ уыдонимæ баст у сæ миддуне. Кæстæртæн æххуысæй мах дæр хъуамæ не ׳ргом аздахæм нырыккон технологийæ пайда кæнынмæ, тынгдæр та удварны хъомыладмæ, (личность) цæмæй ахуырады мидис æмæ нысан ног кæна.
Уый нымад æрцыд сæйрагдæр универсалон ауырадон хæсыл. Удварны хъомыладыл та нымад у национ хиæмбарынад хъомыл кæнын, мадæлон æвзаг, литературæ, истори æмæ адæмон сфæлдыстад ахуыр кæныныл. Ацы уавæр амоны мадæлон æвзаг æмæ литературæйы урокты актуалондзинад, сæ ахадындзинад ахуыргæнæндæтты ахуырадон программæйы.
Удварны хъомылад æххæстгонд цæуы, ахуырдзау йæхи куыд хъуамæ дара æхсæнады, æмгæрттæ ׳хсæн, цæмæй хибарæй æвзарын фæраза царды мидæг раст фæндаг. Зона æмгæртты ׳хсæн æмгар æвзарын, хибарæй архайа царды уæззау цæлхы къæпхæнтæм схизыныл.
Федералон ахуырады стандарты мидæг ивы тынг бæрæгæй урочы нысан , ивы ахуыргæнæджы размæ æвæрд хæстæ. Кæй зæгъын æй хъæуы традицион методикæйæ мах дæттам ахуырдзаутæн нæхæдæг, ома мах «раттæм», ахуырдзаутæ та «райсой» зонындзинæдтæ цæттæйæ. Афтæмæй ахуырдзаутæ цæттæйæ райсыныл ахуыр кодтой æмæ царды мидæг дæр, ацы метод йæ куыст кодта, ома сæ иу рауад магуса, æввонгхор адæм . «Ныййарджытæ кусгæ, кæстæртæ та цæттæйæ хæргæ». Ома тынг бæрæг уыдис удгоймаджы мидуавæрыл. Фæлæ ныртæккæ та ахуырад домы ахуырдзаутæй хибарæй кусыныл фæцалх кæнын, хибарæй хатдзæгтæ кæныныл ахуыр кæнын. Сæ разы ис æвæрд ахæм домæнтæ: «Ӕз мæхæдæг ахуыр кæнын, мæн ничи ахуыр кæны». Уый, ууыл дзурæг у, æмæ нырыккон хъомылгæнæг хъуамæ зона фыццаджыдæр йæхæдæг пайда кæнын урочы мидæг ног технологийæ, уый у нæ комкоммæ хæсыл нымад. Хъуамæ зона ахуырдзауты разæнгардкæнын ахуырмæ, амона сын раст фæндаг, фæлæ йын йæхи хъуыды æмæ равзаргæ фæндаджы раз æвæрын нæ хъæуы цалхдуртæ. Цæмæй сæ уæнгты фидар кæна удгоймаг, сæ ныфс ма сæтта, сæхи нымайой хъæугæ адæймагыл йæ бинонты ׳хсæн æмæ йæ райгуырæн бæстæй тыххæй дæр. Хъуамæ тырнæм æрыгон фæсивæды курдиæттæ раргом кæныныл, уыдон махмæ цæуынц цæмæй райсой профессионалон дæсныйæдтæ, фæлæ дзы бирæтæн сæ равзаргæ дæсныйадыл сæ къах фæбыры, дызæрдыг фæкæнынц, æндæр дæсныйадмæ фехсайы сæ зæрдæтæ. Уый тыххæй фыццаг курсонтæн ныффыссын кæнын æз ирон урокыл нывæцæн (сочинени) «Мæ равзаргæ дæсныйад». Ам тынг бирæтæ фæдзурынц, мæ зæрдæмæ цæуы мæ дæсныйад, фæлæ æз ноджыдæр хъуамæ сахуыр кæнон адвокатыл, кæнæ ма æндæр исты дæсныйадыл.
Ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæнджыты ׳хсæн хъуамæ уа ахæм ахаст: «Мæ фарсмæ нæ, нæдæр мæ дæлейæ, фæлæ иумæ!» Ома абон кусæм иумæ урокыл, ды мæн хъæуыс, æз та дæу. Фæлæ уый , уый нæ нысан кæны æмæ ахуыргæнæг æмæ ахуырдзау хъуамæ иу æмвæзадыл нымад уæм урокыл, хъуамæ æмбара ахуырдзау ахуыргæнæджы рахиз къух дæн урочыл, фæлæ, уый у мæ ахуыргæнæг, хъæуы дзы æфсæрмы кæнын æмæ нымайын, хъуса йын йæ зондамонынмæ.
Технологи — у ахуыргæнæджы инструмент урокы мидæг. Уый тынг æххуыс у, уæлæмхас зонындзинæдтæ райсынæн. Цыбыр рæстæгмæ ахуыргæнæгæн йæ бон у æмæ æнæхъæн къласæй райса дзуæппытæ ног æрмæг райхалыны фæстæ, хатдзæгтæ скæной тестыты руаджы æмæ афтæ даржддæр. Тынг ахадгæ бæрæггæнæнтæ дæттынц хъазтытæ, къордгæйттæй кæнæ къæйттæй, кæфтытæ, драмон сценкæтæ, юмор, диалогтæ. Цас фылдæр фонтази уа урокыл ахуыргæнæгмæ, уыййас ахуырдзаутæ фылдæр фæкусынц урокыл.
Фæлæ, мæнмæ афтæ кæсы æмæ нæ уроктæ иууылдæр технологийы руаджы бакæнæм, уый дæр раст нæу. Хъуамæ ног æрмæгмæ дæр байхъусой, кæсгæ дæр акæнæм, райуаргæ æрмæджы фæрцы равдисæм нæ зонд, тестыты руаджы урокы мидис равдисой, фæйнæгыл дæр бакусой, цæмæй сæ сæрты мидæг æмбырд кæна фæсæвæрд дзырдтæ (запас слов). Иу темпыл урок куы кæнæм, уæд ахуырдзаутæ нал фæхъусынц, нал сæ фæфæнды кусын, æмæ сын уæд арæх се ׳ргом аздахын сфæлдыстадон куыстмæ, кæнæ сын райуарын дзырдбыдтæ, (кроссвордтæ) темæмæ гæсгæ. Уыдон тынг цæуыц сæ зæрдæмæ, уайтагъд æрцагурынц сæ тетрæдтæ, крандаштæ æмæ та сæ урокы фарстытæй сабыргай æрфæрсын, бамбарын сын кæнын урок куыннæ зонад, уæд уæ бон нæ бауыдзæн дзырдбыд скæнын, æмæ та мæ урок уæд адарддæр кæнын. (фенын кæн дзырдтыдтæй цалдæр хуызы)
Тынг арæх фæпайда кæнæм нæ уроктыл сфæлдыстадон куыстытæн нæм цы карточкæтæ ис, уыдонæй. (фенын кæн). Зæгъæм Туаты Дауыты драмæ «Сидзæргæс». Темæ куы бамбарынц, уæд сæ алы хатт бафæрсын. Куыд уæм фæкаст мæгуыр сидзæргæс Нуцайы хъысмæт, хъуамæ трагикон уыдаид? Сæ хъуыдытæ алы хатт дæр вæййынц афтæ: «Нуца хъуамæ амонд ссардтаид, йæ цоты схъомыл кодтаид. Йæ тиуы та йын алы хатт дæр æппæрццаг геройыл банымайынц». Уæд сын хæдзармæ раттын ахæм сфæлдыстадон куыст: Нуцайæн цахæм хъысмæт зæгъы дæ зæрдæ. Кæд æй алчи нæ ныффыссы, уæддæр чи æрбахæссы йæ куыст, уыдон иууылдæр Нуцайы фæнымайынц æппæлинаг фæлгонцыл, æмæ йын раттынц цæрæнбон.
Афтæ сын раттын урочы рæстæджы дæр аргъау дæхи хъуыдымæ гæсгæ æрымыс. Аргъæуттæ адæм сфæлдыстой, кæд уыдон мысыдысты, уæд махæн нæ бон нæу, æви? Бирæтæ æрымысынц, бирæтæ чиныджы аргъауæй спайда кæнынц, кæнæ йæ кæмдæр фехъуста, фæлæ æз уый дæр нымайын куыстыл. Ацы методы куыст мæнмæ гæсгæ тынг ахадгæу, логикон æгъдауæй цæмæй хъуыды кæнын фæразой.
Фæлварæны билеттæ ирон литературæйæ
11-æм къласы
1 билет
- Ирон литературæйы ахадындзинад, йæ рæзты периодизаци.
Ирон литературæ йæ равзæрдæй фæстæмæ æнгом баст у рæстæг æмæ адæмы цардимæ. Уым айдæнау нывæфтыдæй зынынц рæстæджы ивæнтæ æмæ историон цаутæ. Æхсæнадон уавæртæ куыд ивтой, афтæ ивгæ цыд литературон цард дæр, уыйадыл зæгъæн ис, æмæ ирон литературæйы истори у ирон æхсæнады истори дæр. Ирон литературæйы истори дихгонд цæуы æртæ хайыл: 1) йæ сæвзæрдæй 1917 азмæ; 2) 1917 азæй 1956 азмæ; 3) 1956 азæй абонмæ. Уыцы дих сси традицион. 1917 азы æрцыди стыр æхсæнадон цау: революци бындуронæй аивта Уæрæсейы цардыуаг, йæ социалон системæ, йæ идеологон принциптæ.1956 азы уыд компартийы 20-æм съезд. Уый рауад историон цау. Æргомгонд æрцыдысты тоталитарон системæйы хицæн хъæнтæ. Ирон литературæ дæр схызт ног идейон-аивадон къæпхæнмæ, бæрзонддæр эстетикон æмвæзадыл райдыдта йæ историйы ног заман. 20-æм азты литературæ сæйраджыдæр нывæфтыд кодта адæмы революцион тох æмæ сгуыхт, сæ историон цардвæндаг. 30-æм азты та фылдæр æвдыста бæстæйы индустрион æнтыстытæ, колхозты арæзтад, Ирыстоны культурон рæзт. Уымæ гæсгæ «Ирон литературæйы истори. 1917-1956 азтæ» дихгонд цæуы цалдæр периодыл: 1) мидхæсты дуг, 2) 20-æм азтæ, 3) æртынæм азтæ, 4) Фыдыбæстæйы хæсты дуг; 5) 40-50-æм азтæ. Бирæ фысджытæ сфæлдыстадон куыст кодтой æмæ кæнынц иу периоды нæ, фæлæ дыууæ мæ фылдæр периодты.
- Адæмы сæрибарыл тох Брытъиаты Елбыздыхъойы трагеди «Амыран» -ы.
Елбыздыхъойæн йæ фæстаг стыр аивадон уацмыс уыд трагеди «Амыран». Фыссæг ацы драмон пьесæйыл хъуыды кæнын райдыдта суанг 1909 азы. Фыст та йæ фæци 1921 азы. «Амыран»-ы иумæйаг сюжет ист у ирон адæмон сфæлдыстадæй. Хуымæтæг æмæ хæрзаив сты йæ сюжет æмæ композицион арæзт дæр. Фыййау Бесæ бахауд бæрзонд хæхты цъасмæ. Уым банызта титан Амыраны туг æмæ цæссыгæй. Базыдта, Амыран, адæмы хæрзгæнæг, адæмæн уæлæрвтæй зынг чи раскъæфта, уый баст кæй у æфсæн рæхыстæй лæгæты, æмæ йын уари йæ игæр кæй хæры. Бесæ ацы хабар куы базыдта, уæд сфæнд кодта Амыраны фервæзын кæнын, фæлæ хъамайы иугай цæфтæй ахæм стыр хъуыддаг нæ хицæн кæны. Æмæ райдыдта Бесæ кусын Амыраны ссæрибар кæныныл. Уыцы куыст æй фæхицæн кодта йæ бинотæй, йæ хъæубæстæй. Сарæзта Бесæ ирвæзæн рæхыс æмæ йæ схаста Амыраны лæгæтмæ. Фæлæ ам хъæууон адæмы фæдисы хъæрмæ фæкаст фæстæмæ. Уый уыдис Бесæйы мæлæт, арв æй æрцавта æмæ фæмард. Лæгæты дуæрттæ ахгæдтой. Фæлæ уыйхыгъд Амыраны туг æмæ цæссыгты суадонæй банызтой Бесæйы фырт Цопан æмæ хъæууон лæг Саго. Амыран пьесæйы у адæмы сæрибары символ. Адæмы сæрибар байстой Хуыцау, Бæстыхицау æмæ дæлимонтæ. Адæм цардысты фосы цардæй – æнæ арт, æнæ фæздæг. Иухатт Амыран талынг æхсæв иу бæрзонд къæдзæхы сæр федта уæларвы дæуджытæн нывонд арт æмæ сфæнд кодта уырдыгæй адæмæн цъæх арт æрхæссын. Адæм арт фæйнæрдæм ахастой, фæлæ Амыраны дауджытæ Куырдалæгоны рæхыстæй бафидар кодтой къæдзæхмæ. Сæрибары стыр ныфс хъуысы Цопаны фæстаг ныхæстæй. Уый ныххæцы Ныфсы къухыл æмæ йæ йемæ акæны. «Ацы драмæйы Елбыздыхъо систа ирон литературæ æппæт адæймагады проблемæты бæрзæндмæ»-, зæгъы зындгонд ирон критик Тыбылты Алыксандр.
- Нырыккон ирон поэзийæ иу æмдзæвгæ зæрдæвæрдæй (наизусть) бакæсын.
2 билет
- Ирон адæмы дзургæ сфæлдыстады хуызтæ æмæ сæйраг жанртæ. Нарты кадджытæ – ирон адæмы эпос. Йæ сæйраг æууæлтæ.
Хъæздыг æмæ бирæкъабазджын у ирон фольклор — адæмон дзургæ сфæлдыстад. Ис дзы ахæм хуызтæ – жанртæ: кадджытæ æмæ таурæгътæ, аргъæуттæ æмæ æмбисæндтæ, хъарджытæ æмæ зарджытæ, уыци-уыцитæ æмæ æндæртæ.
Ирон адæмы сфæлдыстадон хъару, сæ поэтикон культурæ, се взаджы мадзæлттæ æппæты ирддæрæй зынынц номдзыд Нарты эпосы. Нарты фæлгонцты адæм сныв кодтой сæ идеал.Уыцы хабæрттæ сты нæ фыдæлты мифтæ. Эпосы хуызджынæй зынынц нæ адæмы æгъдæуттæ. Сæ фæд дзы ныууагътой историон цаутæ. Нарты кадджытæ сты зонды хæзнадон, хъомылады ахъаззаг фæрæз. Нарты сæйрагдæр моралон домæн у патриотизм. Нæртон æгъдæуттæй фæзминагыл нымад сты намыс æмæ рæстдзинад. Рæсугъд æмæ фæзминаг у нæртон уæздандзинад. Йæ сæйраг нысæнттæ сты: хистæрæн аргъ кæнын, кæрæдзимæ хъусын, гуыбыныл хæцын, сылгоймагæй аргъуц кæнын. Кады хъуыддаг сты нартæм курдиат æмæ аивад. Уæрæх æмæ рухс у Нарты дуне. Сæ хæтæнтæ сты хæхтæ æмæ тыгъд быдыртæ, арв æмæ денджызтæ. Эпос хъæздыг у оптимизм, уарзт æмæ хæлардзинады мотивтæй. Абайты Васо фыссы, зæгъгæ, кард æмæ фæндыр сты Нарты царды символтæ: кард – æхсары нысан, фæндыр – аивады нысан. Нарты кадджытӕ дих кӕнынц 5 циклыл:
1.Уӕрхӕг ӕмӕ йӕ фырттӕ. 2.Уырызмӕг ӕмӕ Сатана. 3. Хӕмыц ӕмӕ Батрадз. 4. Сослан. 5. Сырдон.
Нарты кадджыты сӕйраг хъайтартӕ сты :
Уырызмæг -Нарты зондамонӕг, сӕ кадджын хистӕр, фӕразон.
Хæмыц -Нарты хистæртӕй, Уырызмӕджы кӕстӕр ӕфсымӕр.
Сослан -хъӕбатыр, ныфсхаст, ӕндонӕй сӕрст, ӕрхъуыдыджын.
Батрадз — аипп кӕмӕ нӕй ,ахӕм болат гуырд , тохкодта уӕйгуыты, зӕдты, хуыцӕутты ныхмӕ.
Сырдон -Нартӕн фыдбылызтӕ аразӕг, цыргъӕвзаг, цыргъзонд адӕймаг.
Сатана -Нарты ирвæзынгӕнӕг стонг заманы, зондджын, кӕрдзындӕттон.
Нарты кадджыты ’вдыст ӕрцыд нӕ рагфыдӕлтӕн сӕ тых, сӕ зонд, сӕ хъару, сӕ цард ӕмӕ сӕ культурӕ.
Нарт дих кодтой:
Æртæ сыхыл: Æртæ мыггагыл:
1. Уӕллаг Нарт. 1. Борæтæ -уыдысты фӕрныг, мулкӕй хъӕздыг.
2. Астӕуккаг Нарт. 2.Ӕхсæртæгкатæ — хъӕбатыр мыггаг.
3. Дӕллаг Нарт. 3. Алæгатæ- лӕгӕй хорз
Эпос «Нарты кадджытæ» у ирон фольклоры стырдæр хæзна. (Иу кадæг радзурын.)
- Гæдиаты Цомахъ. Национ иудзинад æмæ сæрибары идейæтæ трагеди «Ос-Бæгъатыры».
Цомахъы драмæ «Ос-Бæгъатыр» мыхуыры рацыд 1929 азы. Архайд цæуы Иры хæхты æмæ Гуырдзыстоны. Цы уавæры ис Ирыстон? Цæгатæй йæ æлхъивынц тæтæр (монголтæ), кæсæг, хуссары – гуырдзыйы æлдæрттæ. Иннæрдыгæй йæм лæбурынц цæцæн. Бырсынц нæ цæрæнтæм, тæрынц нын нæ фос, адæмы ахæссынц цагъарæн. Ахæм уавæрты хæлы адæмы фарн. «Къордтæ фестæм. Асасти нæ тых, нæ хъару», — хъаст кæны быдыры минæвар. Цæмæн афтæ у? Фыццаджыдæр, уымæн, æмæ ирон адæмæн нал уыд паддзахад. Паддзахад цæмæй уа, уымæн та хъæуы хорз æфсад æмæ хорз закъонтæ. Ос-Бæгъатыр у сæрибар хæххон иры фæтæг, раздзог. Арæх цæуы балцы æмæ стæры, цæуы фос фæкæнынмæ, фылдæр хатт та тыхгæнджыты тых сæттынмæ. Ос-Бæгъатыр хæцы йæ адæмы знæгты ныхмæ. Гуырдзыйы æлдæрттæ адæмы æфхæрынц, фосы бынаты сæ сывæрдтой. Ахæм фæтк æрæвæрын сæ фæнды Хуссар Ирыл дæр. Гъе уый фæдыл у йæ хæстон балц Гуырдзымæ. Æлдары фидар басаста, йæхи йын амардта. Суæгъд кодта æфхæрд æмæ ахст адæмы æлдары ныггæндæй – ирæтты æмæ гуырдзийæгты дæр. Æлдары чызг Кетеванæн та ныфсытæ æвæры. Ос-Бæгъатыр мастисæг нæу, уый у рæстдзинад æвæрæг. Йæ хæст цæуы æнтыстджынæй, фæлæ Гуырдзыстоны паддзахаддæр йæ куыст кæны. Сауджын æмæ Нанайы фæндæй Гæба хъуамæ суа æлдар.Ос-Бæгъатырмæ фæзынд ног бæллиц æмæ мА кæд гуырысхо кæны, уæддæр фæзынд Кетеван æмæ йæ сразы кодтой Нанаимæ гуырдзиаг æлдæрттимæ фидауыныл. Уый уыд йæ сæфты фæндаг. Гуырдзиаг æлдæрттæ йæ фæсайдтой æмæ йæ амардтой. Ос-Бæгъатыр хинæй мард æрцыд.
- Нырыккон ирон поэзийæ иу æмдзæвгæ зæрдæвæрдæй (наизусть) бакæсын.
3 билет
- Плиты Грис. Фыдыбæстæйы хæсты темæ Грисы сфæлдыстады. Балладæ «Авд цухъхъайы». Мады уавæр, йæ фыртты кады мæлæт.
Плиты Грис уыди стыр патриот æмæ поэт.. Грисы курдиат райхъал хæсты уынæрæй, бахсыст хæсты цæхæры, срухс и хæсты трагизмæй. Грис хæцæг æфсады бавзæрста адæмы хъизæмар, æвдисæн уыд адæмы лæгдзинадæн. Грисы салдат у патриот, намысджын хæстон. Поэт ын æргом кæны йæ хъæздыг миддуне, йæ национ удыхъæд, йæ бæрзонд идеалтæ.(«Салдат»,«Уæлахизы кадæг», «Хæцæны», балладæ «Авд цухъхъайы»)
Балладæ «Авд цухъхъайы» аивадон гæнæнтæ иу кæнынц эпикæ æмæ лирикæйы фæрæзтæ. Грис мад æмæ йæ хъæбулты трагеди систа стыр поэзийы æмвæзадмæ. Поэт ссардта ахъаззаг формæ. Фыдыбæстæйы сæраппонд сæ цард цы авд æфсымæры (Гæздæнты авд æфсымæры (Мæхæмæт, Дзæрæхмæт, Хадзысмел, Махарбег, Самил æмæ Созыр, Хасан)Дзуарыхъæуæй) радтой, уыдоны сгуыхтытæ равдисын. Мадæн йæ фыртты фæлгонцтæ бацыдысты сæ цухъхъаты хуызы. Мад æрвылбон семæ ныхас кæны. Сæ ныхас у зæрдæбын, æргом кæны арф æнкъарæнтæ, мады æгæрон хъыг æмæ æнæмæлæт хъайтарты патриотизм. Балладæ у сюжет кæм ис, ахæм лирикон уацмыс. Балладæ æвдисы таурæгъон кæнæ историон цаутæ, кады сгуыхтытæ, йæ хъайтартæн вæййы æнахуыр диссаджы хъысмæттæ.
(«Авд цухъхъайæ» скъуыддзаг наисусть)
- Джыккайты Шамил. «Хъодыгонд зæд». Патриотизм æмæ национ иудзинады идейæтæ трагедийы. Фæтæг Борæханы идеалон фæлгонц.
Кæддæр йæ ном æгас Европæ æмæ Азийыл кæмæн ныхъхъæр, уыцы Аланты паддзахадыл XIII æнусы æрцыди стыр бæллæх: манголты æрдонгтæ йыл туджы зæйтæ рауагътой. Ир къордтæ – дихтæ ныййисты. Се ‘лдæртты фылдæр хай сæхи радтой тыхгæнджыты къухмæ, фæсдзæуинтæй сын ныллæууыдысты.
«Хъодыгонд зæд» у Шамилы фыццаг драмон уацмыс. Æрыгон драматург мæт кодта, йæ хъуыдытæ цы хуызы равдиса, цæй фæрцы, цавæр сюжет, цавæр архайд ын æрхъуыды кæна, йæ архайд ын сбæтты Аланты паддзахадæн йæ тæккæ зындæр æмæ тугкалæн цауимæ.
Йæ сюжет цыбыртæй у афтæ:
Борæхан – Аланийы фæтæджы фырт – æрыздæхт йæ фыды уæзæгмæ æцæгæлон бæстæты дард балцæй æмæ йæ æрæййафы тынг зын уавæры, змæст рæстæджы. Цалынмæ Борæхан балцы ром æмæ бердзентæм цыдис, фæрныг адæмыл зондагур зылдис, уæдмæ йæ фыд мард æрцыдис, адæм та хуыдуг кодтой Сыгъзæрин Ордайы æфсондзы бын. Бæстæ ныммур, ныддихтæ ис, алыран – хæстытæ, цагъардзинад. Æмæ Борæханы бынат бацахста бонджын Атох. Уый афтæ æнхъæлдта, æмæ фæтæджы фырт никуыуал æрыздæхдзæн йæ балцæй. Борæхан тынг ныфсджынæй æрцыд йæ райгуырæн зæхмæ, уыд æвдисæн æндæр адæмты историон тохы хъæбатырдзинæдтæн, фехъуыста Куликовы быдыры уырысы уæлахиздзинад. Æмæ куы федта, цавæр уавæры ис йæ бæстæ, уæд йæ зæрдæ байдзаг арф патриотон æнкъарæнтæй. Йæ хъуыдыйы ис Аланыстон йæ къæхтыл слæууын кæнын, мангойлаг залымæй йæ фервæзын кæнын. Атох æмæ йæ хъузæттæ Борæханы ныхмæ слæууынц. Фæлæ уæддæр Борæханы зæрдæ ссудзы арф патриотон æнкъарæнтæй. Патриотизм ахъаз у адæймагæн йæ хуыздæр миниуджытæ раргом кæнынæн. Раргом вæййынц Борæханæн йæ æмбæхст миниуджытæ. Йæ зæрдæйы тохы арт пиллон суадзы, куы фехъусы, адæм кæй бамбæрстой сæ цагъарад, кæй сразы сты сæрибарыл тохмæ цæуыныл.
Шамиль трагеди куы фыста, уæд йæ сæйрагдæр бæллиц уыд, цæмæй Борæханы дзыхæй зæгъа, цы хъуыдытæ йæм уыди, уыдон. Борæханмæ ис фæнд: «мæсыгæн æрæвæрын бындур», «цъæх дурыл» ныффыссын фæрныг дзырдтæ: Кæнæ сæрибар, кæнæ мæлæт. Борæхан аразы мæсыг, сиды иудзинадмæ, уымæн æмæ мæсыг у иудзинады символ, сæрибары символ, тохы символ. Уый ахæм хъайтар нæу, æрмæстдæр йæ паддзахад сфидар кæныныл чи хъуыды кæны. У философ, растхъуыдыгæнæг, расттæрхонгæнæг, æмæ уымæн у зæд. Атох æмæ Дзуары лæг адæмы хъуыды сзыгъуыммæ кодтой, адæм нæ бамбæрстой, цæмæн хъæуы мæсыг, баууæндыдысты сыл , хъоды бакодтой Борæханыл. Борæхан та йæ нысан уыдта, адæмы уыцы фынæйæ райхъал кæнын.
- Нырыккон ирон поэзийæ иу æмдзæвгæ зæрдæвæрдæй (наизусть) бакæсын.
4 билет
- Æгъуызаты Иуанейы культурон æмæ æхсæнадон куыст. Авторы патриотизм æмæ гуманизм поэмæ «Алгъуызы кадæджы».
Æгъуызаты Гиуæргийы фырт Иуане (йе цæг мыггаг уыд Гæбæратæй) райгуырд 1775 азы Хуссар Ирыстоны Залдайы хъæуы.1798 азы ахуыргæнæгæй кусын райдыдта Душеты. Иуане хорз зыдта æртæ æвзаджы: ирон, гуырдзиаг æмæ уырыссаг. 1815 азы куыста тæлмацгæнæгæй Тифлисы. 1820 азы та райдыдта кусын ахуыргæнæгæй Калачы дины семинары. Архайдта ирон сабиты семинармæ исын æмæ ахуыр кæныныл. Иуане йæ мæлæты онг йæ царды бæрзонд нысаныл нымадта, хæхты цъассытæм ахуырдзинады цырагъ бахæссын. Уый сарæзта ирон алфавит гуырдзиаг графикæйы бындурыл, тæлмац кодта дины чингуытæ.Сарæзта ноджыдæр райдиан скъолатæн абеты чиныг – дамгъуат. Саразын ма кодта иу скъола Чеселтгомы. Æппæт уыцы хабæрттæ дзурæг сты ууыл, æмæ Иуане, йæ хъуыддæгтæм гæсгæ, рухстауæг, кæй уыд. Иуане ныффыста кадæг «Алгъузиани» гуырдзиаг æвзагыл. Ирон æвзагмæ йæ ратæлмац кодта Бестауты Гиуæрги 1962 азы. «Алгъуызы кадæг» — йæ номæй дæр бæрæг у – йæ нысан у ир æмæ кæсæджы паддзах Алгъуызы хъæбатыр фæлгонц сныв кæнын. Уый сгуыхтдзинæдтæ, йæ рæстдзинад, йæ хæрзвæндон æмæ хæрзæгъдауæн кад скæнын. Алгъуыз та æвдыст у хъæбатыр адæмы хъæбатыр фæтæгæй. Кадæг арæзт у цыппар хайæ. Бердзенты паддзах Августы хистæр фырт Алгъуыз йæ фыдмæ нæ байхъуыста, бауарзта Кесар-ханы чызг Этеры æмæ йæ аскъæфта, кæд æмæ уый æндæр диныл хæст уыди, уæддæр. Ныууагъта йæ мад æмæ фыды кæугæйæ æмæ ацыд дард Кавказмæ. Кесар-ханы фæдисæтты куы ныццагъта , уæд. Ам сси кæсæг æмæ иры паддзах.Дыккаг æмæ æртыккаг хæйтты æвдыст цæуынц Алгъуызы хъæбатыр тохтæ æндæр паддзæхтимæ. Хабæртты цыппæрæм къорд баст у Алгъуызы мæлæтимæ. Алгъуыз ныццыд Амосармæ, иууылдæр йæ размæ рацыдысты, æрмæст Аслан Гамрекъели нæ разынд се хсæн. Рамæсты йæм Алгъуыз, сфæнд кодта дыккаг бон Гамрекъелийы æрцауындзын, фæлæ йæм уый фæраздæр æмæ йæ амардта. Æрбаластой йын йæ мард йæ райгуырæн бæстæмæ йе фсин уый куы базыдта, уæд йæ зæрдæ ратыдта.Алгъуызы мæлæтæн йæидеологон аххоссæгтæ сты æртæ хъуыддаджы: йæ ныййарджыты фæндоны сæрты ахызт, æндæр диныл хæст чызджы раскъæфта, йæ хицауы ныхмæ цы цагъар рацыд, уый бахъахъхъæдта. Хуыцауы барвæнд æмæ рæстдзинадыл баст у адæймаджы хъысмæт. Адæймаг Хуыцауы фæдзæхстытæ æмæ рæстдзинады сæрты куы ахизы, уæд баййафы «карз æфхæрд», ссары адзал.
- Булкъаты Михал. Роман «Теркæй-Туркмæ»-йы историон цаутæ. Уацмысы конфликт æмæ ныхмæвæрд фæлгонцтæ.
19-м æнусы райдианы райдыдта Кавказы адæмты хæст Уæрæсейы паддзахы ныхмæ. Йæ сæргъы æрлæууыд дагъистайнаг имам Шамиль. Хæст уыд дæргъвæтин, йæ фæстæ ирæтты иу хай райста пысылмон дин. Уыдон тарстысты, сæ дин сын чырыстон динимæ куы сæмхæццæ кæной, уымæй æмæ сагъæсы бацыдысты. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы идейæтæ парахат кодта паддзахы администраци. Уый йæ колониалон политикæ хъахъхъæнгæйæ, стæй хæххон адæмты ныссабыр кæныны тыххæй сразæнгард кодта Кавказаг адæмты егъау хай Туркмæ алидзыныл. Уыдонимæ ирон адæмы иу хай дæр. Уыцы хъуыддаг хæсгонд æрцыд паддзахы æфсады инæлар Куындыхаты Муссæйæн. Кæсæм уæды рæстæджы сусæг писмо: «Уыцы хъуыддаджы бæрны уый йæхæдæг (Куындыхаты Муссæ) цæуы æмæ сусæг мадзæлттæй спайда кæныны фæстæ сæрды мæйты 3 мин хæдзарæй къаддæр кæй нæ акæндзæн, ууыл гуырысхо нæ кæны…». Афтæмæй ирон адæмы иу хай Туркмæ хуыздæр цардæнхъæл аивылд. Уый уыд ирон адæмы трагеди. Ирон лигъдæттæ фыдæнхъæл фесты, цы дзæнæты бæстæйæ сын ныфс æвæрдта Муссæ, стæй моллотæ дæр, уымæй. Бæргæ ма чидæртæ афæнд кодтой фæстæмæ раздæхын, фæлæ уый æнцон хъуыддаг нæ уыд. Кæй зæгъын æй хъæуы, туркаг ирон адæмæн Муссæйы ном сси æлгъыстаг («Уæ, Муссæ, дæ хъæбул амæла»).
Уацмысы ныхмæвæрд фæлгонцтæ сты Куындыхаты Муссæ æмæ Мамсыраты Темырболат. Уымæ гæсгæ дих кæнынц уацмысы иннæ персонажтæ дæр. Иуæрдыгæй — Муссæ, Лорис-Меликов, Садуллæ, Хъази, Афæхъо. Иннæрдыгæй — Темырболат, Хъуыбады, Махмуд, Таза, Алхаст, Æна, Тепса, Бæтæхъо, хъæубæсты адæм. Ацы дыууæ къорды ‘хсæн цæуы тох. Уыцы ныхмæлæудыл арæзт у уацмысы сæйраг конфликт, дæр.
- Нырыккон ирон поэзийæ иу æмдзæвгæ зæрдæвæрдæй (наизусть) бакæсын.
5 билет
- Кочысаты Розæ – фыццаг ирон сылгоймаг-драматург æмæ публицист. Пьесæ «Гæды лæджы» фольклорон бындур.
Кочысаты Розæйæн йе сфæлдыстадон куыст у хæрз цыбыр. 1905 азы ныффыста æдæппæт æртæ пьесæйы: «Гæды лæг, кæнæ нæ пъырыстыф сæрра», «Мæ уарзондзинад æви мæ фыды ныхас», «Зæхх – ме вдисæн, хур – мæ комдзог». Уый размæ аз Ольгинскæйы æвæрд æрцыдысты Брытъиаты Елбыздыхъойы фыццаг пьесæтæ «Уæрæседзау» æмæ «Худинаджы бæсты – мæлæт». Уымæ гæсгæ хъæуы скъоладзау чызджытæ сарæзтой драмон къорд, Розæ йæхæдæг дæр уыцы къорды архайдта. Афтæмæй ирон чызджытæ сæхицæн фæндаг сарæзтой театры аивадмæ дæр æмæ драматургимæ дæр. Розæ ма фыста публицистон уацтæ дæр…
«Гæды лæг. Кæнæ нæ пъырыстыф сæрра» йæ жанрмæ гæсгæ у скетч – чысыл, худæг ныв. Амад у ирон адæмон хъæлдзæг ныхасы (анекдоты) бындурыл.
Расыггæнаг, фæлæ цыргъзонд æмæ хин лæг Умархан ссардта æхцатæ. Зоны йæ, йæ ус æдылыдзæф æмæ дзæгъæлдзых у. Куы йын схъæр кæна хъуыддаг,ыл комдзог рацæудзæн. Уый барæй æнгуырыл тæрхъус бакодта, къæппæджы та кæсаг нывæрдта æмæ хабар йе фсинæн радзырдта. Йæ уæлвæд æддейæ гæдыты уасын куы æрбайхъуыст, уæд загъта: «Уый нæ пъырыстыф сæрра, æмæ йæ сбастой æмæ йæ нæмгæ, хъыллистытæгæнгæ, фæтæрынц». Ацы мæнг ныхæстæ фервæзын кодтой Умарханы йæ усы æдылы æвзагæй æмæ æдылы пъырыстыфы дзæмбытæй. Фервæзт Умархан йæ зонды фæрцы. Худæг ныв амад у дзырды юморыл, стæй адæймаг, цы нæу, йæхи уымæй куы вдиса, уæд уый худæгдзинадыл.
- Къубалты Алыксандры кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ» — йы æфхæрды ныхмæ тохы мотивтæ.
Кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ» арæзт у цыппар хайæ. Фыццаг – Госæма æмæ йæ фæдзæхст авдæны баст Хæсанæйæн; дыккаг – Хæсанæйы хæст Мулдарты мыггаджы ныхмæ; æртыккаг – фæстæмæ та райдайæны уавæр, мад хæцы йæ фыртмæ, фæлæ куы базоны, Мулдартæ цагъды кæй фесты, уый, уæд циныл фæвæййы, цæмæй та уысмы бæрцмæ æрдиаг кæнын райдайа Хæсанæйы марды уæлхъус.
Кадæджы мидис цыбырæй: Мулдартæ амардтой Æфхæрдты Солæманы (Хæсанæйы фыды)цуаны рæстæджы, иунæг кæй уыд, уый ныфсæй, Мулдарты Хъуыдайнат ын бафхæрдта йæ ус Госæмайы, фæлæ йæ уый барæхуыста хъамайæ æмæ ралыгъд æхсæвыгон тар хъæдмæ. Ам лæгæты æрцард, хъомыл кодта йæ фырт Хæсанæйы, цæттæ йæ кодта йæ фыды туг æмæ йæ мады æфхæрд райсынмæ. Хæсанæ бахъомыл æмæ райста йæ фыды туг, нæ ныббарста Мулдартæн йæ мады æфхæрд. Фарасты дзы амардта, фæлæ йæхæдæг дæр фæмард. Йæ тох у рæстаг, фæлæ ахызт рæстдзинады сæрты, йæ масты фæдыл ацыд æмæ æнаххос туг кæй ныккалдта, уый тыххæй фæмард. Госæма фыццаг хатт бацин кæны, куы базоны Хæсанæ Мулдарты ныццагъта, уый, фæлæ йын бирæ нæ ахаста Хæсанæйы мæлæт ахицæн кодта уый хъысмæт дæр.
- Нырыккон ирон поэзийæ иу æмдзæвгæ зæрдæвæрдæй (наизусть) бакæсын.
6 билет
- Гæдиаты Секъа. Уарзондзинады уæлахиз радзырд «Азау»-ы.
Патриархалон дунейы алчи йæхи маарыхъæздыгдзинады, мулкыл, сæ уарзон зæнæджы дæр уæй кæнынц фосыл-ирæдыл, куы йæ фæзонынц, уымæй сæ æнамондыл æфтауынц,уæддæр. Секъайы ацы хъуыдыйæн æвдисæн у йæ радзырд «Азау».
Хуымæтæг у «Азауы» сюжет. Дыууæ æрыгон адæймаджы — Азау æмæ Таймураз сæ кæрæдзи уарзынц. Чысылæй фæстæмæ иумæ хъомыл кæнынц, сæ ныййарджытæ фидыд сты Азау мæ Таймураз лæг æмæ ус кæй уыдзысты, уый тыххæй. Афтæ зыны. Цыма сæ амонды ныхмæ ницы лæууы, фæлæ Таймуразы фыды зæй фæласта æд фос. Хæдзары мА цы муртæ уыд, уыдон бахъуыдысты хистытæн. Азауы мад æмæ фыды цæстæнгас цæхгæр аивта, уыдон стыр ирæд хъæуы сæ чызгыл, таймураз та ны у мæгуыр, цы бафида, уый йæм нæй. Боба йæ чызджы радта хъæздыг мыггаг Биганатæм «дæс æмæ æртиссæдз хъугыл». Нæ баци Таймураз æмæ Азауæн сæ амондыл сæ къух сисын. Аскъæфта Таймураз Азауы, фæлæ сæ амонд нæ фæрæстмæ, скъæфджытæ цагъды фесты. Азау æмæ Таймураз фæхицæн сты. Таймураз йæ мадырвадæлтæм бафтыд Урстуалтæм, Азауы та гуырдзиаг фыййæуттæ акодтой семæ тыхæй. Хицæнтæй цæрын нæ бафæрæзтой Азау æмæ Таймураз. Амард Таймураз йæ мастæй, Азау уый куы базыдта, уæд йæ маст нал баурæдта æмæ йæ зæрдæ аскъуыд. Дыууæ уарзоны кæрæдзи нал федтой, æрмæст мА Азау йæ зæронд фæлмæцыд стджытæ Таймуразы ингæны цур ныккалдта.
Дыууæ уарзоны ныхмæ слæууыдысты фыдæгъдæуттæ – (ирæд, хъоды бакæнын) мæгуырдзинад, тугкалды тас, фæлæ уæддæр нæ систой сæ къух сæ уарзондзинадыл. Хъазуат тохы бацыдысты æппæты ныхмæ, фæлæ сæ бон нæ баци «рæхыс — бæттæнтæ» атонын.
- Патриотизмы мотивтæ Илас Æрнигоны æмдзæвгæтæ («Сомы», «Хæрзбон», «Гъæйтт, цы фестут!», «Сагъæс»).
Илас Æрнигон (Тогызты Газакк) уыд стыр ахуыргонд адæймаг. Зыдта китайаг, япойнаг æмæ корейаг æвзæгтæ. Уый уыдис дæсны лингвист. Уый æнæкæрон уарзтæй уарзта йæ Райгуырæн бæстæ æмæ Ирыстонæй куы ахицæн, уæд мысыд йæ Райгуырæн бæстæ æмæ уымæй райгуырди йæ диссаджы патиротон поэзи. Ацы темæ Иласы сфæлдыстады райдыдта æмдзæвгæ «Хæрзбон»-æй. Нæ йæ фæнды цæуын искуыдæм æмæ уынгæг хъæлæсæй дзуры «хæрзбон» йæ фыдæлты зæххæн. Ацыд, ахицæн йæ фыдæлты уæзæгæй æмæ йæ царды хуыздæр азтæ (23 азы) арвыста æцæгæлон зæххыл.
Хæрзбон! Хæрзбон! Мæ цард мæ суры,
Фæрыст мæ зæрдæ, мæ. Цæуын…
Фæстаг хатт абон æз уæ цуры
Лæууын, мæ хæхтæ, мæ кæуын.
Иттæг зæрдиагæй фæндыдис Илас Æрнигоны Ирыстоны ном бæрзонд куы уаид йæ хъæбулы лæггады фæрцы, уый æмæ сидти:
Гъæйтт, цы фестут, цæйут, размæ
Цомут иумæ мах æнгом!..
Æрнигон цæттæ уыд йæ фыдызæххы сæрыл йæ уд раттын. Афтæ йе мдзæвгæ «Сомы»-йы фыста
Мæ бæстæн æргомæй Мæ бæстæн кæронмæ
Æз карз дзырд дæттын Мæ зæрдæ, мæ зонд
Ирыстон, дæ номæй Мæ хъаймæты бонмæ
Мæ сомы бæттын Кæнын æз нывонд.
- Нырыккон ирон поэзийæ иу æмдзæвгæ зæрдæвæрдæй (наизусть) бакæсын.
7 билет
- Брытъиаты Елбыздыхъо – ирон театр æмæ драматургийы бындурæвæрæг. Ирон сылгоймаджы хъысмæтыл сагъæс драмæ «Дыууæ хойы» — йы.
Брытъиаты Цопаны фырт Елбыздыхъо йæ цæсты рухс, йæ зонды тых, йæ зæрдæйы уарзондзинад – æппæт дæр снывонд кодта ирон драматурги æмæ иро театр саразынæн. Бирæ не сты Елбыздыхъойы драмон уацмыстæ. Авд пьесæйы («Уæрæседзау», «Худинаджы бæсты – мæлæт», «Хазби», «Дыууæ хойы», «Маймули рухсаг, æгас цæуæд ирон театр», «Налимтæ», «Амыран»), фæлæ стыр у сæ нысаниуæг ирон национ культурæйы. Елбыздыхъойы уацмыстæй райдыдта ирон драматурги, уыдон бындурыл сырæзт ирон драмон театр. Фæлæ уыдонæй адæмæн тæккæ уарзондæр фæци драмæ «Дыууæ хойы». !907 азы Назраны фидары куы бадт, уæд ныффыста ацы пьесæ. Драмæйы мидис хæрз цыбыртæй у афтæ: Дыууæ сидзæр хойы Хансиат æмæ Асиат цæрынц сæ фыдыфсымæр Тæтæрхъаны хæдзары (сæ ныййарджытæ амардысты). Драмæйы райдайæны уынæм Асиаты аскъæфтой Ханæгаты лæппутæ, фæдисæттæ йæ байстой. Асиат уарзы Пупæйы, Тæтæрхъаны та фæнды Асиаты Лакатæм раттын стыр ирæдыл. Асиат разы нæу. Чызджыты мады фсымæр Хъамболат уыцы хъуыддаг раргом кодта æмæ чызджыты сæхимæ акодта. Тæтæрхъан та сæ фæстæмæ æрбасайдта, цæмæй сæ аскъæфын кæна Касалтæ æмæ Лакатæн. Æрбабырстой скъæфджытæ æмæ чызджыты ахастой. Хъамболат фæдисы рацыд æмæ амардта Касалы фырты, фæлæ уæдмæ Хансиат йæхи былæй аппæрста æмæ амард. Асиаты фæдисæттæ Лакатæй байстой. Пупæ амардта Бибойы. Сæ цард баиу кодтой Асиатимæ. Ууыл драмæ фæцис, ног рæстдзинад, ног зонд æмæ æгъдауы уæлахизæй. Драмæйы конфликты сæйраг мидис сты сылгоймаджы бартæ. Уыдон сæрыл тох æмæ комкоммæ та дыууæ сидзæр хойы хъысмæт. Хансиат æмæ Асиат ног идеалтыл хæст сты, бæрзонддæр сты се хсæнæдæй. , алкæмæн дæр дзы ис йæхи характер. Хансиат аст азы хистæр у, зоны сылгоймаг цагъар кæй у, мæ йæ фæнды йæ кæстæр хойы цард сæрибар æмæ барвæндонæй саразын æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта, кæд йæхи былæй аппæрста, уæддæр. Асиат у йæ хойæ хъæздыгдæр, уый æцæг амонд фæци, йæ уарзон Пупæйы фарсмæ лæууы сæрыстырæй, амондджынæй.
- Кочысаты Мухарбеджы поэзийы сæйраг мотивтæ.
Кочысаты Георгийы фырт Махарбег райгуырди 1920 азы 1-æм майы Ольгинскæйы. Каст фæци хъæуы скъола, каст æй куы фæци уæд бацыд педагогон техникумæ, уый фæстæ та 1938 азы ахуыр кæнын райдыдта педагогон институты. 1941 азы сентябры барвæндæй ацыд хæстмæ.1944 азы фæмард Украинæйы. Мухарбег æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта техникумы ма куы ахуыр кодта, уæд.Фыдыбæстæ æмæ патриотизм систы Мухарбеджы зарæджы сæр. Æмдзæвгæтæ «Адæмы маст», «Мæ хæс», æвдисынц адæмы фарныл тох. Патриотизмы зарæг у æмдз. «Фыдыбæстæ»1942 аз. Ныййарæг зæхх æппæтæй зынаргъдæр кæй у, уыцы хатдзæг свæййы философон идейæ. Сывæллоны уарзтау хуымæтæг æмæ сыгъдæг у поэты «Фæстаг салам».
Мыййаг хæсты быдыры искуы
Куы фæуон мард
Æмæ куы аскъуыйа æмбисыл
Мæ рæзгæ цард…
Йæ хæстон зарæджы ног хуызы айхъуысы уарзты мотив: «Дæ уарзонад – мæ ныфс», «Ма кæн хъыг». Поэтæн цин хæссынц фидауц æмæ уарзт. «Æз федтон дæу…». «Æз уарзын», «Ныббар мын», «Уарзонмæ Ирон литературæйы уæлдай ирдæй зынынц æмдз. «Бахсæв и» æмæ «Сау цæстытæ». Уарзт цин мæ рыст у. Сæрыстыр лæппу сæтты йæ рыстыл, фæлæ буц у йæ уарзтæй. Йæ лирикон æмдзæвгæтæ сты аив, нывыл нывæст, ис сын этикон æмæ эстетикон ахадындзинад. Мухарбеджы поэзийы уарзты æмрæнхъ цæуы мады темæ («Хъæмæ», «Фыстæг мæ мадмæ»). Поэт йæ уавæр уыны мады зæрдæйы, мады сагъæсты фæрцы æргом кæны йæхпи æнкъарæнтæ.
(Иу æмдзæвгæ Мухарбеджы сфæлдыстадæй наизусть бакæсын).
- Нырыккон ирон поэзийæ иу æмдзæвгæ зæрдæвæрдæй (наизусть) бакæсын.
8 билет
- Токаты Алихан. Фыццаг ирон сонет «Цыкурайы фæрдыг». Тохы пафос æмдзæвгæйы.
Токаты Алихан уыд стыр курдиаты хицау. Фыста æмдзæвæгтæ, пьесæтæ, тæлмац кодта; фæндырæй, гитарæйæ, скрипкæйæ дæсны цагъта. Уыдис зынгзæрдæ революционер, Æмæ ма, йæ сфæлдыстадон фæндагæй куыд базыдтам, афтæмæй уыдис 1-аг ирон сонеты автор. Сонет хуымæтæджы æмдзæвгæ нæу, йæ хъуыды вæййы фылдæр хатт философон, бæлвырддæр, арфдæр. Токаты Алиханы сонет хуыйны «Цыкурайы фæрдыг». Æмдзæвгæйы æвдыст цæуы тохгæнæг, хъуыдыгæнæг, аразæг адæймаджы хъысмæт. Лирикон герой бацыд æвирхъау тохы. Уыцы тохы мидæг йæ къухы бафтыд Цыкурайы фæрдыг, байста йæ калмы дзыхæй. Ничи йын æй балæвар кодта: нæдæр Дзывгъис, нæдæр Сафа, нæдæр Æтхурон, нæдæр Уацилла. Дарддæр йæ бæллиц у йæ адæмæн хорздзинад байсыныл, уæларвон амонд сын æрхæсдзæн. Иæхæдæг та амæлдзæн уыцы тохы «Æз талынгæй æрхаудзынæн йæ тарфмæ», уый у йæ трагикон хъысмæт лирикон хъайтарæн.
Мæнмæ цыкурайы фæрдыг ныр ис. Æдзух вæййы мæнмæ æппæт цы, курон. Уый нæу зæххон,уæларвонтæй у – хурон, Дзæбæх кæны фыдниз, уый зоны рис. Нæ радта уый мæнæн ыстыр дзуар Дзывгъис, Нæдæр та Сафа, уацилла, Æртхурон. Æз калмæй байстон уый – уыди фыдхъулон, Цæхæртæ калгæ сау маргæй сыгъдис…
- Джусойты Нафийы литературон æмæ зонадон куыст. Национ иудзинады темæ роман «Фыдæлты туг» -ы.
Джусойты Нафийы роман «Фыдæлты туг» фыст æрыд 1963 азы, мыхуыры та рацыд 1965 азы. Уацмысы сюжет арæзт у 1830 азты паддзахы æфсад Чеселтгоммæ цы æфхæрæн экспедици скодтой, уый цаутæй. Уæд Ирыстоны мæлæтдзаг цæф ныккодтой уырысы æфсæдтæ дыууæрдыгæй: Цæгаты – инæлар Абхазов Хъобаны комы, Хуссары – инæлар Ренненкампф Чеселты комы. Нафи хынцы историон цаутæ, йæ роман у ахъаззаг фæзынд, уый у кад æмæ сæрибары зарæг. Сæрибарыл сæ уд хъарынц романы геройтæ. Уыдон сты хуымæтæг кусæг адæм, фæлæ сагъæс кæнынц сæ фидæныл.
Хæст раргом кодта адæм æмзонд кæй не сты, уый. Хæстмæ цæуынц Нафи комфæдисонтæ кæй хоны, уыдон: Ака æмæ Хъуырманы хуызæттæ. Фæлæ уæддæр Чеселтгом равдыстой нæртон æхсар. Тифлисы æфсæддон губернатор Стрекалов йæ рапорты Паскевичмæ фыста: «… горцы проявили удивительную твердость: в то время, когда пламя охватило их, 10 человек спустились посредством веревок и с неимоверной яростью бросились на наших, но были подняты на штыки…» Уыцы эпизоды ирдæй зыны ирон адæмы удыхъæд, сæ хъару, сæ намыс. Романы символон сты Иры хæхтæ. Арф мидис æмæ бæрзонд хъуыды хæссы сæ фæдзæхст: «Лæг намысæй лæг у! Йæ намыс куы фесæфа, уæд йæ цард æгады мæлæтæй фыддæр у». Тохы быдыры кадимæ фæмард сты адæмы хуыздæртæ кæстæрæй, хистæрæй : Къæбысты Ака, Коцты Бега, Хъæндил, Солтан, Козиан, Хъуырман æмæ æндæртæ.
- Нырыккон ирон поэзийæ иу æмдзæвгæ зæрдæвæрдæй (наизусть) бакæсын.
9 билет
- Колыты Аксойы рухстауæн куыст æмæ фыццаг поэтикон фæлварæнтæ.
Колыты Бесайы фырт Аксо райгуырд 1823 азы. Фыццаг ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы дины скъолайы, стæй та Тифлисы духовон семинары. 1845 азы Аксо каст фæци ацы семинар тынг хорз бæрæггæнæнтимæ, æмæ кусын райдыдта сауджынæй. 1862 азы Аксо йæхи хæдзары байгом кодта чызджытæн скъола, ахуыр дæр сæ кодта йæхи хардзæй. «Ног фæлтæртæ цæмæй хорз хъомыл кæной, уымæн хъæуы ахуыр æмæ размæдзыд бинонтæ, æмæ ахæм бинонтæ саразынæн та хъæуы ахуыр æмæ размæдзыд сылгоймаг — мад»-, фыста Аксо.
Колыты Аксо тæлмац кодта уырыссаг æвзагæй иронмæ дины чингуытæ. Аксо ныффыста æртæ уацмысы: «Мах фыд», «Мады-Майрæмы кады зарæг» æмæ «Чырыстийы рухс райгасдзинад». Дыууæ фæстаг æмдзæвгæйы мыхуыргонд æрцыдысты журнал «Чырыстон цард»-ы 1911 æмæ 1913 азты. Сæ мидисмæ гæсгæ уыдысты аргъуаны (церковь) кæй кодтой, ахæм зарджытæ. Æмдз. «Мах фыд» — «Отче наш» — ы бындурыл амад у. хуыцаумæ курдиат дзы арæзт у фæндиаджы хуызы:
Нæцард, нæ мæлæт, нæ уд æгасæй
Дæуыл æфтауæм нæ быуæрттимæ,-
Араз нын нæ цард дæхи фæндонæй,
Æмæ нæ фæндаг – нæ фæндæгтимæ.
Аксойы æмдзæвгæты æвзаг у хуымæтæг, сæ ритм у бæрæг æмæ нывыл, стих – музыкалон, зарынæн аив.
- Гæдиаты Цомахъ – сæрибары зарæггæнæг æмæ рухстауæг. Йе мдзæвгæты цикл «Ахæстоны фыстытæ» — йы иумæйаг мидис, лирикон геройы рæсугъд удыхъæд.
Ирон литературæйы историйы Гæдиаты Цомахъы хуыдтой тох æмæ сæрибары зарæггæнæг, революцийы фидиуæг. Цомахъ æхсæнадон цард æмæ сфæлдыстадон аренæмæ рацыд стыр тохы заманы. Цомахъ райгуырд 1882 азы. 1903 азы каст фæци Стъараполы дины семинар æмæ бацыд Дерпты университеты историон-филилогон факультетмæ. Райдыдта фыццаг уырыссаг революции. Цомахъ архайы студенты змæлды. Йæ зæрдæ æхсайы Ирыстонмæ. Æрыздæхт æмæ кусын райдыдта Джызæлы ахуыргæнæгæй. Æмбæлтты къордимæ уадзын райдыдтой фыццаг ирон газет «Ирон газет», йæ фыццаг номыр рацыд 1906 азы 23 июлы. Цомахъ кодта поэтикон æмæ публицистон куыст. Газетон уацты æвдыста Уæрæсейы политикон уавæр. Газет æхгæд æрцыд æмæ Цомахъ ацыд фæстæмæ тартумæ. Ам æй æрцахстой 1908 азы 7 мартъийы, хаст æрцыд Сыбырмæ цæрæнбонтæм. Цомахъ йæ хъус дардта зонадон куыстмæ, ахуырадмæ. Йæ уацты æргом кодта скъолаты æдзæллаг уавæр, фыста чингуытæ æмæ фыссæнгæрзтæ кæй нæй, уый тыххæй. 1917 азы июлы Цæгат æмæ Хуссар иры ахуыргæнджыты съезд райста Цомахъы резолюции. Уым скъолайы сæйраг хæсыл нымад цыди сывæллонæй сæрибар личность хъомыл кæнын, уый зонындзинæдтæй ифтонг кæнын. Цомахъы æмдзæвгæты цикл «Ахæстоы фыстытæй» фыст æрцыд Ревелы куы бадт 1908-1910 азты, уæд. Циклы ис авд æмдзæвгæйы. Æвдыст сæ цæуы ахæсты хъизæмар æмæ йæ бæллицтæ. «Хуры тын», «Бæлон», «Хæлæг» сæ мидисмæ гæсгæ сты æмхуызон. Хъайтарты психологи баст у æрдзон фæзындтимæ. Ахæсты къуыммæ хуры тын бакæсы æмæ йын йæ зæрдæйы ссудзы сæрибарыæмæ тырнындзинад. Ахæст балымæн бæлонимæ, раппары йын дзулы муртæ,бæлон дæр сахуыр ахæстыл æмæ йæм алы бон дæр æрбатæхы. Уый йæ бæтты дунеимæ, уый йын мынæг кæнын нæ уадзы йæ уды рухс, æмæ ахæсты зæрдæйы цæрынц цинджын Сæрибар æмæ уарзондзинад. Оригиналон сты йе мдзæвгæтæ «Фын» æмæ «Ме фсымæрмæ». «Æрæхсæв». Ис дзы уæрæх æмæ хуызджын нывтæ. Зындон у ахæстоны чъизи уавæр сыгъдæг удæн, йæ хъизæмар у æгæрон æмæ трагикон. Мидæгæй – æмбыд, æддейы – уалдзæг, ног цард. Ахæсты зæрдæ ног хуызы раргом. Уый у цардбæллон адæймаг, йæ бæллицтæ сты сыгъдæг æмæ бæрзонд.
- Нырыккон ирон поэзийæ иу æмдзæвгæ зæрдæвæрдæй (наизусть) бакæсын.
10 билет
- Мамсыраты Темырболаты царды хабæрттæ. Йе мдзæвгæты мидис, аивадон миниуджытæ, се взаг.
Мамсыраты Темырболаты æмдзæвгæтæ æдæппæтæй сты иуæндæс, фæлæ стыр у сæ ахадындзинад. Ирдæй сæ зыны фыдызæххæй цы адæмтæ фæхауд, уыдоны уæззау хъысмæт, сæ фыдбон, сæ хъизæмар. Æмдзæвгæтæ фыццаг хатт хицæн чиныгæй фæзындысты 1946 азы уырыссагау. Ратæлмац сæ кодта Е. Гелашвили. 1965 азы Цхинвалы рауагъдады мыхуыры рацыд поэты чиныг йæ мадæлон æвзагыл. Чиныг бацæттæ кодта Джусойты Нафи. Уацмыстæ æппæт æххæстдæрæй мыхуыры рацыдысты 1982 азы г. Орджникидзейы «Ирон зарджытæ», зæгъгæ. Æмбырдгонд бацæттæ кодта æмæ йын комментаритæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Йæ уацмыстæй иу-номдзыд «Сагъæстæ» — æрыздæхт Ирыстонмæ Туркæй адæмон зарæджы хуызы æмæ йæ академик Всеволод Миллер ныммыхуыр кодта йæ «Ирон этюдты» 1881 азы. «Сагъæстæ»-йы Темырболат æвдисы Туркмæ алидзæг ирон адæм тынг кæй фæрæдыдысты — райгуырæн бæстæ сæ къухæй ахаудис, фæлæ байрæджы. Ацы æмдзæвгæ сын æвдисы сæ хъыг, сæ кæуын, сæ хъарджытæ. Темырболаты æмдзæвгæты хъуыды кæрæдзимæ æнгæс у. Иууылдæр æвдисынц Туркмæ алидзæг адæмы фыдæбæттæ фæндагыл æмæ уый фæстæ дæр. Цардæнхъæлæй бахаудтой царды цъысымы. Уæлдай зын сын уыдис фыццаг азты. Уыцы фыдæбæттæ йæхæдæг чи бавзæрста, уыдонæй нал ферох сты сæ амæлæтмæ дæр. Уыцы цаутæ æвдыст æрцыдысты Темырболаты æмдзæвгæтæ: «Рынчын æмæ рынчынфæрсæг», «Хæрæг», «Амонд», «Кæмæндæр», «О мæ хуыцау!», «Чъынды лæг». «Дыууæ ‘мбалы» «Ме ‘мгармæ»-йы.
- Хохаг адæмы цард æмæ патриархалон æгъдæутты реалистон нывтæ Туаты Дауыты драмæ «Сидзæргæс» — ы.
Туаты Дауыт ирон литературæмæ æрбацыд йæ тæккæ лæджы кары куы бацыд, уæд. Йæ фыццаг драмæ «Сидзæргæсы» ныффыссыны фæстæ республикон конкурсы бацахста дыккаг бынат. Драмæ æвдисы ивгъуыд царды нывтæ. Йæ сюжеты апп у ирон сылгоймаджы хъысмæт. Архайд цæуы хохы. Илас æмæ йе мбæлтты хосласæнты зæй фæласта. Æртæ сабийы баззадысты сæ мад Нуцаимæ. Йæ мæгуыр бынтæ йын йæхи бакæнынмæ хъавы йæ тиу Амырхан, уый фæлварæнтæй рæзынц хабæрттæ, йæ фарс сты мыггаджы хистæртæ, хъæуыхицау. Нуца у хæрзæгъдау сылгоймаг, хъомыл кæны йæ сабиты, куыстæй нæ тæрсы. Ныфс æй ис адæмæй. Амырхан та архайы, цæмæй йæ чындз йæ цардæй стыхса æмæ ацæуа йæ цæгатмæ: уæд йæ бынтæ Амырханæн баззайдзысты, йæ сывæллæттæ та йын лæвар кусдзысты. Фæстагмæ ссардта аккаг фæрæз – алы æвзæр ныхæстæ рауагъта Нуцайы тыххæй хъæуы мидæг. Сæрыстыр сылгоймаг Нуца нæ бафæрæзта ахæм æфхæрд æмæ йæхи доны баппæрста. Равзæрста худинаджы бæсты – мæлæт. Нуцайæн царды æххуыс кæнынц Тебол, Атто, Габе, Досре. Уыдон сты хæларзæрдæ, уæздан адæм. Амырханы фыдракæнд дæр уыдон раргом кæнынц. Уацмыс æвдисы сидзæргæсы трагеди, фæлæ йын бæрзонд кæны йæ намыс, йæ фидауц, йæ хъару.
3. Нырыккон ирон поэзийæ иу æмдзæвгæ зæрдæвæрдæй (наизусть) бакæсын.
11 билет
- Цæрукъаты Алыксандры поэзийы мидис æмæ ногдзинад. «Ныхас авдæны сывæллонимæ» — фæлтæрты бастдзинады темæ.
Цæрукъаты Алыксандры æмдзæвгæ «Ныхас авдæны сывæллонимæ » — йы ? уынæм ахæм адæймаджы , кæцымæ царды цæрынмæ ныфс нал уыдис . Уый ацы дунейæ ацæуынмæ уыд разы . Фæлæ йæ фырт сси лирикон хъайтарæн царды ныфсдæттæг , цардмæ йæ чи раздæхта , уый . Йæ фæстæ царды цæхæр чи ахæсдзæн дарддæр , уый фенгæйæ æмбары адæймаг царды æцæгдзинад æмæ йæм фæзыны ныфс æмæ хъару царды цæрынмæ . Уый фыд йæ фыртимæ дзуры . Уый ивгъуыд дзуры фидæнмæ. Ам фыд у ивгъуыды символ , фырт та у фидæны символ . Уый ивгъуыд дзуры фидæнимæ . Уый ивгъуыд лæвар кæны фидæнæн
… Дæттын дын æз мæ базыртæ тæхынмæ .
Цæргæс зæрдæ — тыхджын æмæ уæндаг .
уыцы базыртæ , сты уарзондзинады базыртæ ; зæрдæ цæмæй » цæргæс зæрдæ » суа , уый тыххæй хъуамæ уарзтæй дзаг уа . Фыд æмæ фырты дæр бæтты æгæрон уарзондзинад. Фыд у ивгъуыд , фырт та — фидæн , сæ астæу та ис абон . Абон хъуамæ уа уарзондзинадæй æфсæст , цæмæй зæрдæйы бæллицтæ цардмæ тындзын фæразой , æмæ цард размæ цæуа. Ивгъуыды цы уыд хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр , уый хъуамæ фидæн зона æмæ ма рох кæна.
- Коцойты Арсены радзырдты сæйраг тематикæ æмæ проблемæтæ. Арсены ахаст дин, ирæд æмæ тугисыны æгъдæуттæм.
Коцойты Арсены хонынц ирон аив дзыды дæсны. Царды фæзындтæ куыд алыхуызон сты, афтæ хъæздыг æмæ алыхуызон у Арсены радзырдты мидис дæр. Фыссæг æмхуызон арæхстджынæй æвдисы трагикон быцæутæ æмæ комедион цаутæ, йæ ныхасы сæр у гуманистон хъуыды, вæййы хорз æмæ рæстдзинады сæраппонд. Арсены радзырдтæ нывæст цæуынц трагедион ахорæнтæй. Трагикон сты йæ геройты хъысмæттæ. Арсен сæ схуыдта «Фыдæлты æгъдæутты нывæндтæ». Уыцы æгъдæуттæй иууыл карздæр æмæ фыдбылыздæр уыдысты туг исын, мæнгуырнынад æмæ ирæд. Туг исыны фæткæн фыссæг уыдта йæ фыдбылызтæ æмæ сæ æвдыста йæ уацмысты. Радзырдтæ «Сæумæрайсом», «Фынддæс азы». Уацмысы хъайтар Хъæвдыны фыдбылызтæ райдыдтой хъазты чызгимæ симгæйæ йыл æнæбары куы бандзæвыд, уæд æрцыд фыдракæнд чызджы хистæр æфсымæр Хъæвдынæн хъамайы цæфæй йæ хъус ахауын кодта. Адæм æнхъæлмæ кæсынц Хъæвдын йæ маст кыд исдзæн, уымæ. Масти сын та уыд йæ хæс. Фæлæ Хъæвдын нæ тагъд кæны, фынддæс азы æнхъæлмæ кæсы, йе знаг Годахы фырт кæд слæг уыдзæн, уымæ. Сæххæст йæ фæндон, йæ царды нысан, амардта лæппуйы. «Фæлæ ныр цы? Цы кæндзынæн дарддæр?…» ацы фæстытæ Хъæвдын дæтты йæхимæ.
«Нæ фыдбылызты фыддæр» — афтæ схуыдта Арсен ирæд. Бирæ уыдысты ирæд ирон адæмæн цы зиантæ хаста, уыдон. Ирæд исыны фæстиуджытæ автор æвдыста йæ уацты, карикатурæты, радзырдты. Радзырдтæ: «Цы фæци Асæхмæты ирæд», «Афтæ дæр вæййы». Ирæды тыххæй бирæ сабыр лæппутæ бафтынц давыныл æмæ сæфынц.
Арсены сфæлдыстады ма зынгæ бынат ахсы дины проблемæ дæр. Мæнгуырнынад æвзæрд мæгуыр æмæ талынг цардæй. Дин уыд æмæ у хицауады идеон хотых. Ирон фыссæг лæмбынæг каст йæ адæмы цардмæ æмæ уыдта дины фыдбылызтæ. Радзырдтæ «Дадолты мæт», «Гигойы куадзæн», «Ханиффæйы мæлæт» æмæ бирæ æндæртæ.
- Нырыккон ирон поэзийæ иу æмдзæвгæ зæрдæвæрдæй (наизусть) бакæсын.
12 билет
- Хетæгкаты Къостайы биографи. Йæ чиныг «Ирон фæндыр» — ы сæйраг темæ.
Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста райгуырд 1859 азы 15 октябры Уæлладжыры комы Нары хъæуы. Хæрз чысылæй баззад сидзæрæй, йæ мад Мария амард. Лæппуйы хъомыл кодта се рвæдæлты ус Чендзе. Райдиан скъола Къоста каст фæцис Нары хъæуы, уый фæстæ гыццыл ацахуыр кодта Дзæуджыхъæуы дæлгимназы, стæй ацыд Лабæмæ йæ фыдмæ. Чысыл фæстæдæр Къоста ахуыр кæнын райдыдта Стъараполы гимназы æмæ дзы фæцис 1881 азы онг. Ныв кæнынмæ дæсны кæй уыд, уый тыххæй йын йæ ахуыргæнæг Василий Смирнов бацамыдта, цæмæй ацæуа Бетъыбухы аивæдты Академимæ. Къоста бакаст йæ коммæ æмæ 1881 азы бахаудта Академимæ. Тынг арæхст нывкæнынмæ, ахуыр дæр хорз кодта, фæлæ дыууæ азы фæстæ Къостайæн йæ стипенди систой, дыууæ азы ма фыдæбæттæ кæнгæ фæцахуыр кодта, стæй 1885 азы сыздæхт Ирыстонмæ. 1891 азы Гуырдзыстоны хицауад ирон чызджыты скъола (1862 азы Колыты Аксо йæ хæдзары байгом кодта скъола) сыхгæдтой. Къоста æрæмбырд кодта ирон интеллигенцийы хуыздæрты, уыдон иумæ ныффыстой писмо синодмæ æмæ ирон чызджыты скъола баззад. Фæлæ Терчы бæсты хицауад Къостайы Ирыстонæй фæсырдта куыд змæнтæг элемент. Ахастой йæ фондз азы æмгъуыдмæ Хъæрæсемæ. 1897 азы Къоста фæрынчын, Стъараполы йын операци скодтой. 1898 азы æрцыд фæстæмæ Ирыстонмæ. Раст гъе уыцы рæстæг фæзынд йе мдзæвгæты фыццаг къухфыст хицæн чиныджы хуызы. Йæ ном ын схуыдта «Ирон фæндыр», чиныджы цъарыл фыст уыд: «Зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ, кадджытæ, æмбисæндтæ. Къоста. Хъæрмæдон. 1898 азы 3 сентябрь». «Ирон фæндыр» Кавказы цензурон комитетмæ æрвыст æрцыд æмæ афæдзы æрдæг куы рацыд, уæд ын рухсмæ рауадзыны бар радтой. 15 майы 1899 азы чиныг мыхуыры рацыд. Йæ редактор уыд Баййаты Гаппо. Къоста та раст уыцы рæстæг дыккаг хатт хаст æрцыд Ирыстонæй дард украинаг горæт Херсонмæ. 1902 азы Къоста тынг фæрынчын, 1-æм апрелы 1906 азы амард Лабæйы йæ фыды хæдзары. Ныгæд у Къоста Дзæуджыхъæуы Иры аргъуаны кæрты.
Къостайы «Ирон фæндыры »фыццаг æмдзæвгæ у «Ныстуан».Поэтæн йе стырдæр бæллиц у йæ адæмы раз йæ хæс бафидын, æмæ йæ зарæг дæр кæуын хъæлæсæй уымæн кæны, йæ хæс фыст кæй нæу, стæй йын фидæн дæр кæй нæй. Йæ бон кæй нæу йæ адæмы паддзахы хæдхæцæгады æфхæрдæй фервæзын кæнын.
Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин
Кæуæгау фæкæса, мыййаг Куы бафидин искуы мæ хæс
Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг Уæд, афтæ æнкъардæй нæ зарин
Уый зарæд йæхи фæндиаг. Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс.
3. Хъаныхъуаты Инал. Этнографион очерк «Ирон хъæуы». Традицитæ æмæ æгъдæутты æрфыст очеркы.
Хъаныхъуаты Инал фыста нывæфтыд очерктæ, уацтæ, æмдзæвгæтæ, радзырдтæ. Бирæ очерктæ ныффыста Инал, фæлæ се хсæн æппæтæй ирддæр у йæ этнографион очерк «Ирон хъæуы» («В осетинском ауле»). Очерк у фыст боныджы формæйы. Алы хабар дæр дзы цы бон æрцыд уый бæрæг у. Адæмы æгъдæуттæ, адæмы цардыуаг, психологи равдисын, ахæм у очеркы идейон хæс. Уацмысы тынг бирæ ис этнографион æрмæг. Ирон лæг йæ райгуырдæй йæ амæлæтмæ цы æгъдæуттæ кæны, цы æгъдæуттæм гæсгæ цæры, уыдон дзы се ппæт дæр сты. Ис дзы лæппуйы райгуырд æмæ куывд, чындзæхсæвы æрфыстытæ, марды ныгæнын æмæ йæ хисты æрфыст, ис дзы æгъдауыл баст зарджытæ æмæ хъарджытæ. Ивгъуыд заманы æгъдæуттæ æмæ хъуыдытæй ног царды чи нал бæззы, уыдон ферох кæнын хъæуы, ахæм у очерк «Ирон хъæуы» сæйраг мидис. Тынг колоритон сты очеркы фæлгонцтæ: Мосе, Хæтæхцыхъо, Данел. Ирон хъæууон уавæрты иууыл зындæр æмæ тыхстдæр цард чи кодта, уый уыдис, Иналы хъуыдымæ гæсгæ сылгоймаг. Куыстæн йæ зындæр, йæ фылдæр, æфхæрдæн йæ уæззаудæр – ахæм у ирон сылгоймаджы æнусон хъысмæт.
Инал бирæ аиппытæ (изьяны) федта ирон адæмы царды æмæ дзы бирæтыл исын кодта адæмæн с къух, уæлдайдæр та ирæдыл, тугисыныл, хистытæ, мæнгуырнæнтыл.
3. Нырыккон ирон поэзийæ иу æмдзæвгæ зæрдæвæрдæй (наизусть) бакæсын.
13 билет
- Хетæгкаты Къостайы лирикæ. Æмдзæвгæтæ «Додой», «Ракæс», «Катай». Æмдзæвгæты темæтæ æмæ идейон мидис.
1885 азы Къоста Бетъырбухæй куы æрыздæхтИрыстонмæ, уæды рæстæг ын уыд тынг зын. Уыдта йæ адæмы æфхæрд уавæр. Мæ уыцы хабæрттæ равдыста йе мдзæвгæ «Ракæс»-ы. Уацмысы дзырд цæуы дыууæ хъысмæтыл: поэты индивидуалон цардвæндаг:
Дзæгъæл мæ ныууагъта мæ фыд
Нæ зонын мæ мады рæвдыд
Нæ бæстæй фæхицæн дæн сонтæй
Кæмдæрты æнæсæронæй
Æдыхæй,æцæгæлонæй
Мæ уалдзæг æрвыстон фыдбонтæй…
Дарддæ йæ хъуыды у ирон адæмы историон хъысмæтыл:
Æрцыдтæн… Мæхицæй фыддæр
Мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр
Мæ уарзон, мæ иубæстон адæм!..
Къоста дарддæр æрæвæрдта ирон адæмы æхсæнадон царды ахсджиаг фарст: «Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг?» Къостайы тæккæ номдзыддæр æмдзæвгæ «Додой» дæр фыст æрцыд «Ракæс»-ы æнкъарæнтыл. «Додой» кæрæ-кæронмæ амад у бæрзонд патетикон ныхасæй.Райгуырæн хæхтæ æмæ тæрхоны лæгты карз æлгъыстæй райдайы Къоста йе мдзæвгæ. Æлгъиты тæрхоны лæгты дзыллæйы мастæй кæй нæ риссынц, адæмы хъыг сæим кæй нæ хъары, уый тыххæй. Дарддæр поэт дзуры адæмы æбар царды хабæрттыл: «Зæхх нын нæ уадзынц, нæ хæхтæ нын байстой, стырæй, чысылæй нæ уистæй нæмынц». Адæм къордгай ныййисты, нæй иудзинад адæмы хсæн æмæ поэт дарддæр сиды:
Рауай-ма, рауай, нæ фыййау нæ фæстæ,
Иумæ нæ рамбырд кæн, арфæйы дзырд!..
«Додой»
Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ Искæй зæрдæ уæ дзыназгæ нырризæд
Сау фæныкæй уæ куы Фенин фæлтау Искæмæ бахъарæд адæмы хъыг
Зæй уæ фæласа, нæ тæрхоны лæгтæ Дзыллæйы мастæй уæ исчи фæрисæд
Иу мА уæ фезмæлæд искуы лæгау Иу мæ уæ разынæд иу цæстысыг…
- Брытъиаты Елбыздыхъойы трагеди «Хазби». Хазби – адæмон хъæбатыр, йæ тохы нысан. Йæ трагедийы аххоссæгтæ.
Брытъиаты Елбыздыхъо йæ трагеди «Хазби» ныффыста 1906-1907 азты. Фыццаг хатт сценæйы æвæрд æрцыд 1908 азы августы. Уацмысы æвдыст цæуынц 1830 азы историон цаутæ. Уæд Уæрæсейы хæдхæцæг паддзах сфæнд кодта Ирыстоны æххæстæй йæ дæлбар бакæнын. Уый тыххæй дыууæ æфсады æрвыст æрцыдыстыИрыстоны Хуссар æмæ Цæгатмæ. Цæгат Иры æрдыгæй æфхæрæг æфсад бабырстой Хъобаны коммæ. Адæмон зарджытæ æмæ таурæгътæм гæсгæ Абхазовы æфсады ныхмæ æрлæууыд дзыддзæугæ лæг Алыккаты Хазби хъæбатырты чысыл къордимæ. Трагедийы сæйраг идейæ у патриотизм: райгуырæн бæстæ, адæмы сæрибар æмæ намыс хъахъхъæнын. Уыцы кады хъуыддагæн сæ цард снывонд кодтой Хазби æмæ йæ тохы æмбæлттæ – Хъæссæй, Агуыбечыр. Хазби у зондджын, хъæбатыр фæтæг. Ахæмты фæрцы Ирыстон уыд ныфсджын æмæ фидар. Уацмысы дыккаг идейæ у ирн адæмы иудзинад. Адæм æмзонд, æмвæнд куы уой, уæд сын знаг тых нæ кæны. «Хазбийы хæсты» ирон адæммæ уыцы иудзинад нæ разынд, æмæ саст дæр уымæн æрцыдысты. (Нæ рацыдысты æххуысмæ Дæргъæвсæй,Санибайæ Рекомы куывд сæм уыди. Дыгургомæй.)Ноджы адæмæн сæхицæй разынд уæйгæнджытæ: Биайы-фырт, Хъæвдын.
Бæстон æвдыст æрцыд адæмы цард. Стыр зонды хицау трагедийы сты Нана, Ислам. С алы ныхас дæр у уæздан æмæ бæстон.
3. Нырыккон ирон поэзийæ иу æмдзæвгæ зæрдæвæрдæй (наизусть) бакæсын.
14 билет
- Хостыхъоты Зинæйы поэзийыл афæлгæст.
Хостыхъоты Зинæ райгуырд 1937 азы Хъæдгæроны. Æмдзæвгæтæ райдыдта фыссын скъолайы ма куы ахуыр кота, уæд. Уымæ гæсгæ скъолайы фæстæ бацыд ахуыр кæнынмæ Мæскуыйы Максим Горькийы номыл литературон институтмæ. Фыста æмдзæвгæтæ, уацаутæ æмæ радзырдтæ, тæлмац кодта ирон æвзагмæ æндæр поэтты уацмыстæ, тох кодта рæстдзинадыл. Æрыгон поэт Булат Окуджава бафиппайдта курдиатджын студенткæйы æмæ йын феххуыс кодта рауагъдад «Молодая гвардия»-йы йе мдзæвгæты фыццаг æмбырдгонд «Сæууон æртæх» («Утренняя роса») ныммыхуыр кæнын.
Уыди Хуссар Ирыстоны 1992 азы хæсты рæстæг. Афганистаны кæй фæци, уый тыххæй рауагъта æмдзæвгæты æмбырд «Мои Афганские встречи» æмæ поэмæ «Сæрибары зæрдæ», кæцыты ирдæй равдыста дыууæ æрдхорды фæлгонцтæ: ирон – Советон æфсады салдат æмæ афгайнаг хæстон.
«Æз мæ зæрдæйы рæхыстæй
Иры урссæр хæхтæм баст дæн.
Æз мæ гуырдз, мæ ныхыфыстæй
Ардæм царды бонтæм хаст дæн.
Æз мæ уарзоны цæстытæй
Баст мыггагмæ дæр мæ Ирмæ,
Ме стыр цин æмæ мæ рыстæй
Баст дæн ацы зæххы риумæ.
Баст дæн райгуырæн уæзæгмæ
Æз дзыццайы урс дзыккутæй,
Баст — нæ къонайы фæздæгæй,
Баст — сæныкхизæн цъæх къултæй…
2. Барахъты Гинойы поэмæ «Азджериты Куыцыкк». Бæстырæсугъды патриотон æнкъарæнтæ, Куыцыччы хъæбатырдзинад.
Барахъты Гино райгуырд 1890 азы 19 февралы Салыгæрдæны. Гино уыд зарæггæнæг, поэт æмæ хъайтар. Цин æмæ катайæ дзаг сты йæ уацмыстæ. Уыдоны ирдæй æвдыст æрцыдысты адæмы тох, сæрибар æмæ рæстдзинады бæллицтæ.Фольклоры традицитыл сфæлдыста Барахъты Гино йæ эпикон кадæг «Азджериты Куыцыкк». Бавæрдта дзы арф патриотон æмæ социалон мидис. Уæрæх Кæсæджы Азнауыртæм рахъомыл диссаджы Бæстырæсугъд. Галуаны рæсугъд чызгмæ усгуртæ цæуынц алы рæттæй, фæлæ уый се ппæты дæр æнæ дзуаппæй здахы. Уый хуымæтæг чызг нæу, рæсугъд куыд у, афтæ хъуыдыджын дæр у. И сын хъæздыг миддуне. Ис æм курдиат, уый у фæндырдзæгъдæг. Цæуыл зары? «Фæзары уый, æфхæрд дзыллæ куыд фæтыхсынц, фыдтухитæ æвзаргæйæ». Азджериты Куыцыкмæ хъыг æркæсы чызг адæмы хуыздæртыл фау куыд æвæры, æмæ дзы домы дзуапп. Бæстырæсугъд дæтты Куыцыккæн карз æмæ æгъатыр дзуапп: «Арапп-дзыллæ сæ къæхты бын нæ хъарутæ кæй ныккодтой, нæ хæссын æз мæ сæрмæ уый». Нæ йæ фæнды цагъарæй (раб0 смой кæнын. Чызджы монолог у уайдзæф цагъары цардæн, гимн – сæрибар æмæ намысæн, фæдисы хъæр – тохмæ. Бæстырæсугъд лæппуйы зæрдæйы уарзтимæ ссыгъта патриотизмы æнкъарæнтæ. Куыцыкмæ фæзынд идейæ – йæ адæмы маст райсын, знаджы бафхæрын, йе мзæххонтæн сæрибар цард раттын. Уый ацыди стæры æмæ равдыста æхсар æмæ лæгдзинад. Сæххæст кодта Бæстырæсугъды фæдзæхстытæ. Байста знæгтæй сæ рæгъæуттæ, бафхæрдта æфхæрджыты, нæ хъæрзы йæ цæфтæй. Фæлæ йæ сæйраг нысан уыд стырдæр хъуыддаг равдисын «Кæй дарай хъыг, уый искуы бон кæй сыстдзæнис…» Куыцыкк фидар хæст у ирон æгъдауыл: йæ каисты кæрты йын амæлын у худинаг, сыстад, сбад йæ бæхыл æмæ амард тыгъд быдыры. Адæймагæн тых æмæ æхсар дæтты æфсврм, стыр нысан. Бæстырæсугъдæн дæр йæ зарæг аивы, йæ адæмы сæрибарæй куы фены, уæд. Æнусон у Куыцыкк æмæ Бæстырæсугъды уарзондзинад кæд сæ цард нæ баик æу кодтой, уæддæр символикон хуызы сæ ингæнтыл æрзад дыууæ бæласы.
3. Нырыккон ирон поэзийæ иу æмдзæвгæ зæрдæвæрдæй (наизусть) бакæсын.
15 билет
- Хетæгкаты Къоста Поэмæ «Фатимæ»-йы мидис, йæ идейæтæ.
Хетæгкаты Къоста поэмæ «Фатимæ» фыссын райдыдта Бетъыбухы ма куы ахуыр кодта, уæд. Мыхуыры йæ рауагъта газет «Северный Кавказ»-ы 1889 азы. Поэмæйы сюжет у хуымæтæг æмæ бæлвырд. Дзамболат æмæ Фатимæ схъомыл сты иумæ кънйазы хæдзары. Наиб кæйдæр чызджы схаста йæхи хъæбулау. Лæппу æмæ чызг кæрæдзи бауарзтой, сты амондджын, рæстæг куы æрцæуа, уæд с цард баиу кæндзысты. Фæлæ хæст райдыдта æмæ Дзамболат Уырысы æфсæдтимæ хæстмæ ацыд. Фондз азы рацыд, фæлæ дзы ницы хабар ис. Фатимæ йæм æнхъæлмæ кæсы, йæ дзырд нæ сайы. Фатимæмæ хъæздыг курджытæ цæуынц алы рæттæй, Наиб сфæлмæцыд æмæ йæ чызгæй домы, цæмæй искæмæн разыйы дзуапп радта. Фатимæ раргом кодта йæ фыдæн йæ зæрдæйы сусæг уарзондзинад. Наиб уæддæр домы, йæхи кæмæй фæнды, уымæй. Фатимæ равзæрста Ибрагимы, раздæры цагъайраг, зæхкусæг реформæйы фæстæ та сæрибар адæймаг. Æрыдæхт иуахæмы Дзамболат æмæ Фатимæйæ домы, цæмæй ныууадза йæ мой, йæ чысыл лæппуйы æмæ йемæ алидза. Фатимæ нæ разы кæны, уый уарзы йæ мойы, йæ сывæллоны. Уæд Дзамболат бабадт Ибрагимы размæ æмæ йæ амардта. Фатимæ йæ лæджы мард куы базыдта, уæд сæрра æмæ æррайау рацу-бацу кæны. Дыууæ сæйраг конфликты ис поэмæйы: фыццаг – æхсæнадон царды стыр конфликт æлдæрттæ æмæ зæхкусджыты хсæн, дыккаг – уарзты фæдыл конфликт Ибрагим æмæ Дзамболаты хсæн, стæй Фатимæ æмæ Дзамболаты хсæн.
- Æгъуызарты Æхсарбеджы роман «Куырды фырт»-ы актуалондзинад.
Зынгæ бынат ахсы Æгъуызарты Æхсарбеджы сфæлдыстады йæ роман-дилоги «Куырды фырт» (1974-1980). Æвдыст дзы цæуы адæймаджы хъысмæт Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг. Романы сæйраг персонаж Мураты рæзтыл тынг фæзындысты æхсæнады идеалтæ æмæ фыццаджыдæр йæ алыварс адæм. Уыдонæй иу у Ауызби, зæронд коммунист, мидхæсты хъæбатыр. Хæсты фыццаг бонты йæ фондз фырты барвæндæй знаджы ныхмæ тох кæнынмæ афæндараст кодта хæсты быдырмæ. Фашисттæ нæ бæстæмæ куы æрбалæбурдтой, уæд ма сыхбæсты «лæгты номыл» зæронд Ауызби æмæ цыппæрдæсаздзыд Мурат баззадысты. Колхозы хъуыддæгтæн сæ уынаффæ æмæ сæ фыдæбон дæр уыдонмæ хауы. Мураты хъомылгæнджытæ сты алы фæлтæры минæвæрттæ: йæ ныййарджытæ Тæтæри æмæ Мæдинæт, райкомы секретарь Алыксандр, фæскомцæдисы раздзог Мæдинæ. Романы конфликты иннæ кæрон лæууынц Дзæрæхмæты бинонтæ, Мураты мады æфсымæр Хъамболат, йæ каис Дзантемыр, тохы быдырæй чи алыгъд, уыцы Азанбег, дохтыр Ханджери. Уацмысы сæйраг архайд рæзы Бексолтан мæ Мураты ныхмæлæудæй. Бексолтан у циник, уарзы æрмæстдæр йæхи, ауды йæхи хорздзинадыл. Мурат у романтик, æууæнды дунейы фарн æмæ рæсугъддзинадыл. «Куырды фырт» у роман-хъысмæт. Йæ сæргондæй дæр бæрæг у, ныхас бæлвырд адæймаджы хъысмæтыл кæй цæудзæн.
3. Нырыккон ирон поэзийæ иу æмдзæвгæ зæрдæвæрдæй (наизусть) бакæсын.
16 билет
- Хетæгкаты Къостайы уацмысты баст адæмон сфæлдыстадимæ (баснятæ, «Уæлмæрдты»).
Хетæгкаты Къоста йæ уацмыс «Уæлмæрдты» равдыста бæхфæлдисыны адæмон вариант. Ирон адæммæ незаманæй фæстæмæ сæ рагфыдæлтæ скифтæй уыдис æгъдау: мардæн фæлдыстой бæх йæ баныгæныны хæдразмæ. Къоста бæхфæлдисыны традицион ныхæстæ сæмбырд кодта, стихы хуызы сæ рауагъта. Уацмысы уыцы æгъдау кæнынц мæгуыр хохаг лæппуйæн. Сфæлыстой йæ, хуыздæр дарæс сæм цы уыд, уымæй; радтой йæм хæцæнгæрзтæ, æрбакодтой йын урс бæх, кæд сæ хæдзары бæх никуы уыд, уæддæр. Бæхфæлдисæг дзурын райдайы мæрдты диссæгтæ дзурын, уæд адæм хъусыныл фесты. Уыцы диссæгтæ цы æвдисынц, уымæн йæ хатдзæг у ахæм: æвзæрдзинад, фыдми, тæригъæд, адæймагæн нæ батайдзысты, кæд уæлæуыл фервæза, уæддæр мæрдты йæ хæс бафиддзæн æнусон æфхæрдæй.
- Плиты Грисы трагеди «Чермен». Чермен – адæмы бартыл тохгæнæг, йæ фæлгонц.
Плиты Грисы драмæтæй зыдгонддæр у трагедии «Чермен». Йæ сюжет ист у ирон фольклорæй. Йæ конфлик у социалон – адæм æмæ æлдæртты быцæу. Тох цæуы зæххыл. Чемен Тлаттаты кæвдæсард домы йæхицæн зæхх. Уый зоны æнæ зæхх нæй сæрибар æмæ амонд ссарæн. Цæрыны фадатæй уæлдай ма йæ хъæуы лæджы бартæ – сæрибаруæвын, æхсæны царды архайын, йæхицæн ном æмæ кад скæнын. Кæвдæсард у Чермен, фæлæ у æлдæрттæй уæлдæр, зондджындæр, тыхджындæр. Бирæ йæ уарзынц адæм æмæ йын кад кæнынц. Хъæздгуытæн та Чермен у цæстысындз, тæрсынц дзы, æргом æм нæ уæндынц æмæ йæ гадзрахатæй амарынц. Чермен быцæу кæны уавæртимæ, тох кæны социалон æфхæрдимæ, хæцы царды хицæутты ныхмæ. Уый фæмард, фæлæ цæры йæ ном, цæры йæ тохы идейæ.
3. Нырыккон ирон поэзийæ иу æмдзæвгæ зæрдæвæрдæй (наизусть) бакæсын.
17 билет
- Коцойты Арсен. Радзырд «Æмбæлттæ». Уацмысы мидис æмæ конфликт.
Радзырд «Ӕмбæлттæ» у паддзахы чиновниктыл сатирæ, мыхуыргонд æрцыд уырыссагау 1912 азы газет «Правда»-йы.
Арæзт у пъырыстыф Топтыго æмæ абырæг-бæхдавæг Батырбеджы хсæн конфликтыл.
Пъырыстыф Иван Кузьмич Топтыго у типикон хицау. Йæ къухы ис æгæрон тыхбар æмæ кæны, цы йæ фæнды, уый. Бæстæ сафы, къамæй хъазы, йæхи ирхæфсы. Топтыго ис тыхст уавæры. Ӕхсæвы фæхæрд къамæй хъазты. Ныр æй æнцад нæ уадзынц дыууæ фæндоны: æхца ссарын æмæ маст райсын.
Ӕрбацæуы абырæг Батырбег. Фембæлдысты «æмбæлттæ». Цы сæ бæтты? Иумæйаг пайда. Батырбег бæхтæ давы, Топтыго йын фыссы гæххæтытæ, фæдис галиумæ саразы æмæ фæдсафæн кæны, афтæмæй иумæ хæрынц давæггаг æхца. Ныр пъырыстыф давæггаг бæхты аргъæй агуры, ныронг цы иста, уымæй дзæвгар фылдæр. Батырбег нæ разы кæны, уымæн æмæ давын æнцон хъуыддаг нæу. Хуымæтæг ситуаци райрæзы æмæ дзы рауайы драмон сюжет. Быцæу расайы сайд æмæ хыл. Хурмæ калынц сæ митæ, сæ сау хъуыддæгтæ. Уыцы конфликты раргом вæййы царды æцæгдзинад – паддзахы чиновниктæ сты гæртамхортæ æмæ фыдгæнджытæ. Фыссæг зылды хицауæн характеристикæ дæтты абырæджы æргом фидистæй, сæ диалогæй. «Ӕз дæн хуыснæг, абырæг, — дзуры Батырбег. — Фæлæ уæд ды та дæ дыууæ хуыснæджы, æвзæргæнæджы. Ӕвзæргæнæг уæвгæйæ дæхи æууæнкджынæй æвдисыс æмæ ма къазнайы мызд дæр исыс… Уый фæстæ куы зæгъæм, уæд æмбалæн дæр нæ бæззыс. Ӕвзæргæнджытæм дæр ис сæхимидæг æууæнк. Дзырдыл хæцын хъæуы». Ам автор кокоммæ æрæвæрдта чиновничы – закъонтæ хъахъхъæнæджы æмæ абырæджы, кæрæдзиуыл сæ абарста æмæ нын фенын кодта пъырыстыфы аморалон, чъизи цæсгом. Фæсыкк ис Топтыгойы фæстаг ныфс — Батырбег ын йæ бæх аскъæрдта.
Ӕфхæрд æрцыди фыдгæнæг. Ӕвзæрдзинадæн нæй æмбæхсæн . Ахæм у Арсены этикон хатдзæг.
- Хъуылаты Созырыхъойы радзырд «Иудзонгон»-ы темæ æмæ идейон мидис.
Архайд цæуы Хуссар Ирыстоны мидхæсты рæстæг. Архайджытæ сты Мæхæмæт — ацæргæ лæг, большевик. Габе та — мæгуыр æвзонг лппу. Ныхас кæнынц: Габе уарзы хъæздыг Хаджумары хо Саниаты. Габе кæддæр куыста Хадзумармæ мæ йын 10 боны мызд нæ бафыста ныр мæ мæсты у мæ дзуры Мæхæмæтæн: Большевиктæ куы фæзыниккой, уæд Хаджумары винтовкæ радавин æмæ дзы мæ маст райсин.
Иу хатт, дам, горæтмæ ацыдыстæм Хаджумар æмæ Сæниатимæ. Хаджумар горæты фæхыл кæимæдæр мæ йæ рцахстой. Габе баззади Сæниатимæ æмæ раздæхтысты хæдзармæ. Ныр уыцы фæндаг мысы. Уæд ын иу бон Сæниат балæвар кодта зæнгæйттæ. Ам бæрæг у Сæниат дæр æй кæй уарзы. Хаджумар сæ куы базыдта, уæд Сниатыл дуæрттæ сæхгæдта. Ӕддæмæ йæ нал уагъта, цæмæй ма æмбæлой.
Райдыдта мидхæст. Габе дæр тохы быцыд меньшевиктимæ. Хæсты й цонг фесæфта. Иу бон ыл амбæлд Сæниат. Сæниатæй на фауы æнæ цонгæй дæр. Хъазæн ныхас дæр ма йын загъта:
— Куыдз къуылыхæй нæ мæлы.
Хæст фæсабыр, фæл ма уæддæр кулактæ сæ маст истой. Сæниаты уарзон æфсымæр, Хъауырбег, дæр абырæг фæлыгъд хъæдмæ. Уырдыæгй хъыгдардтой адæмы. Иу ахæмы Габейыл амбæлд. Габейы нæ фæнды схæцын, фæлæ уæддæр уд адджын кæм нæу
Нæй æндæр гæнæн Габейæн мæ фехста, Хъауырбеджы амардта.
Дыккаг амбæлд та фæкодта Сæниат Габейыл къанторы раз, Хъауырбеджы зиан куы рбацйластой, уæд. Сæниат ахæм цæстæй ракаст Габемæ æмæ Габе бамбæрста йæ цонгæй куыд фæхицæн, афтæ фæхицæн йæ уарзон чызгæй дæр.
Афтæ фæхицæн сты дыууæ уарзоны рæстæджы аххосæй.
3. Нырыккон ирон поэзийæ иу æмдзæвгæ зæрдæвæрдæй (наизусть) бакæсын.
18 билет
- Калоты Хазбийы лирикæйы хицæн æууæлтæ.
Хазби уыд курдиатджын нывгæнæг, хъуыды кодта поэтикон фæлгонцтæй. Йæ рæстæджы ирон поэзийы Хазбийы æмдзæвгæ уыд æппæты нывæфтыддæр, йæ лирикæ уыд фæлгонцты аивад. Поэзийы сæйраг миниуæгыл Хазби нымайы ног хъуыдытæ ног хуызы дзурын. Сгарæгау агуырдта ногдзинад. Хазби у хур æмæ уалдзæджы зарæггæнæг. «Уарзын æз сыгъзæрин хуры… Ды дæ тынтæ царды хосæн дарыс, сурыс сау фыдфынтæ…»,- зæгъы поэт («Хурмæ»). Йæ поэзийы ахъаззаг хай у интимон лирикæ. Уарзондзинад поэтæн у тыхджын æмæ бæрзонд æнкъарæн, зæрдæйы хорз æмæ рæсугъддзинад кæм зынынц, ахæм миниуæг. Æмдзæвгæтæ «Æхсæв дæ дзыккутау куы рхауы», «Дидинæг федтон», «Мæй» æмæ бирæтæ. Цард Хазбийæн у уарзт æмæ фидауцы уæвынад. Уым цины æмрæнхъ ис хъыг æмæ трагедитæ. Æмдзæвгæтæ («Фæстаг фæдисонтæ», «Мæрдджын»).
Ирон поэзийы ахъаззаг фæзынд уыдис Хазбийы хæстон лирикæ. Уый у лирик æмæ йæ поэзийы нæй фæдисон хъæртæ, лозунгтæ. Хæст æмæ мæлæт Хазбийæн сты æмхуызон хæрам тыхтæ, цард æмæ халæн тыхтæ. Поэтæн фашизм у залиаг калм, фашистон æфсад у мæлæтхæссæг («Кард», «Фæстаг салам», «Митыл мæйы æртхудджытæ хъазынц») .Хæстмæ цæуын у традицион мотив. Хазби йæ систа стыр аивадон бæрзæндмæ. «Хорæй баззай, Ир!» уыд ног поэтикон фæзынд. Йæ алы ныхас дæр у ныфс æмæ лæгдзинады æвдисæн. Ам хæст нæма ис, фæлæ дзы ис хæстоны уавæр. Тох цæуы цард мæ сæрибары сæрвæлтау.
(Иу æмдзæвгæ Хабийы сфæлдыстадæй наизусть бакæсын).
- Этикон проблемæтæ Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсар Уастырджи»-йы.
Дзесты Куыдзæджы уацмыстæ сты нæ адæмы цæсгом æмæ сæрыстырдзинад. Чи, дам, цы федта, банкъардта, базыдта, уый фыссы. Куыдзæг царды бирæ федта, Ирыстоны цы къуым нæ басгæрста, ахæм, æвæццæгæн, нал ныууагъта. Ирон адæймаджы удыхъæд, йæ царды уаг, йæ фыдæбæттæ йын хорз кæй зыдта, уый бæрæг у йæ уацмыстыл. Уацау «Фæндагсар Уастырджийы» хъайтартæ Дзаххо æмæ Дзитта фæхауæггаг сты сæ Райгуырæн къонайæ. Сæ иунæг фырт Дзамболат æлдары фыртæн йе ‘фхæрд нæ ныббарста. Амардта йæ æмæ йæхи бафæсвæд кодта. Дзамболат æлдары фырты амардта, уый куы базыдтой Дзаххо æмæ Дзитта, уæд фæлидзæг сты æмæхсæвæджы. Дзамболатæн стæрхон кодтой æнус каторгæ æмæ йæ ахастой Сыбырмæ. Уыцы хабæрттæн Дзаххо æмæ Дзитта ницыуал базыдтой. Æхсæйнаг хъæуы цæрджытæ суазæг кодтой Дзаххо æмæ Дзиттайы. Лæджыгаты Гæвдийимæ аныхасгæнгæйæ Дзаххо сфæнд кодта Æхсæйнаг хъæуы баззайын, уымæн æмæ йæм хъæуы цæрджытæ фæкастысты хæларзæрдæ, уазæгуарзон.. Гæвди дæр Ныхасы адæмæн бамбарын кодта йæ уазæг чи у, кæцон у æмæ йæ фæндагаразæгæй бакусын кæй фæнды. Адæмæн тынг æхсызгон уыд, цы лæг сæ хъуыди, уый сæм йæхи къахæй кæй æрцыд, уый. Дзаххо йæ куыстмæ æрæвнæлдта зæрдиагæй, райдыдта æппæты бынæй уæлæмæ, æфцæджы сæрмæ, фæндаг уæрæхдæр кæнын. Дзаххо æмæ Дзитта уыдысты тынг уæздан, æгъдауджын, куыстуарзаг, хæларзæрдæ. Дзаххо æрмæст фæндаг нæ арæзта, фæлæ ма фæндагыл Хуссарырдæм дæр æмæ Цæгатырдæм дæр цы бæлццæттæ цыд, уыдонæн уыд стыр æххуыс. Йæхи цардæн дæр-иу тæссаг кæй уыд, уый зонгæйæ дæр-иу цыфæнды хъызт боны араст æфцæджы сæрмæ. Тынг бирæты сласта Дзаххо мæлæты дзыхæй. Бæлццон адæмæн фæндагамонæг у, ахæм хæс ыл ничи æрæвæрдта. Бæлццæттæн уый бæрц æххуыс уыд, æмæ ма-иу ын куыд раарфæ кодтаиккой, уый дæр-иу нал зыдтой. Иуахæмы мæлæты дзыхæй сласта фондз адæймаджы. Уыдон бахаудысты ауыгъд цъитимæ, адæм Дадойы цъысым кæй хуыдтой, уырдæм. Бæлццæттæ фæдисы хъæр ныккодтой «Кæм дæ, цы фæдæ Уастырджи!».Уалынмæ сæм Дзаххо ныхъхъæр кодта: «Мæнæ! Мæнæ дæн!». Дзаххо йæ цыд фæтагъддæр кодта æмæ бæлццæтты стыр фыдбылызæй фервæзын кодта. Гъе æмæ йæ уыдон схуыдтой Фæндагсар Уастырджи. Дзаххо мæгуыртæй, сидзæргæстæй æхца нæ иста. Хъæуы фæкæсын кæмæ хъуыд, уыдонæн æххуыс кодта. Дзиттайæн дæр йæ фæлмæн ныхас, йæ рæвдыд, йæ алы хæрзиуæгæй хайджын уыдысты, уыцы фæндагыл цы адæм цыдысты, уыдон. Куыдзæг ирон адæймаджы удыхъæды цыдæриддæр ссардта хорзæй, уыдон бавæрдта Дзаххо æмæ Дзиттайы фæлгонцты. Дзаххо загъы, зæгъгæ адæмы уарзон хæдзар хохы цъуппыл куы цæра, уæддæр иунæг никуы уыдзæн.Фæлæ адæмимæ цæрын чи нæ арæхса, уый иунæг уыдзæн. Никæмæ цæудзæн, ничи йæм цæудзæн. Дзаххо æмæ Дзитта Хуыцаумæ куывтой, цæмæй сæ иунæг фырт сæрæгасæй сæмбæла йæ ныййарджытыл. Æмæ сæ бæллиц сæххæст. Иу фæззыгон изæр сæ фырт Дзамболат фæзынд.
- Нырыккон ирон поэзийæ иу æмдзæвгæ зæрдæвæрдæй (наизусть) бакæсын.
19 билет
- Малиты Георгийы æмдзæвгæты сæйраг мидис, сæ лирикон ахаст.
Ирон литературæйы сæрмагонд бынат ахсы Малиты Геуæргийы сфæлдыстад Поэт фыста дыгуронау. Поэты лирикæ бæрцæй бирæ нæу, фæлæ тематикæйæ у хъæздыг æмæ ахадгæ. Геуæрги æвдисы рæстæджы æууæлтæ. Поэтæн йæ заманы рацыд дыууæ чиныджы: «Горские мотивы» (Берлин, 1924), æмæ «Ирæф» (Дзæуджыхъæу 1935 аз). Георгийы лирикон хъайтар свæййы фидиуæг «Федог», авторы нысан: тары сæрибар ссудзын, мигътæ фæсурын, цæмæй цард мауал уа хъизæмар. Поэты Сфæлдыстады аивдæр къабаз у интимон лирикæ, уарзондзинады зарæг «Кизги зар», «Скъæвди гъарæнгæ», «Æлхуйнæ», «Тæходуй æна». Аив æмæ мидисджын сты йæ поэмæтæ. Ис сын эпикон ахаст «Дзандзирахъ», «Гъонгæси фурт мæгур Мæхæмæт», «Темур-Алсахъ». Поэт йæ уацмысты æвæры социалон æмæ этикон фарстатæ. Сæ трагедии у социалон быцæуты фæстиуæг.Поэт арф æнкъары адæймаг æмæ æрдзы бастдзинад, уыдонæн кæрæдзимæ гæсгæ иыв сæ хуыз æмæ сæ уавæр дæр.
Сур-сур кæнуй Дзирасгæ Зæнхи бунæй рæсог Гъæйдæ, бæлццон ниуазгæ Фетинг кæнæ дæ тог. Æгас дуйне нисгарæ Амæн æмбал нæййес Ниуазæ цæй ме нгарæ Фесæфдзæнæй дæ нез Цæргæс тæхуй уæлтегъæ Нискъотт кæнуй фиййау Кирбадт кæнуй уорс мегъæ Уæлхуæнхтæ бæмпæгау
3. Беджызаты Чермен. Чермены новеллæты цикл «Мæсгуытæ дзурынц». Традици æмæ ногдзинад .
20-30-æм азты ирон литературæйы æппæты зынгæдæр кусджытæй иу уыдис Беджызаты Чермен. Йе сфæлдыстадон куыст райдыдта æмдзæвгæтæ фыссынæй, фæлæ фæстагмæ йæ фæндаг ссардта аив прозæйы. Фыста радзырдтæ «Æртæ фæкасты», «Уад асаста гæды бæласы», боныг «Ссыгъди цард». Ирон литературæйы сæрмагонд бынат ахсы Чермены уацмыс «Мæсгуытæ дзурынц». Фыссæг йæ уацмысы дыууæ хайы æвдисы царды дыууæ фæлтæры – йæ ивгъуыд заман æмæ йæ ног дуг. Æрыгон ахуырдзау фæсивæд курынц зæронд Баймæтæй, цæмæй сын рагон дуджы царды хабæрттæ радзура. Зæронд Баймæт сыл æууæнды, бауарзта сæ æмæ сын радзуры рагон фыдæлтыккон таурæгътæ. Баймæт у хуымæтæг лæг, фæлæ стыр таурæгъгæнæг. Уацмысы ис фараст новеллæйы – фараст таурæгъы. Уыдон æвдисынц царды хицæн цаутæ, фæлæ æмгом баст сты кæрæдзиуыл. Фыццаг таурæгъ «Кодзыртæ». Таурæгъы конфликтæн ис социалон бындур. Йæ сæйраг архайджытæ Кодзыртæ, Хъоротæ, Гаглойты Парса.Кодзырты Тохта æмæ Хъороты Бæдту фæбыцæу сты, сæ быцæурайста этикон ахаст. Бæдту Гаглойты Парсайы сардыдта. Цæмæй фæчъизи кæна Тохтæйы усы. Рубайон нæ быхсы æфхæрд æмæ сыхалы бинонтæм йæ дзых, йæ кæлмæрзæн ныццавта къонайыл æмæ бауайдзæф кодта йæ лæгæн. Уыцы хъуыддагæн ныббарæн нæй, афтæ амоны ирон этикон фæтк. Тохтæ амардта Парсайы. Хъоротæ растадысты Парсайы фæдыл, æххуысгæнæг мА сын фесты Парсайы мыггаг æмæ Кодзырты быныскъуыд фæкодтой. Фæлæ дзы иу сылгоймаг раирвæзт æд сывæллон æмæ уымæй рацыд таурæгъмæ гæсгæ Гæдиаты мыггаг. Иннæ новеллæтæ : «Уанелы Тутыр», «Ахлæуаты чындз», «Зæххы фæдыл», «Туджы фæдыл», «Дзуары лæг», «Æлбегаты Батай æмæ Барсæгаты чындз». Новеллæты ирдæй зынынц ирон адæмы æгъдæуттæ, мæнгуырнынад, туг исын. Студентæ бæлвырд базыдтой бæстæйы уаг, йæ истории, йæ адæмы, федтой бæрзонд культурæ. Бамбæрстой ивгъуыд æмæ фидæн кæрæдзиуыл баст кæй сты, уыдон. Сæ цыд дзæгъæлы нæ фæци.
3. Нырыккон ирон поэзийæ иу æмдзæвгæ зæрдæвæрдæй (наизусть) бакæсын.
20 билет
- Агънаты Гæстæны уацау «Фæстаг бæхы» этикон проблематикæ.
Фыссæг, Цæгат Ирыстоны телерадиокомпанийы журналист, журнал «Ногдзау»-ы бæрнон секретарь, «Мах дуджы» сæйраг редакторы хæдивæг æмæ фысджыты цæдисы уæнг Агънаты Гæстæн йæ фæллойадон æмæ сфæлдыстадон фæндаг райдыдта Цæгат Ирыстоны радиойы Хæдзары. У романты, уацауты, радзырдты, публицистон æрмæджыты автор. Йæ уацмысты æвдисы уды сыгъдæгдзинады æмæ мæнгард миты ныхлæуддзинад, ныййарджыты æмæ цоты риссаг фарстатæ, æргом кæны царды æцæгдзинад. У чиныг «Ирон æгъдæутты» саразæг. Агънаты Гæстæны уацау «Фæстаг бæх»-ы цаутæ æрцыдысты быдыры хъæутæй иуы. Уацмысы сæйраг архайджытæ сты: колхозы бæхтæрæг Хъуыдайнат. Уый у ацæргæ лæг, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты инвалид, тохы рæстæг уæззау цæф фæцис, æмæ йын йæ къах алыг кодтой. Ныр кусы колхозы, радтой йын бæх Зыгъары æмæ уæрдон, архайы хъæуы царды, ласы Фермæйы хицау æрыгон чызг Заретæ. Кусы ма дзы ноджыдæр æрыгон специалист, зоотехник Мишæ. Мишæ ссардта зæронд машинæ æмæ ныр Хъуыдайнаты бæх Зыгъары сæр нал хъæуы. Ӕмæ зоотехник сразы кодта правленийы уæнгты ахæм тæрхон рахæссыныл: Зынгъары аргæвдын, йæ царм ын паддзахадмæ раттын, йæ дзидза та кæрчытæн – хæринагæн. Хъуыдайнат куры, цæмæй йын бæх ныууадзой йæхицæн, йæ аргъ ын йæхæдæг бафиддзæн, фæлæ Миша æхсæвгæсы хæцæнгарз райста æмæ бæхы фехста. Нæ йын бантыст бæхы амарын æмæ бæх æрбацыд Хъуыдайнатмæ. Кæуы бæх йæ мæлæты размæ, кæуы Хъуыдайнат дæр. Фæуæлахиз техникæ æрдзыл. Амард бæх. Араст хæдзармæ фистæгæй Хъуыдайнат йæ хъæбулы хъæбул Ирбегимæ, фæлæ Мишайы машинæйы дæр ничиуал сбад фермæйы кусджытæй.
- Дзуццаты Хадзы-Мураты поэзийы сæйраг мотивтæ.
Хуссарирыстойнаг хъæу Хъорнис…
Ам райгуырди Дзуццаты Арæнбеджы фырт Хадзы-Мурат.
Каст фæци астæуккаг скъоласыгъзæрин майданимæ 1952 æмæ бацыд Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институтмæ.
Уый фæстæ куыста Хуссар Ирыстоны чиныгуадзæны редакторæй, зонадиртасæн институты, Гуырдзыстоны Фысджыты цæдисы Хуссар Ирыстоны хайады бæрнон секретарæй, газет «Хурзæрин» —ы редакторæй.
1995 азæй 2000 азты онг царди Дзæуджыхъæуы, куыста журнал «Мах дуджы» редакцийы поэзийы æмæ драматургийы хайады хицауæй. Хадзы-Мураты æмдзæвгæты фыццаг æмбырдгонд рацыди 1956 азы. Уæдæй фæстæмæ рауагъта дæс поэтикон чиныджы бæрц. Сæ сæйрагдæртæ сты: «Романтикæ» (Цхинвал, 1959), «Ветер времени» (Мæскуы, 1960), «Къæвдайы кафт» (Цхинвал, 1962), «Пляска дождя» (Мæскуы, 1964), «Фæдисы æртытæ» (Цхинвал, 1967), «Равзаргæтæ» (Цхинвал, 1970), «Азты æфсæрм» (Цхинвал, 1979), «Азæй-азмæ» (Цхинвал, 1982), «Биографи» (Цхинвал), «Дыууæ дуджы астæу» (Дзæуджыхъæу, 2000).
Йæ поэзийы сæйраг мотивтæ сты: Фыдыбæстæ; мадæлон æвзаг æмæ адæмы хъысмæтыл сагъæс; ныййарæг мад.
Ме взаг —
ирон лæджы хъарæг,
ме взаг –
ирон лæджы зарæг…
ме взаг, мæ лæджыхъæд, мæ сæрибар!.. Ӕз æнæ дæу цы дæн? Ӕнæхæдзар, искæйон!
Ӕмдзæвгæйы сæйраг мидис: æвзаг, мадæлон æвзаг кæмæн ис,уымæн фывдыбæстæ, наци æмæ фидæн дæр ис.
Хадзы-Мурат канд поэт нæ уыди, фæлæ литературæиртасæг æмæ критик дæр. Бирæ бакуыста ирон фысджыты ХIХ-ХХ æнусы сфæлдыстады хицæн фарстатæ биноныгæй равзарыныл.мыхуыры йын рацыд бирæ литературон-критикон уацмыстæ æмæ монографитæ: «Беджызаты Чермены сфæлдыстад», «Знон æмæ абон», «Рæстæг æмæ литературæ», «Хетæгкаты Къостайы реализмы тыххæй» æмæ бирæ æндæртæ.
3. Нырыккон ирон поэзийæ иу æмдзæвгæ зæрдæвæрдæй (наизусть) бакæсын.
21 билет
- Дзасохты Музафер. «Урсдоны былыл Бæрæгъуыны»- ы темæ æмæ проблематикæ.
«Урсдоны былыл Бæрæгъуын»-ы мидис у ахæм. Ацы чиныджы ныхас цæуы Таучелаты сидзæр бинонтыл. Дзыцца-Дзыллæ – Хъазыбеджы мад, идæдзæй баззайгæйæ, сфæлтæрдта зындзинæдтæн. Бон колхозы кусы, æхсæв та сылгоймаджы митæ кæны: хуыйы, æмпъузы. Æмхуызон арæхсы куыд сылгоймаджы, афтæ нæлгоймаджы куыстытæм дæр. Хъæубæсты, сыхæгты фарн бирæ у. Æххуысы сæрæй куы бахъæуы, уæд сæ фарсмæ æрбалæууынц сыхæгтæ Газмæт, Бимболат, стæй мадыфсымæр Алмахситт. Цæры хохы, ис ын бирæ сывæллæттæ, фæлæ нæ рох кæны йæ идæдз хойы сидзæрты. Æрцæуы, фены сæ, сæ куыстытæ сын фæрогдæр кæны. Хохæй ма сын суг дæр æрласы. Æвæры сын ныфсытæ. Сæ алыварс ис дурзæрдæ æдæймæгтæ дæр, фæлæ Дзыцца уыдоны хъуыды дæр нæ кæны. Сабыргай хизы царды къæпхæнтыл уæлæмæ, зындзиæндтыл уæлахизгæнгæйæ. Хъазыбегæн дæр ис хорз æмбæлттæ, уæлдайдæр Тæтæрхъан. Хорз æфсымæрау йæ фарсмæ фæлæууы бахъуаджы сахат. Фæлæ æрцыд бæллæх. Быдыры куысты фæцæф Дзыцца æмæ амард. Баззадысты сывæллæттæ бынтон сидзæрæй, фæлæ нæ ныппырх сты. Сыхæгтæ, хионтæ сæм фæкастысты. Хъазыбег ма институтмæ дæр бахаудта. Мады фæстæ сæ йæхимæ æрбахъарм кодта Дзыццайы мад Нана. Уый сын каст сæ алы къахдзæфмæ дæр. Дзыцца уыд куыстуарзаг адæймаг. Уый хорз æмбæрста, царды бындур куыст кæй у, уый. Уыцы хорз миниуæгыл æй сахуыр кодтой йæ ныййарджытæ. Дзыцца уыд хорз хъомылгæнæг. Уый хъаргæ уайдзæфæй йæ сывæллæтты рæдийын нæ уагъта. Дзыццамæ хистæртæн кад кæнын бæрзонд æвæрд уыд. Уый домдта йæ хъæбултæй дæр.
Музафер дзуры фæсхæст азты дуджы иу ирон хъæуыл, сæйраг хъайтары уæззау царды уавæртыл, кæцыйы сидзæры хъысмæт слæг кодта афонæй раздæр, сахуыр æй кодта хъысмæты цæфтæн фидар лæууыныл.
- Хъодзаты Æхсары поэзийы сæйраг мотивтæ.
Хъодзаты Мæхæмæты фырт Æхсар райгуырд 1937 азы Цæгат Ирыстоны Бруты хъæуы. Каст фæци сæ хъæуы авдазон скъола. 1956 азы бацыд Цæгат Ирыстоны педагогон институтмæ. 1961-1962 азты куыста Мацутæйы скъолайы ахуыргæнæгæй. 1969 азы каст фæцис Мæскуыйы уæлдæр литературон курсытæ. Куыста Иры радиойы, уый фæстæ райдыдта кусын журнал «Мах дуджы» редакцийы. Ныртæккæ Хъодзаты Æхсар кусы журналы сæйраг редакторæй. Æхсар æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Йæ поэзийы сæйраг мотивтæ сты: мадæлон æвзаг уарзын, йæ историон хъысмæт, ирон дзырды фæзилæнтæ «Ирон дзырд», Райгуырæн бæстæйы хъысмæтыл катай, йæ хъыцъым адæм æмæ æрдзы сæфтыл «Дзау». Йæ фыццаг æмдзæвгæты чиныг рацыд 1965-ам азы. Чиныджы ном «Ӕхсар». Ӕмдзæвгæтæ «О, мысын та, мысын мæ сабион азтæ», «Ӕз æмæ знон», «Ӕртытæ» æмæ авфтæ дарддæр. Ацы æмдзæвгæты поэт сагъæс кæны царды бирæ фæзындтыл. Аивады рæсугъддзинад, йæ зæрдæйы уагимæ гармонион иудзинад æвдыст цæуы æмдзæвгæ «Кафæг чызг»-ы, Тæхудиаг уарзты рухс, лирикон хъайтары æнкъарæнтæ «Дæ цæстыты рухс»-ы, «Хурхæтæн»-ы, «Æз æмæ знон»-ы. Хъодзаты Ӕхсар кæддæриддæр уыд ирон æвзагыл æнувыд æмæ арæхстджын сæрылхæцæг. Уымæн ирд æвдисæн у йе мдзæвгæ «Ирон дзырд».
Ме взаг – ме лгъыст, мæ ард у, мæ денджыз, мæ арв у.
Куысты уа, фæдисы, мæ монц мын, мæ рис мын
Ӕвзæгты цæдисы бæрзонд арвмæ сисы.
Адæймаджы, стæй йæ алфамблай дунейы цард æвдыст цæуы йе мдзæвгæ «Галæгон»-ы. Йæ лирикæйы хуыздæр уацмыстæй иу у «Цайкъахæг». Ацы æмдзæвгæ у кусæг лæджы цардыл æнувыд кадæг, гимн.
Хъодзаты Ӕхсар ирон дзырдаивадæн зæрдиагæй лæггад кæны ныр æнусы æрдæгæй фылдæр.
3. Нырыккон ирон поэзийæ иу æмдзæвгæ зæрдæвæрдæй (наизусть) бакæсын.
22 билет
- Гæдиаты Секъа. Йе сфæлдыстады ахадындзинад ирон литературæйы. Фыссæджы гуманизм.
Секъа æрдзæй стыр зонд æмæ адæмуарзон зæрдæ рахаста, фæлæ йæ курдиат æрмæст æрдзæй нæу, уый тынг бирæ чингуытæ бакаст иронау, гуырдзиагау, уырыссагау. Секъайы уарзондæр поэт уыд Хетæгкаты Къоста, чингуытæй та «Ирон фæндыр. Гæдиаты Секъа фыста æмдзæвгæтæ, радзырдтæ,аргъæуттæ, баснятæ, аив публицистон уацтæ. Йæ удæгасæй йын мыхуыры рацыд æрмæст иунæг чиныг (æмдзæвгæты æмбырдгонд) 1905 азы «Ирон фыййау». 1906 азы «Ирон газеты» мыхуыр æрцыдысты йæ аив публицистон уацтæ. 1907 азы фæзындысты йæ таурæгътæ: «Азау», «Айссæ» æмæ «Зæлда», фæстæдæр «Саударæг ус». Секъа бацæттæ кодта цалдæр æмбырдгонды: «Ганис», «Куырм фæндырдзæгъдæг», «Цæстысыг», «Фынтæ». Уый йæ таурæгъты сныв кодта ирон хæххон лæджы диссаджы рæсугъд, фидар æмæ тыхджын удыхъæд, йæ сæрибаруарзон æмæ сæрыстыр характер. Секъа рацыд адæмæй æмæ адæмон сфæлдыстадæй, рахаста адæмы зонд æмæ зæрдæ сыгъдæг æмæ бæрзондæй, бавæрдта сæ йæ уацмысты. Адæмы хъысмæтыл уыд йе стырдæр катай, нæ рухс кодта йæ зæрдæ нæдæр феодалон дугæй, нæдæр бужуазон ахастытæй. Уымæн æвдисæн – йæ таурæгътæ «Арагуйы Ерыстау æлдар», «Азау», «Айссæ», «Зæлда», «Саударæг ус», «Садуллæ æмæ Манидзæ». Адæмы уæззау социалон хъысмæт Секъа аив сныв кодта йæ поэтикон уацмысты дæр: «Мæ бæлас», «Æнкъард хъуыды», «Фыдыбæстæ», «Хæхты маст», «Хъарæг». Ирыстоны æрдзы нывтæ равдыста йæ прозæйæ фыст æмдзæвгæты «Æрæгвæззæг Ирыстоны», «Уалдзæг Ирыстоны», «Зымæг Ирыстоны», «Сæрд Ирыстоны». Йе сфæлдыстады сæрмагонд бынат ахсы хъайтарон зарæг «Чермен». Ирон адæм раджы скодтой зарæг Тлаттаты кæвдæсард Черменыл, фæлæ Секъайы æмдзæвгæ сси адæмон зарæг. Секъайы уацмысты хъайтартæ сты рæстдзинадуарзон, сæрибаруарзон, адæймаджы ном бæрзонд чи хæссы æмæ хъæбатыр тохмæ цæттæ чи у, ахæмтæ.
- Ходы Камалы поэзийы граждайнаг мотивтæ.
Ходы Камал каст фæци Мæскуыйы М.Горькийы номыл литературон иститут, стæй Мæскуыйы рауагъта поэтикон æмбырдгондтæ рауагъдадтæ «Современник» æмæ «Советский писатель»-ы «Белые искры» — 1976 аз æмæ «Своим чередом» — 1989 аз. Уыдонимæ чиныгуадзæн «Ир»-ы: «Бонвæрнон» 1962аз, «Цæхх æмæ кæрдзын» 1966 аз, «Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц» 1970 аз; «Кар» 1974 аз; «Ном» 1979 аз; «Æрттигъ» 1983 аз. Йе мдзæвгæтæ «Фыдыбæстæ», «Быдираг хъæуы ритмтæ», «Къæвда», «Мадимæ ныхас», «Калоты Хазбийы фæстаг сахат»; цикл «Нарты кадджытæ кæсгæйæ», «Сфæлдыстад», «Рагон нырыккон зарæг», сонеттæ æмæ бирæ æндæр уацмыстæ дзурæг сты ууыл , мæ Камал поэзийы зын, фæлæ фæрнæйдзаг фæндагыл у курдиатджын поэт. Риссы йæ адæмы риссæй, цин кæны йæ адæмы циныл. Ирыстоны тыххæй цы уацмыстæ ныффыста, уыдон сты кадæджы хицæн хæйтты хуызæн, иу сæ кæны поэты уарзондзинад фыдæлты уæзæгмæ. Æнæ райгуырæн бæстæ Ходы фыртæн цард ад нæ кæны, уарзы йæ хъулон уарзтæй.
3. Нырыккон ирон поэзийæ иу æмдзæвгæ зæрдæвæрдæй (наизусть) бакæсын.
23 билет
- Хуыгаты Сергейы «Сылгоймæгтæ»-йы мидис æмæ проблематикæ.
Хуыгаты С. райгуырд 1933 азы 15 майы Хус. Ирыстоны Дзауы районы Хуыгаты хъæуы .
1944 азы ралыгъдысты йæ бинонтæ мæ æрцардысты Тарскæйы. Скъолайы фæстæ бацыд Ц.И. пед.институтмæ. Институты фæстæ куыста Дагестаны мæ Ц.Иры скъолаты, куыста редакторæй телеуынынады журнал Мах дуг-ы. Кусы абон дæр бæрнон бынæтты.
Йæ радзырд Сылгоймгтæ-йы сæйраг фæлгонцтæ сты: Будзи, йæ хо Мари мæ Будзийы бинойнаг Зæлинæ. Будзи мæ Мари схъомыл сты сидзæрæй. Будзи ахуыр кæны институты. Мари смой кодта ис сын 3-тæ чызджы,йæ лæг Филим хæстæй нал сыздæхт мæ тых амалттæй хъомыл кæны йæ сывæллæтты. Æххуыс кæны йæ кæстæр æфсымæр Будзийæн дæр. Будзи сахуыр кодта, бинонтæ æрхаста.
Иу æхсæв Зæлийæн зæгъы,цæмæй сæм цы æхца ис, уыдон уал Марийæн радтой,Зæли хъуыр-хъуыр кæны. Будзийæн тынг зын уыд,ацыд хуыссынмæ, фæлæ йæ хуыссæг фæлыгъд. Йæ зæрдыл æрлæууыд институты ма куы ахуыр кодта, уыдонæй иу бон. Мари — иу къуымбилтæ балхæдта, тæбынтæ иу сарæзта мæ — иу сæ уæй кæнынмæ схаста. Будзи дæр — иу æм базармæ бацыд. Ногæй та куымбил балхæдта, цы каппек ма йæм баззад, уыдон урс хæцъилы атыхта мæ Будзийы хæрæндонмæ бакодта. Райста хæринаг Будзийæн, æз дам Гæтыккоты авдæнттæны уыдтæн. Будзи бамбæрста сайгæ кæй кæны, фæлæ æххормаг уыд æмæ бахордта. Куы раздхтысты, уæд фæндагыл Гæтыккоты усимæ амбæлдысты. Усмæ 4 хызыны авдæнбттæнмæ балхæдта цыдæртæ, тагъд, дам, кæнын, дзуры,авдæнбæттæн нæм ис ,мæ ма байрæджы кæнон. Мари фæсырх Будзийы кæй фæсайдта мæ йын афтæ зæгъы:
-Будзи , асайдтон дæ, тарстæн иунæгæй мын куы нæ бахæрай. Дыууæйы фаг та мæм нæй. Мæнмæ дæ зæрдæ ма хсайæд, æз уæддæр хъæуы æхсæн цæрын…
Ныр Мари хæдзар аразы, мæ йæ фæнды цæмæй йын аххуыс кæна, фæлæ ацы сылгоймгтæ…
Куы сбон ис, уæд ракаст æмæ фехъуыста Зæлийы дзурын:
-Базармæ аууадтæн, Мари адджын гуыдын уарзы мæ йын алхæдтон,
3 авджы сæнтæ. Тарстæн, зæгъын куы ацæуой, мæ д куы нал æрбаййафон. Будзи æдзынæгæй касти, дысон Зæли æндæр ныхæстæ куы кодта…
- Æлборты Хадзы-Умары æмдзæвгæты мидис. Йе сфæлдыстады хигъæдон æууæлтæ.
Æлборты Хадзы — Умар райгуырд 1939 азы Х. Ирыстоны Сарабучы хъæуы. Астæуккаг скъола каст фæци, уæд бацыд педагогон институтмæ. Хадзы-Умар ирон литературæмæ æрбацыд фæндзайæм азты æмбисы. Пединституты студент ма уыд, афтæ айхъуыст йæ поэтикон барджын хъæлæс. Йæ фыццаг чиныг рухс федта 1964 азы, «Фæдисон», зæгъгæ, ахæм номимæ. Йе сфæлдыстадон авналæнтæ, йæ курдиаты цæрдхъомдзинадæй уайтагъд йæхимæ аздæхта поэзийæн табугæнджытæ æмæ литературæиртасджыты æргом.
Хадзы-Умарæн йæ поэтикон уацмыстæ семыдзаг сты сæ дугты цинтæ æмæ хъыгтæй. Уымæн та ирд æвдисæн йæ поэтикон æмбырдгæндтæ: «Фæдисон», «Мæ зæрдæйы хуызтæ», «Хуры хъæбултæ», «Уидæгты зарæг», «Бæрзонд къæвда», «Æз уыцы ‘хсæв чысыл саби уыдтæн», «Ныфсы уидаг» æмæ æндæртæ.
Йе мдзвгæ «Рухсытæ судзынц» -ы æвдыст цæуы æрдзы нывтæ, тар æмæ рухсы æнæрынцой тох. Талынгыл рухс цардæн куыд фæтых уæвæн ис.
Æмдз. «Хоры нæмыджы балладæ» -йы æвдыст цæуы æрдзы æмæ адæймаджы хæстæгдзинад. Ис æм хоры нæмыг, æнхъæлмæ йæм кæсынц, сывллонæй, мыстæй, быдырæй. Быдырты нæу сæ бон кусын, зымæг дзы мит ис, сæрдыгон знаг нæ уадзы кусын.
Хадзы-Умары æрмæст зынгæ поэтыл нæ нымайæм, стыр нысаниуæг уыд йæ зонадæн куыстæн дæр. Публицистикæйы жанры та нæ иууыл дæсныдæр æмæ профессионалондæр публицисттæй сæ иу кæй уыд, уый дæр дызæрдыггаг нæу. Ирон литературæзонады рæзтæн стыр ахъаз фесты йæ бирæнымæц зонадон уацтæ, йæ литературон-критикон уацмысты чингуытæ дæр: «Ирон литературон критикæ 30-æм азты», «Уидæгтæ æмæ къабæзтау», «Æлборты Барысби» æмæ æндæртæ.
3. Нырыккон ирон поэзийæ иу æмдзæвгæ зæрдæвæрдæй (наизусть) бакæсын.
25 билет
- Нигеры бынат ирон литературæ æмæ культурæйы, йæ поэзийы сæйраг мотивтæ – хæххон адæмы царды нывтæ.
Нигер (Дзанайты Иван) уыд курдиатджын поэт, ахуыргонд æмæ хъуыдыгæнæг, ахуыргæнæг æмæ рухстауæг. Нигер райгуырд 1896 азы 2 ноябры Нары зылды Сындзысæры хъæуы. Каст фæци ххъæууон скъола æмæ ахуыр кодта Æрыдоны дины семинары. Каст æй фæци 1917 азы æмæ бацыд Саратовы университетмæ. 1919 азы йæ акодтой хæстмæ. 1927 азы Нигер бацыд Цæгат Ирыстоны педагогон институтмæ. Каст æй куы фæци, уæд кусын райдыдта пединституты.
Хъæздыг æмæ мидисджын у йæ лирикæ. Нигер у æргомзæрдæ поэт, нæ сусæг кæны йæ цин æмæ йæ маст. Нигеры сфæлдыстады сæйрагдæр темæ у адæмы уавæр, адæмы историон хъысмæт. Адæмы бартæ хъахъхъæнын, рæстдзинад агурын сси Нигеры царды нысан. Уымæн æвдисæн сты йе мдзæвгæтæ «Размæ», «Æнкъард дæн æз..», «Хохы», «Цæр!» Йæ философон хъуыдытæ раргом сты æмдз. «Нæ тæрсын æз», «Фæстаг хъæбыс», «У цард аразæг», «Хидыл», «Цæстытыл хуыссæг нæ хæцы»-йы.
«Ды цы уыныс, дæу цы домы:
Галуан — райдзаст, хъарм, сыгъдæг.
Къух нæ атулдзынæ доны…
Суг дын — ласт, хæринаг афтæ.
Гауызтæ… дари… бæмбæг…» (æмдзæвгæ — «Дæу цы домы!»)
Ӕмдзæвгæ «Хидыл» (1927 аз). Хæхбæстæ. Арф, æнтъыснæг ком. Сау мылазон мигътæ сау нымæт æрæмбæрзтой кæмттыл. Æрра дымгæ къæйтæ æмæ дуртæ хойы къæдзæхтыл. Нарæг æмæ тæссонд хид — хохæн йæ пу фахсæй иннæмæ. «Дымгæ рæдувы бæрзонд хохы къæйты! Уайтагъд фæзылдтон мæ бæрзæй æз размæ: нал ис фæстæмæ здæхæн, нæй, нал ис: зындонмæ чи здæхы барæй йæхæдæг, хи къахæй чи цæуы ингæны хуылфмæ!?»
Иу уысм фемдзаст бæлццон, хиды бын гуылфæй цы дон цæуы, уымæ æмæ йæм бахæлæг кодта. «Зары ’мæ хъазы зæрдæбынæй хъал дон. Размæ куы скодта йæ фæндаг æдыхстæй, катай нæ кæны, фæйнæрдæм нæ кæсы. Размæ — йæ цæстæнгас, размæ — йæ тындзыд».
Бафæзмыдта бæлццон дæр, катай чи нæ кæны, уыцы хъал доны, æмæ фесхуыста хидыл размæ…
- Гуыцмæзты Алеш. Йæ хъысмæты трагизм. Адæмон характертæ йæ уацмысты.
Курдиатджын фыссæг æмæ æхсæнадон кусæг Гуыцмæзты Алыксийы фырт Алеш райгуырд 1951 азы, Цхинвалы районы рæсугъддæр хъæутæй иуы – Ортъеуы хъæуы. Астæуккаг скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд райдыдта æмдзæвгæтæ фыссын, фæлæ йе сфæлдыстадон хъару прозæйырдæм тынгдæр тасыд, æмæ йæ курдиаты тых уыцырдæм сарæзта, фæлæ æмдзæвгæтæ фыссын дæр нæ ныууагъта. 1971 азы журнал «Фидиуæджы» куы фæзындысты Алешы прозаикон уацмыстæ, уæд журналкæсджытæ дæр федтой, нæ лит-мæ кæй æрбацыд нырмæ цух цæмæй уыд, ахæм курдиат. Алешæн йæ зæрдæ æхсайдта ахуырмæ, æмæ бацыд Мæскуыйы Горькийы номыл Литературон институтмæ. Бирæ саразын бантыст Алешæн йæ цыбыр царды. Йæ удыгасæй цалдæр чиныджы мыхуыры рауадзын йæ къухы бафтыд. Уыдон сты радзырдтæ æмæ уацауты æмбырдгонд «Урс фынтæ», роман «Дæ уды фарн», сывæллæттæн фыст уацмыстæ «Чипа йæ хъуг куыд уæй кодта» æмæ æндæртæ. 1993 – æм азы мыхуыры рацыд Алешы уацмысты æмбырдгонд «Азарут иронау, лæппутæ…» Алеш… Ирон фыссæг… Ирыстоны хæстон… Цыбыр уыд йæ цардвæндаг… æрмæстдæр дыууиссæдз азы. Нæуæдзæм азты Хуссар Ирыл утæхсæн бонтæ куы скодта, уæд Алеш æрлæууыд йæ хъахъхъæнджыты æмрæнхъ, райгуырæн зæххы сæрвæлтау йæ уд нывондæн æрхаста хъæбатыр хæстонау. «Бирæ цардæй – бирæ кад хуыздæр у», — фæзæгъынц. Алеш цы ныффыста æмæ цы сарæзта хорзæй, уыдон æнусмæ цæргæйæ баззайдзысты ирон адæмы æхсæн, ирон лæджы зæрдæйы… Алеш ныгæд æрцыд Чъребайы 5-æм скъолайы кæрты.
3. Нырыккон ирон поэзийæ иу æмдзæвгæ зæрдæвæрдæй (наизусть) бакæсын.
24 билет
- Мамсыраты Дæбейы сфæлдыстады характеристикæ. Йæ радзырдты идеон мидис.
Мамсыраты Дæбейы сфæлдыстад у бирæвæрсыг. Ирон фысджытæй уый бæрц чингуытæ ничи рауагъта. Куыста алы жанрты: поэзи, прозæ, драмæйы. Кодта тæлмац. Фыста очерктæ, критикон уацтæ. Дæбейы поэзи сæйраджыдæр æвзæрд партион политикон домæнтæй, нæ ахады ирон поэзийы историйы. Йæ драмон уацмыстæ дæр нæ бацахстой зынгæ бынат ирон литературæйы къæбицы.
Дæбейы курдиат хъомысджындæр уыдис прозæйы. Уæлдай идейон-эстетикон ахадындзинад ис йæ радзырдтæн. Дих кæнынц цалдæр тематикон къордыл.
1. Мидхæсты цаутæ. Радзырд «Пакет» у лæгдзинады таурæгъ. Хабаргæнæг Абысал мысы мидхæсты цаутæ, урс æфсад æмæ партизанты хæст. Таурæгъ æвдисы хуымæтæг хæххоны лæгдзинад. Дзæрай хæссы пакет, хъуамæ йæ уæззау хæххон фæндæгтыл фæхæццæ кæна штабмæ, йæ размæ бады мæлæт. Фæцæф и знаджы нæмыгæй, донмæ ныххауд, фæлæ архайы пакет æфснайыныл. Ӕцæг хабарыл амад у радзырд «Ирвæзынгæнæг». Дæбе æвдисы 1920 азты цаутæ. Архайд цæуы Каспы денджызы былгæрон. Урс æфсад горæтæй лидзынц, сæ бон ахæссын цы нæу , уый дæрæн кæнынц. Радзырды хъайтар Мæхæмæт – хуымæтæг машинист ныллæууыд знаджы ныхмæ. Нæ бауагъта срæмудзын кæнын хотыхты вагæттæ.
2. Ног уавæртæ æмæ ног хъайтартæ. Радзырд «Фыццаг къахдзæф». Радзырды хъайтар сидзæргæс сылгоймаг Дасхан æвзæрст æрцыд хицауы бынатмæ. Кусы тынг хорз, фæлæ бирæты зæрдæмæ нæ цæуы сылгоймаг-хицау, алы дам-думтæ йыл мысынц хæлæггæнджытæ. Уыцы фидисы ныхæстæ фехъусгæйæ, Темыр амары йæ хойы. Радзырд «Цыт» æвдисы царды ивæнтæ . Дзынга æмæ Цолайы царды истори нын аивæй æвдисы фыссæг. Дзынга хинæй цæуы Цолайыл, фæлæ царды рæстдзинад (тугцъир цæуы сæфтмæ, кусæг аразы йæ цард) фæуæлахиз вæййы. Радзырды кæрон уынæм Цолайы куыст æмæ лæгдзинадæн аргъгонд æрцыд.
3. Хæст æмæ хъайтартæ. Радзырд «Мастисджытæ».
4. Царды хъæнтæ æмæ къахыр удтæ. Радзырд «Аууон». Сауаты Гæбилы тæппуд миддуне аив æвдыст æрцыд сатирæйы ахорæнтæй. Иннæ ахæм радзырд «Фæсмон». Ӕвдыст дзы цæуынц советон бюрократизмы æууæлтæ. Хæмæтхъаны æмбырды бахъуыд дзурын, фæлæ хицауы ныхмæ дзурын нæ уæнды, йæ бынатæн тæрсы. Систой хицауы æмæ фæсмонæй мæлы, йæ ныхмæ карзæй кæй нæ рахæцыд, уымæ.
- Фæстаг азты ирон литературæйыл афæлгæст.
- Нырыккон ирон поэзийæ иу æмдзæвгæ зæрдæвæрдæй (наизусть) бакæсын.
Создан заказ №987975
22 февраля 2016
Туаты Дауыт Сидзаергаес
Как заказчик описал требования к работе:
Нужен аспирант или преподаватель, чтобы помочь сделать сочинения по литературе, сроки очень сжатые. Отзовитесь, пожалуйста!
Заказчик не использовал рассрочку
Гарантия сервиса
Автор24
20 дней
Заказчик воспользовался гарантией для внесения правок на основе комментариев преподавателя
23 февраля 2016
Заказ завершен, заказчик получил финальный файл с работой
Туаты Дауыт Сидзаергаес.docx
2016-02-26 18:35
Последний отзыв студента о бирже Автор24
Положительно
Отличный автор и человек. Написал крутое сочинение в очень сжатые сроки. Работой я остался доволен.
Хочешь такую же работу?
Зарегистрироваться
Тебя также могут заинтересовать
по этому предмету
по этому типу и предмету
Читай полезные статьи в нашем
Исаак Эммануилович Бабель, русский советский писатель, переводчик, драматург и журналист
Родился в 1894 г. в г. Одесса.
Закончил Одесское коммерческое училище.
В период 1911-1916 годов Бабель учился на экономическом отделении коммерческого института г. Киев. Одновременно с этим обучался на четвертом курсе юридического факультета Петроградского психоневрологического института.
В 1916-ом г. в журнале «Летопись» были опубликованы два его первых рассказа, что были положительно оценены крити…
подробнее
Уильям Шекспир
Отец Уильяма, Джон Шекспир, был богатым производителем и торговцем перчаток и изделий из кожи, а его мать, Мэри Арден, была дочерью богатого крестьянина. Уильям был третьим из восьми детей в семье. В
1582
году, в
18
-летнем возрасте, он женился на Энн Хатауэй, дочери местного землевладельца, которая была на
8
лет его старше.
В связи с разницей в возрасте, а также тот факт, что Энн была на трет…
подробнее
Данте Алигьери
Данте Алигьери является истинно громадной фигурой Средневековой культуры. Это крупнейший поэт из Италии, мыслитель и богослов, политический деятель и литературовед оставил после себя в наследство потомкам свою «Божественную комедию». Исторических сведений о его жизни дошло до наших дней очень мало. Главным источником знаний служит автобиография, которая он описывает лишь конкретный период своей жи…
подробнее
Исаак Эммануилович Бабель, русский советский писатель, переводчик, драматург и журналист
Родился в 1894 г. в г. Одесса.
Закончил Одесское коммерческое училище.
В период 1911-1916 годов Бабель учился на экономическом отделении коммерческого института г. Киев. Одновременно с этим обучался на четвертом курсе юридического факультета Петроградского психоневрологического института.
В 1916-ом г. в журнале «Летопись» были опубликованы два его первых рассказа, что были положительно оценены крити…
подробнее
Уильям Шекспир
Отец Уильяма, Джон Шекспир, был богатым производителем и торговцем перчаток и изделий из кожи, а его мать, Мэри Арден, была дочерью богатого крестьянина. Уильям был третьим из восьми детей в семье. В
1582
году, в
18
-летнем возрасте, он женился на Энн Хатауэй, дочери местного землевладельца, которая была на
8
лет его старше.
В связи с разницей в возрасте, а также тот факт, что Энн была на трет…
подробнее
Данте Алигьери
Данте Алигьери является истинно громадной фигурой Средневековой культуры. Это крупнейший поэт из Италии, мыслитель и богослов, политический деятель и литературовед оставил после себя в наследство потомкам свою «Божественную комедию». Исторических сведений о его жизни дошло до наших дней очень мало. Главным источником знаний служит автобиография, которая он описывает лишь конкретный период своей жи…
подробнее
Билетты фӕрстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕ ирон лит-йӕ 11-къласӕн
Билет №1. 1.Ирон литературӕйы равзӕрд.
18-ӕнусы ӕмбисы райдыдта ирон адӕмы ног истори.Дыууӕ ӕнусы манголтимӕ тугуарӕн хӕстӕн кӕрон ӕрцыд.Ӕппӕт Кавказы адӕмты раз фӕзындис фарст: цы фӕуой, кӕдӕм цӕуой сӕ дарддӕры цардвӕндагыл? Сӕ разы уыд дыууӕ фӕндаджы: кӕнӕ пысылмон Турк кӕнӕ Уӕрӕсе. 1865 азы ирон дзыллӕйӕ иу хай равзӕрстой Турк ӕмӕ фӕлыгъдысты уырдæм, иннӕтӕ баззадысты Уӕрӕсейы. Сабыргай нӕ адӕмы ӕхсӕн национ хиӕмбарынад рӕзын райдыдта. Ирыстоны чырыстон дин сног кӕнынӕн арӕзт ӕрцыд къамис (1743 азы). Къамис 18 -ӕнусы дӕргъы архайдта, цӕмӕй ирон сабитӕн арӕзт ӕрцӕуа дины скъола ӕмӕ дины чиныг. Уымӕ гӕсгӕ 1-аг скъола арӕзт ӕрцыд 1753 азы -Мӕздӕджы. 18-ӕнусы кӕрон фыццаг ирон чиныгӕн дӕр бантыст йӕ рауадзын 1798 азы Мӕскуыйы ахӕм номимӕ «Начальное учение человеком, хотящим учитися книг божественного писания». Ацы чиныджы размӕ ма уыд ирон ӕвзагыл Хуыцаумӕ кувӕн чингуытӕ, фӕлӕ сӕ къухы ницы баззад. Уымӕ гӕсгӕ ацы чиныг нымад ӕрцыд фыццаг ирон чиныгыл. Литературӕйы фӕзынды ӕнӕмӕнг культурон уавӕрыл нымайӕм: сӕйрагдӕр —скъола ӕмӕ чиныг.
19-ӕнусы фыццаг ӕрдӕджы Ирыстоны (Цӕгаты дӕр ӕмӕ Хуссары дӕр) иугай скъолатӕ уыд, ирон сабитӕ кӕм ахуыр кодтой, ахӕмтӕ. Хъӕздыг адӕм сӕ сабитӕ ӕрвыстой Уӕрӕсейы скъолатӕм, уӕлдайдӕр та —ӕфсӕддон скъолатӕм. Афтӕмӕй рӕзыд ӕмӕ бӕрзонддӕр кодта иумӕййаг ахуырдзинад, кӕсын-фыссын чи зыдта, уыдоны нымӕц. Фӕзынд нӕм ахуыр лӕгтӕ, адӕмы хсӕн рухстауӕн куыст чи кодта, ахӕмтӕ (Колыты Аксо, Ӕгъуызаты Иуане).
2. Брытъиаты Елбыздыхъо. Трагеди «Амыран» — ы сюжет ӕмӕ идейон мидис.
Брытъиаты Е. уыд ӕхсӕнадон кусӕг ӕмӕ курдиатджын фыссӕг. Райгуырд 1881 азы 23 мартъийы Куырттаты комы, Дӕллагхъӕуы. Йӕ ныййарджытӕ уыдысты зӕхкусджытӕ. Елбыздыхъо нымад у ирон литературӕйы куыд –ирон театр ӕмӕ драматургийы бындурӕвӕрӕг. Йӕ тыхтӕ сарӕзта ирон театр саразынмӕ. Йӕ драмӕты бындурыл фӕзынд ирон театр. 1905 азы революцийы тохы бацыд , ӕрцахстой йӕ ӕмӕ йӕ ахастой Назраны фидармӕ.Фӕлӕ уым дӕр нӕ ныуагъта йӕ фыссыны куыст. Фӕтӕгены рухсмӕ ныффысста йӕ диссаджы драмӕ «Дыууӕ хойы». Елбыздыхъойӕн йӕ фӕстаг егъау драмӕ уыд «Амыран». Драмӕйыл хъуыды кӕнын раджы райдыдта , фӕлӕ йӕ фыста 12 азы. Райдыдта йӕ фыссын 1909 азы ӕмӕ йӕ фӕцис 1921 азы. Елбыздыхъо йæ драмæйы равдыста революцийы уылæнтæ. 1905 -07 азты кæй нæ фæуæлахиз революци ,уый тыххæй тынг хъыг кодта. Уымæ гæсгæ Советон хицауад куы ӕрфидар , уӕд ӕй фӕцис фыст,уымæн æмæ Елбыздыхъо йӕ разы цы хӕстӕ ӕрӕвӕрдта, уыдонӕн дзуапп ссардта Октябры революци куы фӕуӕлахиз, уӕд . Уымæн 12 азы цы нӕ бантыст , уый йын бантыст цалдӕр мӕймӕ.
Драмӕйы сӕйраг архайӕг, фыййау Бесæ бахауд бӕрзонд хохы цъасмӕ. Уым банызта суадонӕй, кӕцы арӕзт уыд Амыраны туг ӕмӕ цӕссыгӕй. Уæд бамбæрста Амыраны сагъæс, æмæ ракаст йæ цæстытæй. Бамбæрста Амыран кæй у адæмы хæрзгæнæг. Бамбæрста адæмæн уæларвæй зынг чи æрхаста, уый лæгæты баст кæй у æмæ йын уари кæй хæры йæ игæр æмæ йын æххуыс кæй хъæуы. Æххуыс та йын уый бакæндзæн æмæ йын йæ суадонæй чи фæхъæстæ уа. Суадонæй фæхъæстæ Бесæ.Тох кæны йе суæгъд кæныныл. Уый тыххæй хъуыд рæхыс. Рæхыс саразынæн та—куырдадз. Куырдадз саразынæн та—рæстæг.( Ома ацы рæстæг — 1905-æй —1917-мæ рацыд 12азы — революцийы рæстæг).
Бесæ райдыдта кусын , нæй йын æххуысгæнæг. Адæм ыл не ууæндынц, схæрам æм сты йæ бинонтæ дæр. (Фыссæг та афтæмæй æмбарын кодта революцийы хабар адæмæн). Бесæ уæддæр сарæзта рæхыс æмæ йæ схаста лæгæтмæ. Адæм æй фæстæмæ фæкæсын кодтой æмæ уымæй уыд Бесæйы мæлæт. Арв æй арцавта æмæ фæмард, лæгæты дуæрттæ ахгæдта.(Ам дæр та фыссæг зæгъы ,ома иунæг адæймагæн йæ тых фаг нæу сæрибар ссарынæн).
3. Трагеди— у ахӕм уацмыс цы ран сӕйраг архайӕг ӕрцӕуы мард.
Билет №2.
1.Ирон адӕмы дзургӕ сфӕлдыстад куыд литературӕйы фӕзынды аивадон бындур. «Нарты кадджытӕ».Сӕйраг циклтӕ ӕмӕ хъайтартӕ. Кадджыты историон бындур.
Раджы заманы нӕ уыдис фыссынад ,нӕ уыдис чиныг.Уымӕ гӕсгӕ адӕм сӕ хъуыдытӕ,се нкъарӕнтӕ ,сӕ бӕллицтӕ ӕвдыстой дзыхы ныхасӕй, аргъӕутты , таурӕгъты, кадджыты, уыци- уыциты, ӕмбисӕндты фӕрцы. Ацы хуызтӕ сты адӕмон сфӕлдыстад, кӕнӕ та фольклор.
Уæдæ адӕмон сфӕлдыстадӕн ис цалдӕр хуызы: аргъӕуттӕ, кадджытӕ, зарджытӕ, ӕмбисӕндтӕ, таурӕгътӕ, уыци-уыцитӕ.
Ацы хуызтӕй зынгӕдӕрыл нымад сты кадджытӕ,уӕлдайдӕр та Нарты кадджытӕ. Нарты кадджытӕ дих кӕнынц 5 циклыл:
1.«Уӕрхӕг ӕмӕ йӕ фырттӕ».
2.«Уырызмӕг ӕмӕ Сатана».
3. «Хӕмыц ӕмӕ Батрадз».
4. «Сослан».
5. «Сырдон».
Нарты кадджыты сӕйраг хъайтартӕ сты :
УЫРЫЗМÆГ—Нарты зондамонӕг, сӕ кадджын хистӕр, фӕразон.
ХÆМЫЦ—Нарты хистӕртӕй, Уырызмӕджы кӕстӕр ӕфсымӕр.
СОСЛАН—хъӕбатыр, ныфсхаст, ӕндонӕй сӕрст, ӕрхъуыдыджын.
БАТЫРАДЗ—Нарты хъӕбатыртӕй иу, АИПП кӕмӕ нӕй , ахӕм болат гуырд ,
тох кодта уӕйгуыты, зӕдты, хуыцӕутты ныхмӕ.
СЫРДОН—Нартӕн фыдбылызтӕ аразӕг, цыргъӕвзаг, цыргъзонд адӕймаг.
САТАНА—Нарты ирвӕзынгӕнӕг стонг заманы, зондджын, кӕрдзын дӕттон.
Йӕ къӕбиц уыд уӕле исгӕ, бынӕй ахадгӕ, абон дӕр ма ӕмбисондӕн баззад
«Сатанайау бӕркадкъух», зӕгъгӕ.
Нарты кадджыты ӕвдыст ӕрцыд нӕ раг фыдӕлтӕн сӕ тых, сӕ зонд, сӕ хъару, сӕ цард ӕмӕ сӕ культурӕ.
Нартмӕ уыдис ӕртӕ мыггаджы:
1.БОРӔТӔ -уыдысты фӕрныг, мулкӕй хъӕздыг.
2.ӔХСӔРТӔГКАТӔ-хъӕбатыр мыггаг.
3. АЛӔГАТӔ- лӕгӕй хорз.
Нарт дих кодтой ӕртӕ хайыл:
-
Уӕллаг Нарт.
-
Астӕуккаг Нарт.
-
Дӕллаг Нарт.
2.Гӕдиаты Цомахъ. «ОС-Бӕгъатыр». Трагедийы историон бындур, йӕ конфликт.
Гӕдиаты Цомахъ райгуырд 1882 азы,14 январы, Ганисы хъӕуы, Хъуды комы. Йӕ фыд Секъа цардагур ралыгъд ӕд бинонтӕ ӕмӕ ӕрцард Джызӕлы.Секъа йӕ сывӕллӕттӕй Цомахъӕй фылдӕр никӕй уарзта. Цомахъ нымад у нӕ лит-йы куыд поэт,прозаик,куыд революционер. Уымӕ гӕсгӕ йӕ ӕрцахстой 1908-азы. Дыууӕ азы фӕбадт ахӕстоны, стӕй хаст ӕрцыд Сыбырмӕ.Сыбырӕй сыздӕхт 1917 азы, йе нӕниздзинад фесӕфта , афтӕмӕй. Амард 1931 азы , 24 октябры.
Йӕ цардмӕ гӕсгӕ дих кӕны йе сфӕлдыстад дӕр —3 хайыл:
-
—-1905 азмӕ.
-
1909—1917 азмӕ.
-
1917—1931 азмӕ.
Йе сфӕлдыстады зынгӕ бынат ахсы трагеди «Ос-Бӕгъатыр».
Мыхуыры рацыд 1929 азы.
Архайд цӕуы Иры хӕхты ӕмӕ Гуырдзыстоны. Ирыстоны, Цӕгаты адӕмы ӕлхъивынц манголтӕ, кӕсӕг, Хуссары та ӕвирхъау митӕ кӕнынц гуырдзиаг ӕлдӕрттӕ. Иннӕрдыгӕй сӕм лӕбурынц цӕцӕн, тӕрынц сын сӕ фос, кӕнынц сӕ цагъарӕн.
Хӕлдис ирон фарн. Уымӕн ӕмӕ Ирон адӕмӕн нал уыд паддзах, стӕй сӕм нӕ уыд ӕфсад, политикӕ.ӕмӕ ӕдасдзинады стратеги(закон).
Трагедийы сæйраг архайæгæ Габе- адӕмы раздзог, (ОС-Бӕгъатыр)ӕххуысмӕ растад мӕгуыр адӕмӕн. Сӕрибар кӕны ӕппӕт мӕгуыр адӕмы Ир ӕмӕ Гуырдзыйы хъӕуты ӕлдӕрттӕй.
Ис ын ӕххуысгӕнджытӕ Ирӕй дӕр ӕмӕ Гуырдзыйӕ дӕр. Ӕлдӕрттӕ кӕд ӕмӕ Гуырдзиаг ӕлдӕрттӕ уыдысты , уӕддӕр Габе фӕдзӕхсы йӕ адӕмы, цӕмӕй ӕнӕаххос гуырдзыйӕ мачи ӕрцӕуа ӕфхӕрд.
Пырх ӕрцыд ӕлдары фидар(крепость). Мард фӕцис ӕлдар. Суӕгъд кодтой ныккӕндӕй ахст адӕмы. Ӕлдары чызг куры, цӕмӕй йын баныгӕной йӕ фыды. Габе сӕххӕст кодта чызджы курдиат. Ӕлдар йӕхӕдӕг фыдлӕг уыд. Ирон сылгоймӕгтӕн йӕ къӕбылаты хӕссын кодта. Уахтанджы мад ӕмӕ фыды сифтыхта ӕмӕ сыл дур ласта. Уымӕ гӕсгӕ йӕ фырт мард ӕрцыд Уахтанджы къухӕй.
Кетеван бауарзта Габейы. Акодтой йӕ семӕ Габейы мадмӕ.Кетеван ӕмӕ Гыццийы тынг фӕндыд ӕмӕ Габе куы бафидыдтаид ӕлдӕрттимӕ.
Ӕлдӕрттӕ йӕм барвыстой , цӕмӕй бафидауой. Габе сыл баууӕндыдис ӕмӕ сӕ амӕттаг фӕцис. Уый Кетеван куы фехъуыста , уӕд уый дӕр йӕхи доны ныппӕрста.
3.Метафорӕ — у грекаг дзырд, амоны дзырдӕн йӕ фӕсномыг, ахӕсгӕ нысаниуӕг.
Билет №3.
1.Плиты Грис. Фыдыбæстæйы хæсты темæ Грисы сфæлдыстады.
Поэмæ «Авд цухъхъа»-йæ(скъуыддзаг наизусть).
Плиты Грис райгуырд Хуссар Ирыстоны , Ручы хъæуы 1913 азы. Йæ ныййарджытæ уыдысты зæхкусджытæ. 1920-азы йæ ныййарджытæ ралыгъдысты Хуссар Ирæй Цæгат Ирмæ æмæ æрцардысты Ногиры. Скъолайы фæстæ ахуыр кодта Цæгат Ир. Педтехникумы, Мæскуыйы аивадон скъолайы артистты хайады. 1935 азы байгом ирон театр æмæ уым куыста актёрæй. Фыссын райдыдта1929 азты. Йе сфæлдыстады зынгæ бынат ахсы йæ поэмæ«Авд цухъхъайы». Гæздæнты 7 æфсымæр сæ удтæ нывондæн æрхастой Райгуырæн бæсты сæрвæлтау.Сæ мад, Тасойы сагъæс æмæ хъыг æвдыст æрцыд ирдæй поэмæйы. Поэт радзырдта 7 хъæбулы сæфты хабæрттæ хъарæджы хуызы. Ирдæй æвдыст æрцыд куыд хæстонты хъæбатырдзинад , афтæ мады хъæбатырдзинаддæр. Уый у фæлмæнзæрдæ, рæвдауаг æмæ фидар адæмаг. (скъуыддзаг наизусть).
2.Джыккайты Шамил. «Хъодыгонд зæд». Патриотизм æмæ национ иудзинады идейæ трагедийы.
Шамил райгуырдис Хуссар Ирыстоны Дзомагъы хъӕуы 1940 азы , 25-февралы. Йӕ фыд Федыр , 1952 азы ралыгъд Цӕгат Ирыстонмӕ ӕмӕ ӕрцард Камбилевкӕйы. Ам каст фӕцис 1958 азы скъола дӕр. Дарддӕр ахуырмӕ бацыд Цӕгат Ирыстоны паддзахадон институтмӕ ӕмӕ каст фӕцис ирон филологон факулет. Уый фӕстӕ куыста Цӕгат Ирыстоны радиойы редакторӕй. 1965-1968 азты ахуыр кодта аспирантурайы. Куыста телеуынынады студийы редакторӕй. 1970 азы бахъахъхъӕдта кандидаты диссертации ӕмӕ уӕдӕй фæстæмӕ куыста Ц И П У-йы ирон филологийы кафедрӕйы сӕргълӕууӕгӕй, фæлæ 26-майы 2011 азы Цæгат Ирыстоны мард фæцис 34-аздзыд Давид Мурашевы къухæй. Ацы хъуыддагæн йæ аххосаг уыдис ахæм æмдзæвгæ
(Текст стихотворения Джигкаева «Отправляются волчата совершать хадж» (перевод)
Фæцæуынц бирæгъы цот хадзы, / Едут волчата на Хадж
Кæрон сæ тæригъæдтæн нæй. / Нет конца их преступлениям
Йæ кæнон тугдзых сырд нæ уадзы, / Не угомонятся кровожадные хищники
Лæбуры хурмæ дæр зыдæй. / Даже кидаются на солнце.
Сæ хъуыран бирæгътæн — ыссыртæ, / Святая книга этих волков — клыки
Вæййы сæ ламаз дæр фыдвæнд; / Даже молитва — с преступным умыслом
Хуытау нæ уæлмæрдты цъæх сырдтæ / Как свиньи на нашем кладбище зёлёные /звери
Кæнынц Хуыцауы раз фыдгæнд. / Совершают перед Богом злодеяние.
Гъей, сихтæ! Зæхх уæ быны ризæд, / Эй, шейхи! Пусть земля дрожит под /вами,
Кæнут уæ ингæнтæ хуылыдз! / Увлажняйте свои могилы!
Æлгъыст фæут, æлгъыст! — фæмизæд / Проклятые, будьте прокляты! — пусть
Уæ кувæн сау дурыл мæ куыдз. / На вашем молитвенном чёрном камне /мая собака помочится
Шамилæн кæд æмæ йæ царды бонтæ цыбыр разындысты , уæддæр йе сфæлдыстад егъау бынат бацахста ирон литературæйы.
Йæ трагеди «Хъодыгонд зӕд» — ы ӕвдыст ӕрцыд 13—14-ӕнусы цаутӕ.
— Кæддæр йæ ном æгас Европæ æмæ Азийыл кæмæн ныхъхъæр, йæ аргъуантæ ныр дæр ма Кубаны доны былтыл бæрзонд рындзтæй сæрыстырæй кæмæн фæлгæсынц, сæрбахъуыды йæ домбай сыхæгтæ æххуысагур кæмæ цыдысты, уыцы Аланты паддзахадыл XIII æнусы æрцыди стыр бæллæх: манголты æрдонгтæ йыл туджы зæйтæ рауагътой. Ир къордтæ – дихтæ ныййисты. Се ‘лдæртты фылдæр хай сæхи радтой тыхгæнджыты къухмæ, фæсдзæуинтæй сын ныллæууыдысты… Ирæттæ – сæ фыдгулты æфсады уылæнтимæ мингæйттæй фæхауæггаг сты сæ райгуырæн бæстæй. XIII æнусы ирæтты иу хай афтыди Хъырыммæ, иннæ та туркаг адæмыхæттытимæ бахæццæ суанг Венгримæ æмæ æндæр бæстæтæм. Уыдæттæ зонгæйæ Шамил æрцыд æхæм хъуыдымæ, цæмæй ныффысса йæ фыццаг трагедии æмæ зæгъы:
«Ирыстон цæмæй риссы? Нæ хицауад нæ æргæвдынц, Ирыстоны сафынц. Адæм ныддихтæ сты! Ау, ирон адæм никуыуал баиу уыдзысты? Ау, ирон аддæммæ сидæн дæр нæй? Æцæг уæззау, цагъар уавæры куы ис Ирыстон… æмæ цæй тыххæй райдыдтон фыссын мæ трагеди? Рæстæг æй домдта. Мæн фæндыд, мæ зæрдæйы арфы цыдæриддæр ис, уый зæгъын».
Хæрз цыбыртæй йæ сюжет:
— Борæхан – Аланийы фæтæджы фырт – æрыздæхт йæ фыды уæзæгмæ æцæгæлон бæстæты дард балцæй æмæ йæ æрæййафы тынг зын уавæры, змæст рæстæджы. Цалынмæ Борæхан балцы ром æмæ бердзентæм цыдис, фæрныг адæмыл зондагур зылдис, цæмæй уый фæстæ йæ фыды – фæтæджы кард хæссын фæраза, уæдмæ йæ фыд мард æрцыдис, адæм та хуыдуг кодтой Сыгъзæрин Ордайы æфсондзы бын. Бæстæ ныммур, ныддихтæ ис, алыран – хæстытæ, цагъардзинад, адæмы æппæтиумæйаг тых саст. Æмæ Борæханы бынат бацахста бонджын Атох.
Уый афтæ æнхъæлдта, æмæ фæтæджы фырт никуыуал æрыздæхдзæн йæ балцæй. Борæхан тынг ныфсджынæй æрцыд йæ райгуырæн зæхмæ, уыд æвдисæн æндæр адæмты историон тохы хъæбатырдзинæдтæн, фехъуыста Куликовы быдыры уырысы уæлахиздзинад. Æмæ куы федта, цавæр уавæры ис йæ бæстæ, уæд йæ зæрдæ байдзаг арф патриотон æнкъарæнтæй.
Йæ хъуыдыйы ис Аланыстон йæ къæхтыл слæууын кæнын, мангойлаг залымæй йæ фервæзын кæнын. Атох æмæ йæ хъузæттæ Борæханы ныхмæ слæууынц. Йе рцыдмæ йын йæ фыды кæй амардтой, уый сæм фаг нæ фæкаст, ноджы ма Буртæджы дзыхæй адæм базонынц мæнг ныхас, ома Борæхан Гæтæджы фырт Сосланы фæсхохмæ арвыста æмæ йæ бабын кодта. Адæмы хъуыды сзыгъуыммæ кодтой, адæм нæ бамбæрстой, цæмæн хъæуы мæсыг, баууæндыдысты Атох æмæ Дзуары лæгыл, хъоды бакодтой Борæханыл. Ноджы ма Борæханы уарзон чызг Зæринæ, Атохы фырт Елбердæй Бæрæханы тыххæй дам – думтæ фехъусы, омæ, сахарты хæтаг устытыл зылдис æмæ дзы иуимæ фидыд у, зæгъгæ, æмæ йæхи атигъ кæны Борæханыл.
Фæлæ уæддæр йæ зæрдæ ссудзы арф патриотон æнкъарæнтæй. Патриотизм ахъаз у адæймагæн йæ хуыздæр миниуджытæ раргом кæнынæн. Раргом вæййынц Борæханæн йæ æмбæхст миниуджытæ. Йæ зæрдæйы тохы арт пиллон суадзы, куы фехъусы, адæм кæй бамбæрстой сæ цагъарад, кæй сразы сты сæрибарыл тохмæ цæуыныл , уæд.
Борæхан аразы мæсыг… Мæсыг та у иудзинады символ, сæрибары символ, тохы символ.
«Хъодыгонд зæд», Шамилы фыццаг драмон уацмыс у. Сценикон цард федта 1980 азы. Йæ режиссер – Дзиуаты Анатолий. Борæханы ролы УСФСР-йы адæмон артист Уататы Бибо. Кæд ивгъуыд Ирыстоны хъайтар уыд Борæхан, уæддæр æй адæм «райстой», куыд абоны хъайтар, афтæ. Уымæн æмæ нæ абоны цардмæ бахаста ног хъуыды, адæмы хоны иудзинадмæ, ныфс сын дæтты. «Режиссер Дзиуаты Анатолий фыццаг бæхты театр «Нартæ» байгом кодта Джыккайты Шамилы пьесæмæ гæсгæ арæзт спектакль «Хъодыгонд зæд»-æй
3.РЕФРЕН —алы куплеты фӕстӕ дӕр фӕлхатгонд куы цӕуы рӕнхъытӕ.
Зӕгъӕм «Сагъӕстӕ» йы—Уӕ нӕ хӕхтӕ нӕ бӕстӕ ………
Билет №4.
1.Æгъуызаты Иуане— фыццаг ирон рухстауæг.
Æгъуызаты Иуане Гиуæргийы фырт , йе цæг мыггаг –Гæбæратæй, цæмæй уæздан мыггагыл нымад æрцыдаид , уый тыххæй йæхи ныффыста рагон ирон паддзахы мыггаг Æгъуызатыл. Райгуырд Хуссар Ирыстоны Залдайы хъæуы . Ахуыргæндтæ куыд сбæрæг кодта , уымæ гæсгæ, чысылæй ахауд Гуырдзыстонмæ, Калакмæ, æмæ паддзах Илакрийы æххуысæй ахуырмæ бацыд дингæнæг Карумидземæ. Ахуыр æй кодта гуырдзийаг æвзагыл. Ахуыры фæстæ нысангонд æрцыд ахуыргæнæгæй Душетмæ. Акуыста дзы 3-азы , стæй кусын райдыдта тæлмацгæнæгæй, Уырыссы паддзахæн гуырдзыстоны цы хицæуттæ уыд, уыдонимæ.
Хицæутты хъуыдис , цæмæй сæ адæм бамбарой , æмæ уый тыххæй та хъуыдис семæ сæ мадæлон æвзагыл ныхас кæнын. Иуане та хорз зыдта 3- æвзаджы æмæ зæрдиагæй куыста семæ. Æмбарын кодта ирон адæмæн , цæмæй уырысы адæмы ныхмæ ма стох кæной, уыдон сæ бахъахъхъæндзысты гуырдзийаг æлдæртты æфхæрдæй,уæлдайдæр та Мацабел æмæ Ерыстау æлдарæй.Куыста Калачы дины семинары дæр , амыдта семинары ирон сабитæн ирон æмæ гуырдзийаг æвзаг.
Фæстагмæ рынчынтæ кæнын райдыдта. Йæ тыхтæ ма радта ирон æвзагыл дины чингуытæ тæлмац кæнынмæ, сарæзта райдайæн скъолатæн абеты чиныг «Дамгъуат», стæй ма саразын кодта Хуссар Иры Чеселтгомы иу скъола. Æппæт ацы хабæрттæ дзурæг сты Иуане рухстауæг кæй уыд.
Иуане амард 1830 азы, 5августы халерæй.
Иуане ма махæн ныууагъта хъайтарон кадæг гуырдзийаг æвзагыл фыстæй «Алгузиати»,зæгъгæ , кæцы ран бæрзонд бынаты æвæры ирон лæджы кад. Ирон æвзагмæ йæ ратæлмац кодта Бестауты Геуæрги, «Алгъуызы кадæг» , зæгъгæ.
2. Булкъаты Михал. Роман «Теркæй — Туркмæ»-йы конфликт æмæ ныхмæвæрд фæлгонцтæ.
Хъомысджын, хъæбатыр хæстон адæм уыдысты нæ рагфыдæлтæ. Фæлæ амондджын нæ рауад нæ хъысмæт историйы. Фыццаг гунты ныхмæ тохы æрдæг фесты нæ кадылмард фыдæлтæ, уый фæстæ та сæ тæтæры
æрбабырст ныппырх кодта Кавказы хæхты цъассыты. Цы армыдзаг адæм ма баззад ирæттæй, уыдоны иу къорд та Турчы æдзæрæг быдырты баззадысты.
Уырыссаг-туркаг хæст куы банцад, уæд ирон хæстонтæ дæр сыздæхтысты сæ райгуырæн уæзæгмæ, адæм сын цины куывдтæ фæкодтой, скодтой сыл кады зарджытæ. Паддзах сын радта хохæй быдырмæ ралидзыны бар. Кодтой амондджын царды уынаффæтæ. Фæлæ уæдмæ стыхджын уырысы паддзахы колониалон политикæ дæр. 1840-м азы рацыд паддзахы бардзырд, цæмæй быдыры зæххытæ уæгъдгонд æрцæуой. Бæргæ ма архайдтой ирон адæм сæ зæххытæ бахъахъхъæныныл, фæлæ та уæдмæ рацыд ног бардзырд: «Зæххытæ асыгъдæг кæнын ирæттæй 1849 азы уалдзæгмæ, æмæ дзы æрцæрæд Владикавказы фыццаг хъазахъхъаг полк». Афтæ 1851 азмæ быдыры хъæуты (цалдæры) иунæг ирон хæдзар дæр нал аззад; чи фæстæмæ хохмæ алыгъд, чи Кæсæгмæ, се’ннæ хай та сæ сæр бафснайынæн равзæрстой пысылмон Турк.
19-м æнусы райдианы райдыдта Кавказы адæмты хæст Уæрæсейы паддзахы ныхмæ. Йæ сæргъы æрлæууыд дагъистайнаг имам Шамиль. Хæст уыд дæргъвæтин, йæ фæстæ ирæтты иу хай райста пысылмон дин. Уыдон тарстысты, сæ дин сын чырыстон динимæ куы сæмхæццæ кæной, уымæй æмæ сагъæсы бацыдысты. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы идейæтæ парахат кодта паддзахы администраци. Уый йæ колониалон политикæ хъахъхъæнгæйæ, стæй хæххон адæмты ныссабыр кæныны тыххæй сразæнгард кодта Кавказаг адæмты егъау хай Туркмæ алидзыныл. Уыдонимæ ирон адæмы иу хай дæр. Уыцы хъуыддаг хæсгонд æрцыд паддзахы æфсады инæлар Куындыхаты Муссæйæн. Кæсæм уæды рæстæджы сусæг писмо: «Уыцы хъуыддаджы бæрны уый йæхæдæг (Куындыхаты Муссæ) цæуы æмæ сусæг мадзæлттæй спайда кæныны фæстæ сæрды мæйты 3 мин хæдзарæй къаддæр кæй нæ акæндзæн, ууыл гуырысхо нæ кæны…». Афтæмæй ирон адæмы иу хай Туркмæ хуыздæр цардæнхъæл аивылд. Уый уыд ирон адæмы трагеди.Уый æмбаргæйæ бирæтæ архайдтой сæ бауромыныл, зæгъæм, зындгонд рухстауæг Колыты Аксо, фæлæ сын дзы ницы рауад.
Семæ уыд фыццаг ирон профессионалон поэт Мамсыраты Темырболат дæр, цыдис ыл 22 азы, фыццаг ирон публицист Хъаныхъуаты Инал.
Нырыккон фысджытæ Богазты Умар æмæ Булкъаты Михал зæрдæрисгæйæ æвдисынц уыцы цаутæ, стæй Мамсыраты Темырболат, 1922 азы Муссæйы фырт Дзæуджыхъæумæ æрхаста Темырболаты уацмыстæй 10 æмдзæвгæйы къопитæ æмæ ма загъта, уый размæ адæмон зарæджы хуызы кæй зыдтой иры дзыллæ, уыцы «Сагъæстæ» дæр Темырболаты фыст кæй сты.
(Чи сты уацмысы сæйраг архайджытæ?
-
Муссæ æмæ Темырболат.
-
Чи уыд Муссæ? Чи уыд Темырболат?
-
(Муссæ — паддзахы æфсады инæлар, Темырболат- фыццаг ирон профессионалон поэт, Муссæйы хæрæфырт).
Куындыхаты Муссæ æмæ Мамсыраты Темырболат сты ныхмæвæрд фæлгонцтæ. Ирон лигъдæттæ фыдæнхъæл фесты, цы дзæнæты бæстæйæ сын ныфс æвæрдта Муссæ, стæй моллотæ дæр, уымæй. Бæргæ ма чидæртæ афæнд кодтой фæстæмæ раздæхын, фæлæ уый æнцон хъуыддаг нæ уыд. Уæды заманы архивон гæххæтты фыст уыд: «1872 азы 850 «черкесаг» бинонтæ, фæстæмæ нын нæ райгуырæн бæстæмæ ацæуыны бар раттут, зæгъгæ, ахæм курдиат балæвæрдтой Уæрæсейы минæвæр Константинополы инæлар Игнатьевмæ. Сæ тыхст уавæры тыххæй уыдон фыстой: «Ныр аст азы дæргъы кæнæм æххуырсты куыст. Цы тыллæг æрзайын кæнæм, уымæн йæ растæмбис айсынц зæххыты хицæуттæ. Исынц нын нæ фос, адæймаг цæмæйдæриддæр цæры, уый, суанг ма нæ сывæллæтты дæр, æмæ сæ цагъайрæгтæй уæй кæнынц…Нæ уæрджытыл лæугæйæ дын лæгъстæ кæнæм æмæ йæ бæрзонддзинад императорæй ракур, цæмæй нын бар ратта нæ райгуырæн бæстæмæ аздæхынæн. Хуыцауы номæй дæ курæм, адзалæй, хъизæмары цардæй нæ фервæзын кæн». Уыцы курдиатмæ 1873 азы райдианы император Александр III куы ‘ркасти, уæд ыл цæхгæрмæ бафыста: «Се ‘рбаздæхыныл дзургæ дæр мачи кæнæд».
Кæй зæгъын æй хъæуы, туркаг ирон адæмæн дæр Муссæйы ном сси æлгъыстаг («Уæ, Муссæ, дæ хъæбул амæла»), зæгъгæ.
Бирæ азтæ рацыд, романы дзырд цы цаутыл цæуы, уыдонæй. Фæлæ абон дæр ирон адæмы ном сæфт нæу Турчы зæххыл. Турчы цæрæг ирон адæм абон дæр архайынц сæ фыдæлты æвзаг бахъахъхъæныныл, ис сæм ирон культурæйы центр. Сæ фæсивæд архайынц ирон æвзагыл æмдзæвгæтæ фыссыныл. Зæгъæм, Цъæхилты Ехья, Мамсыраты Музаффар æмæ бирæтæ.
3.Иу æмдзæвгæ наизусть радзурын.
Билет №5.
1.Кочысаты Розæ — фыццаг ирон сылгоймаг-драматург æмæ публицист.
Кочысаты Розæ уыд 1-аг ирон сылгоймаг – драматург. Кочысаты Розæ райгуырдис Олгинскæйы 1888 азы 12 майы захкусæджы хæдзары. Йæ фыд уыд нымад лæг, хорз зыдта ирон адæмы сфæлдыстад. Уымæ гæсгæ Розæ дæр чысылæй фæстæмæ йæ хъус дардта адæмон сфæлдыстадмæ.
Розæ 8-аздзыдæй бацыд Ольгинскæй сылгоймæгты дыууæкълассон скъоламæ, фæстæдæр бакаст ирон чызджыты приюты, Дзæуджыхъæуы 3 азы. 1907 азы Розæ ацыд моймæ Реуазты Хъасболатмæ. Цардысты Лабæйы, Æрыдоны, Сæлыгæрдæны. Фæлæ Розæ фæрынчын рæуджыты низæй æмæ 1910 азы амард.
Розæйæн цæрын бирæ нæ бантыст (22 азы), уымæ гæсгæ йын бирæ нæ бантыст йе сфæлдыстады.
Ис ын æртæ пъесæйы:
“Мæ уарзондзинад, æви мæ фыды ныхас”.
“Зæхх-ме‘вдисæн, хур – мæ тугисæг”.
“Гæды лæг” кæнæ “Нæ пъырыстыф сæрра”.
Адонæй мах базонгæ стæм пъесæ “Нæ пъырыстыф сæрра,” – зæгъгæ.
Комедийы сæйраг хъайтар Умархан æхца ссардта. Йæ усы дзыхæй йæхи хъахъхъæны æмæ æрхъуыды кæны æнæрцæугæ фыдфæливæн хъуыддæгтæ. Æмæ йæ цыргъзонды’руаджы цъысымæй фервæзы.
Æхца куы ссардта, уæд сæ бамбæхста. Йæ усæн зæгъта: «Æхца ссардтон, ныр дæ дзæбæх дзаумæтта хæдзары дарын у дæ бон».
-Кæд сæ æрхæсдзынæ? – фæрсы йæ ус.
-Хъæды æнгуыр сæвæрдта, æмæ кæсаг куы æрцахса, стæй доны та сæвæрдта къæппæг, уый та тæрхъус куы æрцахса, гъе уæд сæ æрхæсдзынæн.
Ус уыд дзæгъæлдзых. Адзырдта хабар сыхаг ус Комионæн. Комионы дзыхæй бахæццæ пъырыстыфмæ. Пъырыстыф æрбарвыста Умарханмæ. Умархан нæ сæтты; ницы ссардтон, зæгъгæ. Фæдзырдтой устытæм. Умарханы ус Мызылоны пъырыстыф схуыдта æрра. Мызылон фæхъыг æмæ йæм дзуры: « Куыд мæ хоныс æрра? Мæнæ дæхæдæг куы сæрра дæ, æмæ дæ æмæ дæ куы сбастой, уæд уыд гъе уыцы хабар».
Уый та уыд афтæ; Умархан æхца куы æрхаста, уæд æддейæ гæдытæ уасыдысты æмæ Умархан йæ усæн дзуры: «Уый дæлæ нæ пъырыстыф сæрра æмæ йæ сбастой æмæйæ фæкæнынц». Пъырыстыф устыты ныппарын кодта ныккæнды. Умархан та йæ цыргъзонды фæрцы фервæзт цъысымæй.
2. Къубалты Алыксандр. Кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ». Уацмысы историон бындур æмæ мидис.
Алыксандыр райгуырдис Цæгат Ирыстоны зæронд Бæтæхъойы хъæуы. Йæ фыд Бызи уыд ахуыргæнæг сæ хъæуы райдайæн скъолайы. Алыксандр рынчынтæ арæх кодта æмæ уый тыххæй æрæгмæ фæцис каст райдайæн скъола. Скъолайы фæстæ ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы гимназы, уый фæстæ – Киевы университеты юридикон факультеты. Сыздæхт Дзæуджыхъæумæ æмæ куыста адвокатæй суанг Октябры революцийы агъоммæ. 1937 азы ахст æрцыд æнæаххосæй æмæ 1944 азы амард ахæстоны.
Къубалты Алыксандр кадæггæнæг Зыгъуыттаты Бибоимæ уыдысты иухъæуккæгтæ, Зæронд Бæтæхъойы хъæуæй. Алыксандр уымæй бирæ кадджытæ фехъуыста. Æфхæрдты Хæсанæйы тыххæй дæр уымæй фехъуыста æмæ йыл ныффыста кадæг. Бибо та йæ кадæджы кой исы ирон адæмы рагон трагикон цауæй. Уый уыдис тæтæр – манголты ныббырсты фæстиуæг. Адæм куы ныддихтæ сты , æфхæрд дæр уæд æййæфтой æлдæртты къухæй. Иунæг Хæсанæйæн дæр йæ мыггаг Æфхæрдтæй уымæн уыдис.
Кадæджы сæйраг фæлгонцтæ сты Госæма æмæ Хæсанæ. Кадæг райдауы хъарæгæй; Мулдарты хъал мыггаг амардтой Солæманы, Хæсанæйы фыды. Амардтой йæ цуаны иунæг кæй уыд, йæ сæрыл кæй ничи рахæцдзæн, уый ныфсæй. Уымæн æмæ мыггагон дунейы алчи дæр æрмæст йе фсымæр, йе рвады сæрыл дзурдта: афтæ уыд æгъдау. Дарддæр Мулдарты Хъуыдайнатмæ уый фаг нæ фæкаст æмæ йын йæ лæджы амардта, фæлæ ма йæ ноджы хъавы фæхудинаг кæнынмæ. Госæма барæхуыста хъамайæ Мулдары æмæ фæлыгъд йе нахъом сабиимæ тар хъæдмæ. Иу лæгæты æрцард æмæ хъомыл райдыдта йе сабийы. Госæма йæ лæджы туг æмæ йе фхæрд райсынмæ цæттæ кæны йæ иунæг хъæбул Хæсанæйы æмæ йæ алы уысм фæдзæхсы :
«Ма ныууадз Мулдартæн дæ фыды туг!
Райс- иу Хъуыдайнатæй саударæг мады фхæрд , …
Райста Хæсанæ йæ фыды туг, йæ мады фхæрд. Амардта Мулдарты хъал мыггагæй цыппары, фæлæ йæ маст не ссыди. Хæсанæ цæуы йæ масты фæдыл æмæ та амары фондз усгур Мулдартæй. Ам Уастырджи дæр Хæсанæйы фарс у. Хæсанæ дæр зоны Уастырджи рæстаг дзуар кæй у æмæ дзы куры æрмæст иунæг хорзæх- мигъы къуыбар .Уастырджи дæр Хæсанæйы иунæг хоны , уымæн æмæ йын ничи ис. Æфхæрдтæй дæр уымæн сты æмæ ма сæм фæстаг лæг баззад. Мулдартæ та хъал уымæй сты æмæ сæм бирæ хæстхъом адæм ис. Фæллойы кой никуы ис кадæджы, æрмæст лæгтæй сты иутæ хъал, иннæтæ – æфхæрд.
Хæсанæ- иунæг лæг, мард фæцис Мулдарты къухæй. Бæргæ йæ нæ фæндыд йæ мады фæстейæ ныууадзын, фæлæ хъысмæт афтæ рауад.Уый æмбæрста «йæ хæс», фæлæ хъуыды кодта : « Мæ мады куы бафснайон, уæд «мæ хæс» бафиддзынæн».
Кадæджы историон бындур у- 18 æнусы манголты тыхгæнджыты ныббырсты фæстæ быдырон цæрджытæ фæцагъды сты , чи ма дзы баззад, уыдон хæхтæм фæлыгъдысты, фæлæ цард сног кæнын сæ бон нал ссис. Аланты паддзахад дæр фехæлд, уый фæдыл стыхджын мыггагон ахастытæ æмæ æгъдæуттæ, æхсæны царды фæтк ма æрмæстдæр уыдон бон уыдис. Хæхты цы мыггæгтæ цард, уыдон æнæхъæнæй баззадысты, нæ сæм баххæст тыхгæнджыты къух, æмæ хъал уыдысты Мулдартау.
3.Кадæг — у ахӕм уацмыс, кӕцыйӕн йӕ бындуры ӕвдыст фӕцӕуы царды ӕцӕгдзинад.
Билет №6.
1.Гæдиаты Секъа. Уарзондзинад æмæ социалон æбардзинады конфликт радзырд «Азау»-ы.Гæдиаты Секъа райгуырдис 1855 азы Хъуды комы, Ганисы хъæуы.Сабийæ цыдис фыййау, уыди хуымгæнæг æмæ сугдзау. Сæ хъæуы скъола нæ уыд, æмæ уымæ гæсгæ 18 аздзыдæй гуырдзиаг сауджыны æххуысæй базыдта кæсын фыссын, æцæг гуырдзиаг æвзагыл. Уыд бирæ бинонты дарæг. Ганисы хъæуы зын уыд бирæ бинонтæн къæбæр амал кæнын æмæ цардагур ралыгъд Цæгат Ирмæ. Куыста аргъуаны(церковь) сауджыны æххуысгæнæгæй. Аргъуаны кусгæйæ дæр афоныл нæ иста мызд æмæ цы мста уымæй дæр хъуамæ хуынтæ кодтаидуæлдæр хицауæн. Уымæ гæсгæ ныууагъта йæ куыст æмæ æрцардДзæуджыхъæуы. Секъа ма фыссынæй дарддæр уарзта дыргътæм зилын дæр.Секъа йæ сывæллæттæй Цомахъæй фылдæр никæй уарзта,æвæццæгæн сын иу фæндаг кæй уыд уымæ гæсгæ.Йæ кæстæрты сарæзта ахуыры фæндагыл:Цомахъ ссис номдзыд фыссæг, Никъала уыд революцийы змæлды зынгæ архайæг, Пётр уыд дæсны педагог, йæ чызг Верæ куыста университеты, уыд наукон дохтыр.
Секъа адæмы æхсæн нымад уыд дзырддзæугæ лæгыл. Иуахæмы та чидæр Ганисы фæхыл æмæ Секъамæ æрвыстой , цæмæй хъуыддар равзара. Уырдæм цæугæйæ йæ бæх фæндагыл фæтарст, иуварсæй ахастой, йæ сæр дурмæ æрхаста æмæ трагикон æгъдауæй фæмард 1915 азы.
Секъайæн йе сфæлдыстадмæ куы æркæсæм, уæд йæ радзырдты æвдисы сылгоймаджы фæлгонц. Фыццаг хатт Секъамæ йæ бартыл сылгоймаг стох кодта —- Азау. Радзырд «Азауы» -ы æвдыст цæуы сылгоймаджы æбардзинад октябры революцийы агъоммæ.
Радзырды архайджытæ—Ганисы хъæуы цæрджытæ 2- сыхаджы Сачъынаты Боба æмæ Тогъуызаты Бибо цардысты хæларæй, фæлæ уыдысты æнæзæнæг. Хуыцаумæ фæхъуыст сæ куывд æмæ сын иу æхсæв райгуырдис Бобайы усæн чызг æмæ Бибойы усæн та- лæппу. Схуыдтой сæ Азау æмæ Таймураз. Сывæллæттæ цалынмæ дунемæ нæ фæзындысты, уæдмæ мадæлтæ бадзырдтой_ кæд сын чызджытæ уа, уæд хотæ уыдзысты, кæд лæппутæ уой- æфсымæртæ уыдзысты, кæд чызг æмæ лæппу уой, уæд сын сæ амонд баиу кæндзыстæм. Сывæллæттæ куыд стыр кодтой, афтæ кæрæдзи бауарзтой, фæлæ ныхас куыд уыдысты уымæ гæсгæ нæ тагъд кодтой. Уæд иу бон Бибойы зæй фæласта æмæ смæгуыр ис. Ныр Боба йæ чызджы нал дæтты Таймуразæн. Азауы дæттынц хъæздыг Биганаты фыртæн. Таймураз сфæнд кодта Азауы аскъæфын. Азау зоны искæй ус уæвгæйæ стыр фыдбылызтæ кæй расайдзæн , фæлæ нæ зæгъын дæр нæ фæразы. Аскъæфтайæ . Бирæ мæрдтæ æрцыдис æртæ мыггаджы æхсæн. Фæцæфтæ ис Таймураздæр æмæ афтæмæй афтыд йæ мады æрвадæлтæм . Азау æмæ Таймуразыл хъоды бакодтой .Азау хъæды дурты бын бамбæхст æмæ йæ Къахеттагфыййау йæхицæн усæн акодта.Райгуырдис ын дыууæ лæппуйы фæлæ сæ нæ уарзта .Иу хатт Азау сфæнд кодта йæ фыды уæлмæрдмæ фæцæуа, Куы бахæццæ ис , уæд Магдайæ базоны Таймураз ныгæд кæй у йæ фыды фарсмæ. Ссыдысты , фæлæ Азау не сфæрæзтаТаймуразы сæфт æмæ йæ зæрдæйы куыст æрлæууыд. Секъайы сфæлдыстады Азау стох кодта фыццаг хатт йæ уарзондзинадыл.
2.Патриотизмы мотивтæ Илас Æрнигоны æмдзæвгæты ( «Сомы» , «Хæрзбон» , «Гъæйтт , цы фестут!», «Сагъæс»).
Тогызты Иласы фырт Газакк райгуырд Æрыдоны. Фондз азыл куы цыдис , уæд йæ фыд амард, бирæ цухтæ баййæфта царды,фæлæ уæддæр тырныдта ахуырмæ. Хъæууон скъола каст фæцис æмæ бацыд Æрыдоны семинармæ.Семинары уавæр уыдис уæззау,уæлдай æфхæрд æййæфтой ирон лæппутæ: нæ сæ уагътой иронау дзурын, ирон уацмыстæ кæсын, ирон æгъдау кæнын. Фæлæ ирон æвзыгъд фæсивæдæн сæ зæрдæты æвзæрыд патриотон æнкъарæнтæ. Семинары фæстæ куыста ахуыргæнæгæй Куырттаты комы Хидыхъусы .Хохаг сывæллæттæ нæ зыдтой уырыссаг æвзаг æмæ сын æрыгон ахуыргæнæг арæзта дзырдуæттæ. Сабиты тетрæдты ирон фыстытæ кæй фæзынд, уый нæ фæцыд скъолайы цæстдарæджы зæрдæмæ. Уымæ гæсгæ сын хъаугъа рауад æмæ фæхауæггаг ис йæ куыстæй. Уый уыд 1911 азы æмæ ацыд Маньжуримæ, Харбинмæ. Уым кодта алыхуызон куыстытæ, куыста ахуыргæнæгæй дæр, ахуыр кодта Харбины цы ирæттæ цард, уыдон сабиты иронау, ныффыста æмæ сын йæхи хардзæй рауагътаахуыргæнæн чиныг «Ирон грамматикæ». Ирыстонмæ йын бантыст сыздæхын 1934 азы. Фæлæ та йæ не руагътой æнцад цæрын. Адæмы знæгтæ йыл фыстой хахуыртæ æмæ йæ æрцахстой æмæ йын йæ цард аскъуыдтой. Илас Æрнигон (у йæ фæсномыг) Маньжуримæ куы цыд, уæд цæуы зæрдæ хсайгæйæ æмæ хæрзбон зæгъы Ирыстонæн. (æмз. «Хæрзбон» — наизусть). 3.Нырыккон поэзийæ иу æмдзæвгæ наизусть.
Билет №7.
1.Брытъиаты Елбыздыхъойы драматургийыл афæлгæст.
Брытъиаты Е. уыд ӕхсӕнадон кусӕг ӕмӕ курдиатджын фыссӕг. Райгуырд 1881 азы 23 мартъийы Куырттаты комы, Дӕллагхъӕуы. Йӕ ныййарджытӕ уыдысты зӕхкусджытӕ. Елбыздыхъо нымад у ирон литературӕйы куыд –ирон театр ӕмӕ драматургийы бындурӕвӕрӕг. Йӕ тыхтӕ сарӕзта ирон театр саразынмӕ. Йӕ драмӕты бындурыл фӕзынд ирон театр. 1905 азы революцийы тохы бацыд , ӕрцахстой йӕ ӕмӕ йӕ ахастой Назраны фидармӕ.Фӕлӕ уым дӕр нӕ ныуагъта йӕ фыссыны куыст. Фӕтӕгены рухсмӕ ныффысста йӕ диссаджы драмӕ «Дыууӕ хойы».
Йæ дыккаг драмæ «Хазби» — йы сæйраг архайæг у Алыкгаты Хазби. Хъобангоммæ бабырстой æфхæрæг знаг. Адæмон зарджытæм æмæ таурæгътæм гæсгæ Хазби тох кодта знæгты ныхмæ йæ чысыл къордимæ. Сæ сæйрагдæр нысан уыдис, цæмæй бахъахъхъæной адæмы сæрибар æмæ намыс. Уыцы кады хъуыддагæн сæ цард снывонд кодтой ирон дзырддзæугæ лæг Хазби æмæ йе мбæлттæ Хъæссай æмæ Агуыбечыр. «Хазбийы хæсты» ирон адæммæ нæ разынд иудзинад . Ничи æрлæууыд Хазбийы фарсмæ цалдæр лæджы йеддæмæ æмæ састы бынаты баззадысты. Мард фæцис стыр кадимæ Хазби йæ чысыл къордимæ. Æмæ абоны фæлтæрæн хъуыдыйаг уХазбийы кад, йе взонг уд нывондæн кæй æрхаста ирон адæмы сæрвæлтау.
Елбыздыхъойӕн йӕ фӕстаг егъау драмӕ уыд «Амыран». Драмӕйыл хъуыды кӕнын раджы райдыдта , фӕлӕ йӕ фыста 12 азы. Райдыдта йӕ фыссын 1909 азы ӕмӕ йӕ фӕцис 1921 азы. Елбыздыхъо йæ драмæйы равдыста революцийы уылæнтæ æмæ 1917 азы революции куы фæуæлахиз, уæд Елбыздыхъойæн дæр бантыст йæ драмæйæн кæронбæттæн скæнын.
2. Кочысаты Мухарбеджы поэзийы сæйраг мотивтæ(иу æмдзæвгæ наизусть).
Кочысаты Мухарбег рагуырд Олгинскæйы. Каст фæцис хъæууон скъола. Уый фæстæ ахуыр кодта педтехникумы. Фæстæдæр каст фæцис пединститут. 1941 азы ацыд бархийæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ .
3.Драмæ — у ахӕм уацмыс, цыран ӕвдыст фӕцӕуы тох архайджыты дыууӕ къорды ӕхсӕн, кӕнӕ та иу архайӕджы тох бирӕ адӕмты ныхмӕ. Драмон уацмыстӕ фыст вӕййынц сценӕйы равдисыны тыххӕй.
Билет№8 1.Токаты Алихан. Фыццаг ирон сонет «Цыкурайы фæрдыг».
Алихан райгуырдис 1895 азы Дæргъæфсы. Бинонтæ уыдысты аст æмæ ссæдз , фæлæ дзы кусын хъом уыдысты 2-3 йæ. Сывæллæтты хистæр уыд Алихан æмæ йæ куыстытæй цух нæ уагътой. Уымæ гæсгæ зæрдæргъæвд лæппуйæн ахуыр кæныны фадат нæ уыд . Фæлæ уæддæр чиныг йæ къухæй нæ уагъта Йæ фыды фсымæры лæппу цард Бакуйы , уырдæм æй акодта æмæ йæ радта Денджызон училищæмæ . Уым ахуыргæнгæйæ рабæрæг йæ зæрдæгъæвддзинад. Бакуйы баиу сусæг политикон кусджытимæ. Ссыдис – иу Дæргъæфсмæ æмæ – иу кодта сусæг æмбырдтæ. 1914 азы растадысты, рахастой тырыса. Сарæзтой митинг. Уым Алихан раныхас кодта, Дзырдта империалистон хæсты ныхмæ, сидтис революцимæ. Дыккаг бон куыддæр ацыд бетырбургмæ, афтæ пъалицæ æрбацыд. Бетырбурджы дæр ахуыр кодта аивадты академийы æмæ уырдыгæй лидзæг фæцис Ирыстонмæ. 1920 азы тифæй фæрынчын æмæ Бахауд рынчындонмæ. Чидæр ын афтæ зæгъы, ома ,дам, знæгтæ æрбабырстой, ныр сæ къухы стæм æмæ уæд фæтарст æмæ йæхи æрцауыгъта. Алихан нымад у сонет «Цыкурайы фæрдыг» — авторыл. Сонет «Цыкурайы фæрдыг»
Мæнмæ цыкурайы фæрдыг ис, Æдзух вæййы мæнмæ æппæт, цы курон; Уый нæу зæххон, уæларвонтæй у – хурон, Дзæбæх кæны фыднизтæ, доны рис.
Нæ радта уый мæнæн ыстыр дзар Дзывгъис, Нæдæр та Сафа,Уацилла, Æртхурон, Æз калмæй байстон уый, уыди фыдхъулон, Цæхæркалгæ, сау маргъæй сыгъдис.
Фæндонæй æз фæтæхдзынæн уæларвмæ, Æркалдзынæн нæ зæхмæ Рухсæй тын; Мæ аууон бæстыл рвйдайдзынæн хæтын. Дæлдзæхæн та ныккæсдзынæн йæ арфмæ, Дунетыл таудзынæн рæсугъддæр фын, Æз талынгæн æрхаудзынæн йæ тарфмæ. ( 14 рæнхъон).
2.Джусойты Нафи. Роман «Фыдæлты туг». Историон цаутæ – романы.
Джусойты Нафи райгуырд 1925 азы Ногхъæуы Дзауы районы Хуссар Ирыстоны. Йæ фыд æй чысылæй фæстæмæ ахуыр кодта кусыныл, адæмæн лæггад кæныныл. Зæрдæргъæв лæппу аив дзырды ад бамбæрста йæ мады рвад Хуыгаты Илас æмæ номдзыд таурæгъгæнæг Наниты Андрейæ. Астæуккаг скъола каст куы фæцис , уæд бархийæ ацыд æфсадмæ . 1945 азы куы сыздæхт , уæд куыста 1949 азмæ бирæ бæрнон бынæтты Хуссар Ирыстоны. Стæй уæд бацыд Ленинграды уырыссаг лит-йы аспирантурæмæ, фæстæдæр та бахъахъхъæдта диссертаци «Хетæгкаты Къоста æмæ уырыссаг литературæ» æмæ райста филологон зонæдты кандидатты ном. 1830 азты Уæрæсейы хæдхæцæг паддзах сфæнд кодта Ирыстоны æххæстæй йæ дæлбар бакæнын. Уый тыххæй дыууæ æфсады æрвыст æрцыдысты Ирыстоны Хуссар æмæ Цæгатмæ — дыууæ цæфæй хъавыд ирон адæмы басæттын. Цæгат Иры æрдыгæй æфхæрæг афсад бабырстой Хъобаны коммæ. Адæмон зарджытæ æмæ таурæгътæм гæсгæ æфсады раз æрлæууыд дзырддзæугæ лæг Алыккаты Хазби йæ хъæбатыры чысыл къордимæ. Ацы цаутæ æвдыст æрцыдысты Брытъиаты Елбыздыхъойы драмæ «Хазбийы».
Дыккаг къорд та æрвыст æрцыд Хуссар Ирмæ Чеселтгомыл. Æфсады фыд митæ æвдыст æрцыдысты Джусойты Нафийы роман «Фыдæлты туг» -ы. Романы сæйраг архайæг у Коцты Бега. Бегайы æмрæнхъ сты æндæр архайджытæ дæр: Ака, Солтан,.. Кæд тыхджын æмæ ныфсхаст уыдысты Чеселтгомы адæм, уæддæр паддзахы æфсад фылдæр уыдысты, стæй хæцæнгарзæй дæр уыдысты рæвдздæр. Састы фесты хæххон адæм, сæ раздзæуджытæ Бега æмæ йе мбæлттæ. Æмæ кæд абон нал сты, уæддæр фæлтæрæй – фæлтæрмæ сæ рухс ном лæвæрд цæуы æмæ сæ стæм сæрыстыр.
3.Сонет — у 14 рӕнхъӕй фыст ӕмдзӕвгӕ, зæгъæм «Цыкурайы фæрдыг».
Билет№9
1.Колыты Аксойы рухстауæн куыст æмæ фыццаг поэтикон фæлварæнтæ.
Колыты Бесайы фырт Аксо райгуырди 1823 азы аргъуан хъахъæнджыты хæдзары.1-аг ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы дины скъолайы, стæй та Тибилисы духовой семинары. Семинар каст фæцис тынг хорз бæрæггæнæнтимæ,æмæ куыста бирæ азты сауджынæй.Аксойы царды хабæрттæ бæлвырдæй ничи зоны,фæлæ дзы цы зонæм ирон литературæйæ,уый у:
а) ома,1862 азы ирон чызджытæн йæхи хæдзары байгом кодта скъола,æмæ сæ ахуыр кодта лæвар.
б) Уырыссаг æвзагæй иронмæ тæлмац кодта дины чингуытæ.Фæндыдис æй цæмæй ирон адæм иууылдæр уыдаиккой иу диныл хæст(чырыстон диныл) къордтæ-дихтæ ма кæной.Æвæццæгæн æмæ Аксойы фæнд куы сæххæст уыдаид,уæд нæ бавзæрстаиккой Туркмæ фæлидзыны трагеди:
Секъа афтæ зæгъы Аксойы тыххæй:
Стыр зонды хицау уыди Аксо,фæлæ йын нæ бантыст йæ фæллойы дыргътæ фенын,йæ хъуыддæгтæ æрдæгыл баззадысты.Чи зоны,Аксо йæ фæнд сæххæст кодтаид.Куындыхаты Муссæ йæ ныхмæ лæууын нæ бафæразтаид,фæлæ йæ æнафоны мæлæт æрцахста.
Амард 1866 азы.
Ныууагъта нын æрмæст æртæ уацмысы дины хабæрттыл фыст.
1.”Мах фыд”
2.”Мады Майрæмы кады зарæг”
3.”Чырысти рухс райгасдзинад”
Сæ мидисмæ гæсгæ уацмыстæ сты,аргъуаны-иу адæм кæй кодтой,ахæм зарджытæ.
2. Гæдиаты Цомахъы æмдзæвгæты цикл «Ахæстоны фыстытæ»
(иу æмдз. наизусть).
Цомахъ райгуырдис Ганисы хъæуы. Йæ фыд Секъа уыд зындгонд фыссæг. Секъа æвадат цард кодта Ганисы æмæ фæлыгъд цардагур Джæуджыхъæуы дины скъолайы, Стъаврополы семинары, Юрьевы унивирситеты (Эстонийы) историкон – филологон факультеты.
Цомахъ дæр ахуыр кодта Джызæлы райдайæн скъолайы, стæй Джæуджыхъæуы дины скъолайы, Стъаврополы семинары, Юрьевы университеты (Эстонийы) историкон – филологон факультеты.
Ам Цомахъ базонгæ сусæг къорды хайад чи иста уыдонимæ.
Уайтагъдæй базыдтой, æмæ йæ фæстæ пъалицæ зилын райдыдтой. 1905 азы йæ ахуыр ныууагъта æмæ ссыд Ирыстонмæ. Иудадзыг зылдысты йæ фæстæ æмæ йæ 1908 азы мартъийы æрцахстой.
1910 азы йæ арвыстой Сыбырмæ. Бирæ фæфыста Секъа паддзахмæ дæр, цæмæй сын сæ фырты ссæрибар кæной, фæлæ сæ бон нæ баци.
Æрмæст1917 азы февралы революцийы фæуæлахизы фæстæ суæгъд Цомахъ. Цомахъ ахæстоны дæр нæ уагъта йæ революцийон куыст, йæ фыссын куыст. Ахæстоны фыст æрцыдысты йæ æмдзæвгæтæ æмæ сын ахæм сæрдгон дæр уымæн ис.
« Ахæстоны фыстытæ» — сты 7 æмдзæвгæйы.
-
«Хуры тын»
-
«Бæлон»
-
«Æрæхсæв»
-
«Дæ чиныг»
-
«Фын»
-
«Ме фсымæртæ»
-
«Хæлæг».
(сæ иу – наизусть)
3. Пейзаж — у французаг дзырд, амоны уацмысы ӕрдзон бынӕтты равдыст.
10 билет.
1.Мамсыраты Темырболат — фыццаг ирон профессионалон поэт. «Сагъæстæ».
Нæ лит-йы историйы баззади, фыццаг ирон профессионалон поэтæй Мамсыраты Темырболат. 1865 азы Кавказы адæмтæй бирæтæ Туркмæ куы алыгъдысты, уæд Уæрæсейы æфсады афицер уыд Мамсыраты Темырболат.
Адæм фæндæгтыл æмæ æцæгæлон бæстæйы, цы хъизæмарттæ бавзарстой, уыдон поэт равдыста – йæ уацмысты.
Иуæй-иутæ дзы систы зарджытæ æмæ 1877-78 азы уырыссаг-туркаг хæстай чи’рбаздæхт, уыдон сæ семæ’рбахастой.
Æмдзæвгæ «Сагъæстæ» — йы поэт æппæт адæмы номæй сагъæс кæны. Фыст у хъарæджы иронвæндаджы хуызы. Алы куплеты фæстæ дæр цæуы фæлхатгондæй, ома уый хуыйны рефрен.
Поэты сфæлдыстадимæ базонгæ сты Ирыстоны 1920 азты – уæд ын йæ къухфыстытæй иу хай Дзæуджыхъæумæ æрбаласта инæлар Куындыхаты Муссæйы фырт Бечырби, уæды Турчы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр. Муссæ та уыд Темырболатæн йæ мады æфсымæр.
Æмдзæвгæ «Сагъæстæ» -æй скъуыддзаг наизусть зонын.
2.Фыдæлты æгъдæутты кълассон ахаст Туаты Дауыты драмæ «Сидзæргæс»- ы.
Ирыстоны æвæццæгæн нæ разындзæн ахæм адæймаг æмæ Дауыты сфæлдыстад кæй зæрдæмæ нæ цæуы.
Дауытæн йæфыд раджы амард. Баззад йæ мад 4 – сидзæримæ. Дауыты йæ фыды хотæ акодтой сæхимæ, цæмæй йæ сахуыр кæной. Каст фæцис Дзæуджыхъæуы рабфак, уый фæстæ ахуыр кодта Новочеркаскы политехникон институты электромеханикон факультеты. Институты фæстæ сыздæхт Ирыстонмæ æмæ куыста инженерæй. Дауытæн йæ зæрдæ æхсайдта литературон куыстмæ, фæлæ иу хатт бахауд театырмæ. Уым федта мады фæлгонцыл куыд куыстой, æмæ уæд йæхицæн загъта: « Æз дæр хъуамæ ныффыссон пъесæ, равдисон дзы Гыццийы фæлгонц, стæй Гыццийы номæй иннæ сылгоймæгты нæмттæ». Ныффысста драмæ «Сидзæргæс», кæцы æрцахста 1-аг бынат 19- пъесæйы æхсæн конкурсы. Уæд загъта: «Нал раздæхдзынæн драмæйы фæндагæй». Амард 1964 азы.
Йæ драмæйы сæйраг архайджытæ сты:
Нуца, йæ лæг Илас, йæ фырттæ Харитон æмæ Алихан, йæ чызг Аминæт;
Йæ тиу Амырхан æмæ йæ ус , йæ чызг;
Атто, Асæма — Нуцайы фарс хæцджытæ.
Мæцыхъо — мыггаджы хистæр.
Иласы зæй фæласта. Нуца баззад сидзæрæй . Хæдзары цы муртæ уыдис, уыдон Амырхан байуæрста хистыты ныхмæ. Амырхан архайы , цæмæй Нуца смæгуыр уа, мæгуыр цардæй сфæлмæца æмæ кæд йæ цæгатмæ ацæуид æмæ йæ зæххытæ уымæн баззайой, стæй йын сывæллæттæ та уыдзысты æххуырстытæ.
Фæлæ Нуца нæ фæтарст мæгуыр цардæй , кæд æмæ смæгуыр ис , уæддæр. Фæллой кæны, архайы цæмæй йæ сывæллæттæ сæ къахыл слæууой. Амырхан архайы цæмæй дзы скæна йæхицæн уарзон дæр, фæлæ йæ Нуца расуры йæ хæдзарæй . Уæд сфæнд кодта усæй дам-думтæ ракæнын . Уымæн ын феххуыс кодта йæ ус. Æрымысыдысты йыл Асæмайы, цæмæй йæ мыггаджы хистæр йæ цæгатмæ арвита. Нуца не сфæрæзта уыцы дам-думтæ æмæ йæхи доны ныппары. Фыдæлты æгъдæуттæ афтæ амыдтой æмæ сæ бон уыд æмæ сылгоймаджы арвыстаиккой йæ цæгатмæ, куы сæ худинаг кæна , уæд.Фæлæ Нуца уыд æгъдауджын сылгоймаг.
3.Нырыккон поэзийæ иу æмдзæвгæ.
11 билет.
1.Цæрукъаты Алыксандр. «Ныхас авдæны сывæллонимæ».
Куыд уынæм, афтæмæй йе ‘сфæлдыстады сæйрагдæр фарстатæй иу у райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад. Фæлæ цæмæй поэты гуманон хъуыдытæ хуыздæр бамбарæм æмæ йын аргъ скæнæм, уый тыххæй хъуамæ зонæм, цы уавæрты рæзыд, уыдон.
Алы адæймагæн æппæты зынаргъдæр сты, æнæмæт сабийæ кæм хъазыд, лæппуйæ кæм куыста, фыццаг уарзт кæм базыдта, уыцы бынæттæ йæ хъæуы алыварс цы æрдзон дуне ис, уый. Цæрукъаты Алыксандр йæ сабибонтæ кæм арвыста, уыцы бынæттæ йын сты адджын, зынаргъ.
Иннæрдыгæй Алыксандры дуг уыд уæззау историон заман. Поэт йæ фыццаг къахдзæфтæ кодта 30-æм азты. Бавзæрста 37-æм азы трагеди. Йæ фыд бабын репрессийы цалхы бын. Æрыгон лæппу канд сидзæрæй нæ баззад, — йæ ныхыл хаста тæссаг гакк, «знаджы фырт» кæй у, уый æвдисæн. Æййæфта социалон æмæ моралон æфхæрд. Кæддæры æнæрастдзинад поэты бафтыдта мидсагъæсыл, æнæнцой фарстытыл.
Зæрдæ, зæрдæ, зæгъ-ма мын, цы фæци мæ фыд? Мæнмæ уымæн цæй бирæ зæгъинæгтæ уыд! Зæгъ, уый чи айста махæй? Цæй тыххæй уæддæр? Æз цæмæн хастон хаудæй мæ риуыл мæ сæр?!
«Адæймагæй цы рисса, ууыл дзуры æдзух», — зæгъы адæмон æмбисонд. Æмæ, æвæццæгæн, Алыксандр æнæ фыдæй кæй рæзыд, ууыл æдзух тыхсгæйæ ныффыста зæрдæйы уидæгтæй фыст æмдзæвгæ «Ныхас авдæны сывæллонимæ».
— Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй федта бирæ зындзинæдтæ, фыды рæвдыд нæ бавзæрста йæ царды. Лæппу æрмæст сидзæрæй нæ баззад, йæ ныхыл хаста тæссаг гакк, «знаджы фырт» кæй у, уый æвдисæн. Æййæфта алыхуызон æфхæрд. Ныр йæхæдæг йæ хъæбулæн фæдзæхсы, цæмæй дзы рæстдзинад макуы уа рох.
2.Коцойты Арсены радзырдты сæйраг тематикæ æмæ проблемæтæ.
3. Абарст — фыссӕг уацмысы иу предмет иннӕйыл абары, йӕ миниуджытӕ хуыздӕр разынынӕн.
12 билет.
1.Хетæгкаты Къоста — ирон литературæйы бындурæвæрæг. (иу æмдз. наизусть).
2.Хъаныхъуаты Инал. Этнографион очерк «Ирон хъæуы». Традицитæ æмæ æгъдæутты æрфыст очеркы.
3.Басня — у фӕсномыг мидис кӕмӕн ис, ахӕм уацмыс.
13 билет.
1.Хетæгкаты Къоста «Додой». Æмдзæвгæйы темæ æмæ идейон мидис (иу æмдз. наизусть).
2. Брытъиаты Е. «Хазби». Адæмы сæрибар æмæ намыс хъахъхъæныны мотивтæ трагедийы.
Сæйраг архайæг у драмæ «Хазби» — йы Алыкгаты Хазби. Хъобангоммæ бабырстой æфхæрæг знаг. Адæмон зарджытæм æмæ таурæгътæм гæсгæ Хазби тох кодта знæгты ныхмæ йæ чысыл къордимæ. Сæ сæйрагдæр нысан уыдис, цæмæй бахъахъхъæной адæмы сæрибар æмæ намыс. Уыцы кады хъуыддагæн сæ цард снывонд кодтой ирон дзырддзæугæ лæг Хазби æмæ йе мбæлттæ Хъæссай æмæ Агуыбечыр. Æмбисонд баззад: Æмзонд, æмвæнд адæмæн хох дæр нæ лæууы». «Хазбийы хæсты» ирон адæммæ нæ разынд уыцы иудзинад æмæ састы бынаты дæр уымæн баззадысты.
Бæргæ арвыста æппæт Ирыстоны кæмттæм, фæлæ ничи рацыд, ничи æрлæууыд Хазбийы фарсмæ. Кæм бæрæгбон уыд, кæм куывд æмæ сæ никæй равдæлд Райгырæн бæстæ бахъахъхъæнын. Стæй ма сæхийæй разынд уæйгæнджытæ, куыд Хъæндил, Бегайы фырт, ахæмтæй фæдзурынц «мæсыг, дам, хи дурæй сæтты», зæгъгæ.
Ахæм адæмтæ царды фæхæссынц фыдбылыз æмæ сыл фыссæг дæр худы. Трагедийы стыр зондыхицауæй æвдыст цæуынц Ислам æмæ Нана, Хазбийы мад. Сæ алы ныхас дæр у аив æмæ уæздан.
Зæгъæм: Хазби йæ фын куы дзуры Нанайæн, уæд Нана æцæг ирон мадыл куыд æмбæлы, ахæм уагимæ райхалы фын. Хазби дзуры фын: «Комы мигъ ныббадт, дыууæ доны хсæн калм мæ алыварс æртыхст, æрымбырд мыл сты сау хъæндилты бал, нæ скъæтæй хъуг ратоны æмæ богътæгæнгæ мæнмæ лидзы, æртæ бæлоны æртахтысты æмæ сæ пакъуытæ тонынц.
Нана райхалы фын: Дыууæ доны хсæн дыл æфсад æрымбырд уыдзысты , хъæууаты тохы бацæудзынæ, уыдон дæ сæ джебохтыл айсдзысты, æз уыцы хабар куы фехъусон,уæд мæ фæрстæ хойгæ донырдæм згъордзынæн. Дæ хотæ æмæ дæ бинойнаг сæ дзыккутæ тонгæ згъордзысты, — æмæ йæ цæссыгтæ асæрфта, — æмæ дын кæд хуыцау ахæм тæрхон скодта, уæд дæ фыды уындæй æнæхай фæу мæрдты бæсты, ды дæ туг дæхæдæг куынæ райсай, зыбыты иунæг дæ, куы йæ зоныс, дæ фæстæ тугисæг нæ баззайдзæн. Æмæ æцæгæйдæр Хазбийы бахъуыд йæ тугисын æмæ хъæбатырæй фæмард . Йæ хъæбатыр тох æвдыст цæуы таурæгъты æмæ зарджыты.
3.Нырыккон поэзийæ иу æмдзæвгæ.
14 билет.
1.Хостыхъоты Зинæ. Йæ поэзийыл афæлгæст.
2.Барахъты Гино. Поэмæ «Азджериты Куыцыкк». Патриотизмы мотивтæ уацмысы.
Кадæг Азджериты Куыцыкк стыр бынат ахсы фыссæджы сфæлдыстады. Кадæг райдайы ахæм хабарæй:
Азнауыртæм райгуырдис Бæстырæсугъд. Айхъуыстис йæ рæсугъды кой бæстыл. Алы бæстæй йæм курджытæ цыд , фæлæ никæмæн разы кодта.
Иугæр Бæстырæсугъдæн мой кæныны афон у, уæд агуры ахæм мойаг, кæцы раздахдзæн кæддæр сæ хъæуæй цы рæгъæуттæ фæтардæуыд, уыдон. Азджериты Куыцыкк куы фехъуыста чызджы фæнд, уæд сфæнд кодта фæцæуын æмæ стох кæнын фыдгæнджытимæ. Ссардта йæ фыды æмбал Асланы.
Аслан, зæронд лæг, бацамоны Куыцыккæн фæндаг. Зын ын уыдис ахæм фæндаг кæй равзæрста лæппу, фæлæ дзы буздыг дæр фæцис, ома йæм ахæм хъару кæй разындис.
Азджериты Куыцыкк ацыд. Бахæццæ фæсхохмæ сæ рæгъæуттæ кæм хызтысты, уырдæм. Фыццаг сыл рахъæр кодта,стæй ахъуыды кодта ныр сæ сусæгæй куы атæрон æнæ гæрахæй, уæд худинаг у, зæгъдзысты хъару йæм нæ разындис.
Уæд сæм Азджериты Куыцыкк бадзуры:
— Знæгты хъæу, цы уыл æрцыд? Хæххон адæм сæ рæгъæуттæ куы фæтæрынц.
Рафæдис кодтой Знæгты хъæу. Азджериты Куыцыкк семæ тохы бацыд. Бирæсæ фæцагъта, фæлæ йæхæдæг дæр мæлæтдзаг цæфтæ фæцис,афтæмæй æртардта
рæгъæутты. Тыхтæй ма бахæццæ ис йæ каисты кæртмæ æмæ æрхауд. Фæлæ та ахъуыды кодта: «Ам куы амæлон, уæд адæм зæгъдзысты йæ каисты кæрты амард æмæ худинаг у.»
Сыстад тыхамæлттæй, дарддæр ацыд, æрхауд æмæ амард. Уый куы фехъуыста Бæстырæсугъд, уæд æй йæхицæн нæ ныббарста , йæхимæ азым райста æмæ болат хæсгардæй йæхи амардта.
3. Поэмæ — у бердзенаг дзырд, лиро — эпикон хуызтӕй иу, стихӕй фыст сюжетон таурӕгъ, вӕййы дзы хъаруджын архайӕг.
15 билет.
1.Хетæгкаты Къоста. «Фатимæ» -йы мидис, йæ идейæтæ.
2.Æгъуызарты Æхсарбег. «Куырды фырт». Амонды проблемæтæ романы.
Ӕгъуызарты Тӕтӕрхъаны фырт Ӕхсарбег райгуырдис 1922 азы, 21 апрелы Згиды хъӕуы. Зӕхх хъуаг кӕй ӕййӕфтой , уымӕ гӕсгӕ Ӕгъуызарты бинонтӕ ралыгъдысты цардагур Алагирмӕ.
Астӕуккаг скъола каст куы фӕцис , уӕд бацыд журналистикӕмӕ.
Куыста Алагиры газетуадзӕны редакторӕй. 1948 азы Ӕхсарбег ӕрвыст ӕрцыд ахуырмӕ Областон партион скъоламӕ.Уыцы рӕстӕг ма ахуыр кодта фӕсаууонмӕ Дзӕуджыхъӕуы пединституты дӕр. Партион скъола каст куы фӕцис ,уӕд кусын райдыдта г. Алагиры газет «Рӕстдзинад»-ы секретарӕй. Ацыд Мӕскуымӕ фысджыты цӕдисмӕ ӕмӕ каст фӕцис лит. курсытӕ. Ам йӕ курдиат рабӕрӕг , фӕзындысты йӕ уацмыстӕ дӕр:
1959 азы—1-хай –«Солнцеворот»,
1964 азы та —2-хай.
Ацы романы фӕстӕ нымад ӕрцыд куыд зындгонд драматург , куыд зындгонд кино-сценӕйы архайӕг.
Журнал «Мах дуджы» фӕзынд йӕ роман «Сын кузнеца» , ома «Куырды фырт».
Романы архайд цӕуы Стыр Фыд. хӕсты цаутӕ йӕ райдайӕнӕй кӕронмӕ. Тох кодтой цалдӕр фӕлтӕрӕй.
1-аг сӕргонды архайӕг у Бердзенты Тӕтӕри.Тӕтӕри йӕ сабийы бонтӕй абонмӕ кӕд зын цард фӕкодта, ӕххормаг ӕмӕ сидзӕрӕй схъомыл , уӕддӕр абон разы у йӕ цардӕй.
Ис ын Тӕгӕрдоны стыр , рӕсугъд,аив хӕдзар.Уарзы кусын ,у стыр пълотник ӕмӕ дурамайӕг. Ис ӕм фос-се ппӕтӕй дӕр у ӕххӕст йӕ хӕдзар фосӕй.
Ис ын бинонтӕ:
Йӕ ус Фатъимӕт—уӕздан адӕймаг, хорз мад , ис сын 5 сывӕллоны.
-
Сӕ хистӕр фырт Тотырбег –Мӕскуыйы инженерты скъолайы ахуыр кӕны ;
-
Мурат—15 аздзыд ;
-
Фузӕ—8-аздзыд ;
-
Римӕ –5-аздзыд;
-
Асланбег—иуыл кӕстӕр.
2-аг сӕргонды архайджытӕ сты Мадинӕт ӕмӕ Сосланбег Ауызбийы фырт. Мадинӕт скъола каст куы фӕцис,уӕд ын йӕ ныййарджытӕ куывд скодтой.Мадинӕты ӕфсымӕр Бимболат куыста пединституты ахуыргӕнӕгӕй ӕмӕ ӕрхуыдта йе мбӕлтты куывдмӕ,стӕй Сосланы дӕр. Мадинӕт куывды базонгӕ Сосланимӕ ӕмӕ кӕрӕдзи бауарзтой.
Мадинӕт дарддӕр ацыд Ленинградмӕ ахуыр кӕнынмӕ, Сосланта та куыста ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст йӕ уарзон чызгмӕ.
Сӕрдыгон –иу Мадинӕт ӕрцыд каникулты ӕмӕ –иу уӕд фембӕлдысты. Ныр дӕр та 3-аг курсы фӕстӕ ӕрцыд ахӕм хӕсимӕ —хъуамӕ ӕрӕмбырд кӕна ӕрмӕг йӕ дипломон куыстӕн, Хъуамӕ сараза генералон пълан цалдӕр азӕн:
-
Куыд рӕздзӕн горӕты экономикӕ;
-
Цавӕр фабрикӕтӕ ӕмӕ заводтӕ фӕзындзӕн;
-
Цавӕр наукон ӕмӕ культурон-рухсадон кусӕндӕттӕ фӕзындзӕн.
Мадинӕты ӕфсымӕр Бимболат куры Совнаркомы сӕрдар Дзамболатӕй, цӕмӕй Мадинӕтӕн баххуыс кӕна. Дзамболат ӕххуыс кӕны архитектурон факультеты студенткӕ Мадинӕтӕн. Булататы Ауызбийы хӕдзары дыууӕ къуырийы фӕстӕ хъуамӕ уа чындзӕхсӕв….
Ӕрхӕццӕ тохмӕ сидыны бон дӕр. Райдыдта хӕст. Адӕмы нал ӕвдӕлы чындзӕхсӕвмӕ.
Тӕгӕрдоны хъӕуы цӕрджытыл бафтыдис удаистдзинад. Ӕнӕхонгӕйӕ тындзыдтой хъӕуы астӕу стыр фӕзмӕ. Фӕзындис уӕзласӕн машинӕ дӕр. Машинӕйы гуыффӕмӕ схызт хӕстон комиссар ӕмӕ сиды хӕстмӕ.Дзырды бар радтой Ауызбийӕн. Ауызби фыццагдӕр бадзырдта йӕхи фырттӕм. Схызтысты хӕстонтӕ машинӕйы гуыффӕмӕ.
Райхъуыстис хъӕбатыры зарджытӕ дӕр, фӕндыры хъӕлӕс, цӕссыг калд… Чизоны сӕ иутӕ фӕстаг хатт хъусынц ирон цагъд…
Афӕндараст кодта Ауызби дӕр йӕ фондз фырты… Мурат дӕр сын фӕндараст зӕгъта. Уый бӕрц цӕссыг калгӕ никуыма федта…
Тӕтӕри ӕмӕ Муратдӕр ӕнкъардӕй ӕрбаздӕхтысты сӕ хӕдзармӕ.Сӕ дыууӕйӕндӕр сӕ зӕрдӕтӕ дзырдтой хӕстимӕ. Муратӕн нырма афон нӕ уыд, 15-азы йеддӕмӕ йыл нӕ цыд, ӕмӕ йӕ нӕ ауагътой, Тӕтӕрийы та бабӕстон хъуыд йе нахъом сабиты. Тӕтӕри Муратимӕ байсӕрста сӕ хӕдзар чъырамӕстӕй, стӕй цалдӕр боны фӕстӕ араст кодтой уый дӕр.
-
Нырыккон поэзийæ иу æмдзæвгæ.
16 билет.
1.Хетæгкаты Къостайы уацмысты бастдзинад адæмон сфæлдыстадимæ (баснятæ, «Уæлмæрдты»).
Хетæгкаты Къоста райгуырд Нары хъæуы 1895 азы 15 октябры. Йе мдзæвгæты æмбыргонд «Ирон фæндыр» фæзындис мыхуыры 1899 азы. Ам сты йæ баснятæ дæр: «Булкъ æмæ мыд», «Халон æмæ рувас», «Бирæгъ æмæ хърихъупп», «Саг æмæ уызын». ææææææææææææææææææææææææææææææææææææææææææ
2.Плиты Грис. «Чермен». Социалон конфликт уацмысы.
(скъуыддзаг наизусть).
Плиты Грис райгуырдис Хуссар Ирыстоны 1913 азы Ручь хьæуы. Йæ ныййарджытæ уыдысты зæхкуысджытæ. 1920 азы æндæвдадæй рахаста Хуссарæй – Цæгатмæ мидхæсты уылæнты, æмæ йæ ныййарджытæ æрцардысты Ногиры. Грис хайад райста Фыдыбæсты Стыр хæсты. Йæхи цæстæй федта хæсты уылæнтæ æмæ фыд цард. Хæстæй стыруæлахизимæ ссыдис. Йæ чиныг «Атакæ» — йы сты æппæт уыцы хæсты цаутæ. Йе сфæлдыстады зынгæ бынат ахсы трагедии «Чермен».
Чермен уыд Тлаттæй , Хъобаны хъæуккаг.Йæ фыд уыд æлдар, йæ мад – номылус, йæхæдæг – кæвдæсард.
Чермены хъæбатырдзинад хъуыстгонд уыд æппæт Кавказыл. Трагедийы Чермены уарзон чызг Азауы уарзы æлдар Касалы фырт Хъæссай. Хъæссай æн æнæуынон у Чермен. Иуахæмы Черменмæ æрбацыд хъаст мæгуыр адæмæй æмæ уырдæм ацыд. Чермены рбацыдмæ Тлаттæ сæ зæххытæ байуæрстой. Чермен æрбаздæхт уæлахизимæ, фæлæ йæ мады æрбаййæфта кæугæ. Черменæн йæ мад радзырдта хабар, Уый дыккаг бон ацыд æмæ бахуым кодта,зæххытæн фæлмæндæр кæм уыд, уым. Æлдæрттæ йæм нæ уæндынц æввахс бацæуын. Сфæнд кодтой йæ амарын сусæгæй. Йæхицæн дзы æфсымæр загъта Дзандар, цæмæй сыл тынгдæр баууæнда. Иуахæм Чермены æрдхорд Дзиу ацыд Дыгурмæ. Чермен æмæ Дзандар ацыдысты Дзиуы размæ. Чермены бæласмæ схизын кодтой, акæс – ма зæгъгæ, нæма зыны? Чермены бæласмæ æхсын райдыдтой, æргæпп æм кодта, дыууæ –ма дзы ныххурх кодта, фæлæ йæхæдæг дæр фæмард хъæбатырæй.
3.Эпитет — у ӕдзухон бӕрӕггӕнӕн. (туг – ӕдзух дӕр вӕййы сырх). 17 билет.
1.Коцойты Арсен. Радзырд «Æмбæлттæ». Уацмысы мидис æмæ конфликт.
2.Хъуылаты С. Радзырд «Иудзонгон»-ы сюжет æмæ идейон мидис.
Архайд цæуы Хуссар Ирыстоны мидхасты рæстæг. Архайджытæ сты Мæхæмæт – ацæргæ лæг, большевик. Габе та – мæгуыр æвзонг лæппу. Ныхас кæнынц: Габе уарзы хъæздыг Хаджумары хо Саниаты. Габе кæддæр куыста Хадзумармæ æмæ йын 10 боны мызд нæ бафыста ныр æм мæсты у æмæ дзуры Мæхæмæтæн: «Большевиктæ куы фæзыниккой, уæд Хаджумары винтовкæ радавин æмæ дзы мæ маст райсин».
Иу хатт, дам, горæтмæ ацыдыстæм Хаджумар æмæ Сæниатимæ. Хаджумар горæты фæхыл кимæдæр æмæ йæ æрцахстой. Гæбе баззади Сæниатимæ æмæ раздæхтысты хæдзармæ. Ныр уыцы фæндаг мысы. Уæд ын иу бон Сæниат балæвар кодта зæнгæйттæ. Ам бæрæг у Сæниат дæр æй кæй уарзы. Хаджумар сæ куы базадта, уæд Сæниатыл дуæрттæ сæхгæдта.Æддæмæ йæ нал уагъта, цæмæй ма æмбæлой.
Райдыдта мидхæст. Габе дæр тохы быцыд меньшевиктимæ. Хæсты йæ цонг фесæфта. Иу бон ыл амбæлд Сæниат. Сæниатæй на фауы æнæ цонгæй дæр. Хъазæн ныхас дæр ма йын загъта:
— Куыдз къуылыхæй нæ мæлы.
Хæст фæсабар, фæлæ ма уæддæр кулактæ сæ маст истой. Сæниаты уарзон æфсымæр, Хъауырбег, дæр абырæг фæлыгъд хъæдмæ. Уырдыгæй хъыгдардтой адæмы. Иу ахæмы Габейыл амбæлд. Габейы нæ фæнды схæцын, фæлæ уæддæр уд адджын кæм нæу?
Нæй æндæр гæнæн Габейæн æмæ фехста, Хъауырбеджы амардта.
Дыккаг амбæлд та фæкодта Сæниат Габейыл къанторы раз, Хъауырбеджы зиан куы æрбацæйластой, уæд. Сæниат ахæм цæстæй ракаст Габемæ æмæ Габе бамбæрста йæ цонгæй куыд фæхицæн, афтæ фæхицæн йæ уарзон чызгæй дæр.
Афтæ фæхицæн сты дыууæ уарзоны рæстæджы аххосæй.
3. Цы у радзырд — у ахӕм прозӕйӕ фыст цыбыр аивадон уацмыс, ӕвдыст дзы ӕрцӕуы адӕймаджы цардӕй исты цау.
18 билет.
1.Калоты Хазбийы лирикæйы сæйраг мотивтæ. 2.Этикон проблемæтæ уацау «Фæндагсар Уастырджи» — йы.
Уацауы сæйраг архайджытæ сты Дзитта æмæ Дзаххо. Фæлыгъдысты Цæгат Ирæй Хæссар Ирмæ æмæ æрцардысты Æхсæйнаг хъæуы, Гæвдийы хæдзары. Гæвди сын радта йæ фыды фыды фыд кæм цардис, уыцы хæдзар. Дзитта æмæ Дзаххойы адæм тынг бауарзтой, схæлар сты семæ. Дзаххо куысты ныллæууыд: фæндæгтæ арæзта , бæлццæттæм йæ хъус дардта. Йæ куысты мызд уыдис, кæмæ цы уыд тыллæгæй, уымæй сын хай кодтой.
Йæ «мызд» куы æмбырд кодта иуахæмы, уæд нæ бахоста идæдз усы хæдзармæ. Идæдз ус фæхæрам, зæгъгæ , мæн хæдзарыл нæ банымадтай. Дзаххойæн та йæ цæсгом нæ бахъæцыд, зæгъгæ , идæдз…
Иу бон та хосгæрдæны араст æмæ йын йæ уыгæрдæн ныккарста, зæгъгæ, йын чи ныккæрддзæн. Ус дардæй кæсы æмæ загъта ,- чидæр фæрæдыд,- арвыста йæ лæппуйы. Лæппу сбæрæг кодта хабар, æрцыд æмæ радзырдта мадæн хабар. Мад тагъд-тагъд чъиритæ ракодта æмæ йын хуын схаста уыгæрдæнмæ.
Дзаххо сфæнд кодта йæхи къуым саразын. Дзиттайæн куы загъта йæ хъуыды , уæд Дзитта батыхст æмæ загъта:
—Æмæ хохы иунæгæй куыд цæрдзыстæм?
— Цæмæн иунæг? Хохы цъуппыл цæргæйæ адæмæн уарзон куы уай, уæд иунæг никуы уыдзынæ; фæлæ адæмы æхсæн цæргæйæ иунæг чи у, гъе,уый у мæгуыр.
Сырæзт Дзаххойы хæдзар. Ацыдысты хохмæ цæрынмæ. Самал кодтой сæгътæ дæр.Ис сын ныр хæринаг дæр. Фæразынц цæрын. Сæ зымæг дæр арвыстой. Сæрд дæр сыл æрцыд.
Сæрды тæмæны сæм фæзындысты æнахуыр уазджытæ, геологтæ. Дзырдтой æнахуыр æвзагæй. Дзитта æмæ Дзаххо не мбæрстой уазджыты æвзаг, фæлæ семæ уыд тæлмацгæнæг æмæ уый фæрцы балымæн сты.
Дзитта сын арæх хаста куы æхсыр, куы та хуырх. Иу хатт ын æхца дæр лæвæрдтой , фæлæ сын æй нæ бакуымдта, зæхмæ сын æй аппæрста æмæ алыгъдис. Дзаххо геологты æвзаг кæй не мбæрста , уый йын тынг зын кодта.Хатт – иу æй бафæндыд æмæ уырыссагау куы зонид æмæ Николаимæ ныхасæй куы бафсæдид.Тæлмацгæнæджы фæрцы йын радзырдта йæ фырты хабар æмæ йæ фидар бафæдзæхста: «Макæмæн мацы зæгъ». Дзаххо радзырдта фæндаггонтæн куыд æххуыс кæны, уый дæр:
— Иу хатт æфцæгыл æрхызт иу лæг æмæ ус, семæ уыд æнахъом саби. Баталынг сын æмæ ам баззадысты æхсæвы. Райсомæй куы цыдысты, уæд мæм æхца дæттынц, æз сæ нæ райстон. Уыдон сæ сусæгæй ныууагътой æмæ араст сты. Æз сæ куы ауыдтон, уæд сæ фелвæстон æмæ сæ фæстейæ асырдтон.
— Айсут уе хца, цалынмæ сæ нæ айсат, уæдмæ уæ фæстæ цæудзынæн. Афтæ ма фæнхъæлут æмæ сыл тæргай кæнын, стæй йæ сымах куы нæ зæгъат , уæддæр æй æз дзурдзынæн æмæ мæгуыр лæг мæ хæдзармæ нал бауæнддзæн ,ома мæм æхца нæй, зæгъгæ, зæгъдзæнис. Бæлццæттæ ницыуал загътой æмæ се хца райстой.
Нырдæр та сæ уазджытæ цæуыны фæнд скодтой. Дзаххо сын сæныкк аргæвста æмæ сæ йæхимæ æрбахуыдта. Николай сæныккæргæвст куы федта, уæд ын зын уыд, фæлæ ма цы? Дзитта сын чъиритæ скодта, Æхсæйнаг хъæуæй цы арахъхъ æрбахаста, уымæй сын Дзаххо æхсæвы бирæ фæкуывта. Райсомæй сæ куы фæндараст кодтой, уæд Николай дæр йæ «маст» райста, систа йæ кæсæн цæстытæ æмæ сæ дæтты Дзаххомæ. Уый сæ нæ исы, фæлæ бирæ хатыды фæстæ сразы. Араст кодтой сæ уазджыты Æхсæйнаг хъæуы онг Дзитта æмæ Дзаххо.
Иу карз зымæгон æхсæв Дзаххо дзуры Дзиттамæ:
— Не фсин, мæ зæрдæ мæм афтæ дзуры, цыма фæсхохæй бæлццæттæ рацыд , фæсæфцæг сыл схъызыд, æмæ бæллæхы бахаудтой.
— Цы дын зæгъон, се рцыдмæ сын исты хъарм хæринаг скæндзынæн.
— О, иугæр ардæм куы рхæццæ уой, уæд хорз у, фæлæ сæ размæ ауайын хъæуы. Дзиттайы нæ фæндыд, фæлæ йын йæ хызын ацæттæ кодта.
Дзаххо араст йæ куыдзимæ фæдисы, цæуы арф миты, йæ къæхтыл къахдзоныгътæ , йемæ райста бæндæн дæр. Уалынмæ фехъуыста топпы æхст.Дзаххо бамбæрста ,уый фæдисы æхст кæй у.æмæ размæ атындзыдта.
Æфцæджы сæрмæ йæ бирæ нал хъуыдис, афтæ фехъуыст адæймаджы æнуд цъæхахст .
— Кæм дæ, цы фæдæ, Уастырджи!
— Мæнæ дæн, мæнæ!—зæгъгæ, ныхъхъæр сæм кодта Дзаххо æмæ размæ тындзгæ згъоры. Ссардта сæ, бæндæн сæм ныууагъта, æмæ сæ иугай сласта.
Фондзæй талынджы цъитийы рагъмæ бахаудтой æмæ сын схизæн нал уыдис (ныв). Æркодта сæ сæхимæ. Æхсæвæр сын бахæрын кодта Дзитта, сæ хуылыдз дзаумæттæ сын бахус кодта. Уазджытæй иу дзырды бар ракуырдта æмæ радзырдта, куыд фæдзæгъæл сты, куы бамбæрстой нал нын ис аирвæзæн, уæд скуывта хъæрæй:
—Кæм дæ,цы фæдæ, Уастырджи!
Дæ хъæр дын фехъуыстам, фæлæ нæм рындзы сæрæй куы æркастæ уæд нæм æцæгæй Уастырджийы хуызæн фæкастæ.
Гъ, æмæ нын дæ цæрæнбон бирæ!Нæ фæндагсар Уастырджи ды разындтæ.
Бирæ йын фæкуывтолй æмæ сæ райсомæй арвыстой.Уазджытæй иу , Берданы, тынг бафæндыд æмæ Дзаххойæн топп куы балæвар кæниккой, фæлæ сын уый не сразы. Дзиттайæн та фанар, фæлæ сын уыйдæр не сразы æмæ уæддæр фанар митыл ныууагътой, Дзаххойæ куыд фена , афтæ. Дзаххо йæ ссардта æмæ йæ Дзиттамæ куы æрбахаста, уæд æм Дзитта фæхыл кодта (103 фарс).
Дзаххо æрбахæццæ хæдзарæнлæгæй цы æмбырд уыд, уырдыгæй, хур нæмæ фæхицæн хæхты бæрзæндтæй, афтæ.Бирæ йæ нал хъуыд хæдзармæ, афтæ скаст æфцæджы сæрмæ æмæ федта цавæрдæр æндæрг.
— Не фсин,радав –ма кæсæнцæстытæ! Дзитта йыл бахъуыр – хъуыр кодта. Дзаххо кæсы æмæ бамбæрста, уый бæлццон кæй у,скаст ма иу хатт, стæй загъта:
— Цæй дæлæмæ куы æрцæуа, уæд кæд фæндаг ссарид,— йæхæдæг фæзивæг кодта, фæлæд уыд.
Дзаххо бады, æмбырды цы фехъуыста, уыдон дзуры Дзиттайæн, фæлæ та йæ ныхасæй фæлæууы, йæ зæрдæ æхсайы фæндаггонмæ.
Фæндаггон куы æрхæццæ вæййы, уæд æй куыдз базоны, фæлæ уый нæма рæйы, æвæццæгæн раст фæндагыл не рцыд. Схуысыд, фæлæ йæм хуыссæг æввахс нæ цæуы.Фæрафт- бафт кодта, стæй сыстад, араст Муртакимæ бæлццоны размæ.
Исдуг суадис, стæй ныхъхъæр кодта. Йæ уæлвæд æм æрыхъуыст фæсус хъæлæс. Муртак дæ згъоры, бахæццæ бæлццонмæ æмæ рæйы. Дзаххо дæр фанары рухсмæ ссардта фæндæггоны. Æркодта йæ тыхамæлæй, йæ къахыл нæ лæууыд, къах фездыхт. Дзитта хуырх атæвд кодта æмæ йын йæ риссаг къах уым нывæрдта. Дзаххо йын æй тынг райвæзта æмæ къах йæ бынаты абадт. Фæндыд æй тынг куы йæ бафæрсид, чи у, кæдæм цæуы æмæ загъта:
-Ирон хæдзары æрæгмæ бафæрсынц уазæджы, чи дæ, зæгъгæ,фæлæ уæддæр базонæм кæрæдзи.
Бæлццон ныккæсы Дзаххомæ,цæуылдæр дызæрдыг кæны, йæхи нæ уæнды хъæр кæнын æмæ загъта:
— Æз дæн ардыгон, фæлæ æндæр коймаг,— йæ мыггаг дæр æнахуыр мыггаг схуыдта. Паддзахы раппæрсты фæстæ фронт фæхæлд æмæ цæуын нæхимæ.Уыдис ма мемæ иу ирон лæппу , иумæ æрцыдыстæм Дзæуджыхъæумæ. Уым фæхицæн стæм.Æз ардæм рацыдтæн, уый та Дыгургоммæ. Дыгургомы коймæ Дзаххо фæстъæлфыд.
— Зæгъ –ма, дæ хорзæхæй, йæ ном, йæ мыггаг куыд уыдысты?
— Йæ мыггаг уыд Кадатæй, йæ ном Дзамболат. Дзаххо æмæ Дзитта уый куы айхуыстой, уæд сæ цинæн кæрон нал уыдис.
— Усай, нæ иунæг гас у, гас! Дзитта бауад уазæгмæ,æдзынæг æм ныккаст, йæ русыл стыр нос, сау рихитæ, даргъ зачъет. Дзитта сæ фыццаг хатт уыны, фæлæ цæстытæм ныккаст. Уыдон дæр худынц.
— Мæ хъæбул, ды дæ! – фæхъæр кодта ус æмæ æрхауд.
Усы æрчъицын кодтой. Дзамболаты дæр афтæ нæ фæндыд, фæлæ сæ уый дæр раздæр нæ базыдта, уымæн æмæ сæ ныхæстæ кæрæдзиуыл нæ бадтысты.
Мад æмæ фыды тынг фæндыдис æмæ сын йæ хабæртæ куы радзырдтаид Дзамболат, фæлæ загътой ныр фæллад у, баулæфа æмæ райсом дзурдзыстæм. Дзамболаты бахъуыд геологтæн йæ рахауды фæндаг куыд радзырдта, уымæй бæстондæрæй радзурыны сæр йæ фыртæн. Адæмæй дæр æфсæрмы кæны, раст сын кæй нæ загъта, уымæй.
Æцæг та уыд афтæ:
Дзаххойы бинонтæ цардысты Цæгат Иры арæнæй Кæсæджы арæны æхсæн. Æлдарæй – иу райстой зæхх æмæ –иу æй бакуыстой. Дзахходæр уыцы аз райста зæхх кусынмæ. Дзамболат дæр хуым кæны сæ зæхх. Æххуыс ын кодта иу æвзонг лæппу. Уыцы рæстæджы сæм æлдар кæцæйдæр фæзынд йæ фæсдзæуинтимæ, семæ – ма уыд æндæр бæстаг уазджытæ.Сæ фарсмæ – ма куыстой бынæттон кæсæг адæм. Уыдон æлдары фæзындæй сæ куыст фæуагътой æмæ уырдыг слæууыдысты æгъдаумæ гæсгæ, æлдарæн лæггад кодтой. Фæлæ Дзамболат ахæм æгъдауыл ахуыр нæ уыд, стæй зонгæ дæр нæ кодта кæсæджы æгъдау. Уымæн æмæ раздæр цардысты Залгъæдгомы. Зæхх хъуаг кæй æййæфтой, уымæ гæсгæ ралыгъдысты Кæсæгмæ.
— Адон та дын чи сты?— бафарста æлдары йæ уазджытæ.
— Уыдон дæр сау адæм, — загъта æлдар.
— Æмæ сæ æгъдау уыдон цæуылнæ æххæст кæнынц?
— Ныртæккæ сын æй бамбарын кæндзынæн, айрох сæ вæййы,— загъта æлдары фырт. Батахт æмæ уæлбæхæй Дзамболатыл ралæууыд. Дзамболат кард фелвæста æмæ лæппуйы сæр йæ риуыл æрхауд. Фæдисонтæ бæх ахсыныл куыд фесты, афтæ Дзамболат хъæдмæ аирвæзт. Йе мбал Дзаххомæ фæдисы фæцис. Дзаххо æхсæвы фæлыгъд, загъта æрмæст иу адæймагæн йæхиуæттæй, кæдæм цæуы, уый.
Дзамболат иу хъæуы ныллæууыдис æххуырст.Уыцы рæстæджы Цæгат Ирæй бирæтæ цыдысты Харбинмæ кусынмæ. Уый дæр сфæнд кодта, фæлæ йæм гаххæтт кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ йæ рцахстой æмæ йæ Сыбырмæ фæхастой. Уым базонгæ ис политикæйы фæдыл ахст чи уыдис, уыдонимæ. Уыдон æй сахуыр кодтой уырыссагау дæр. Уæдмæ райдыдта Германы хæст.Ахстытæн бар радтой, бархийæ чи ацæуа хæстмæ , уыдонæн сæ фыдракæндтæ барст æрцæудзысты. Дзамболат дæр ацыд фронтмæ, хæстмæ.Уыдис æм ахуырдзинаддæр, фæлæ йæ лæджыхъæды фæрцы стыр хорзæхджын куы ссис, уæд ын радтой афицеры цин дæр. 1916 азы кæрон Германы фронты баиу большевикон къордимæ. Фронт дæр уæдмæ фехæлд æмæ Дзамболат дæр сæхимæ цæугæйæ бахауд мидхæсты цæхæры. Йæ маст райста Кæсæджы партизантимæ , йæ хæдзар ын чи фехæлдта, уыцы æлдарæй дæр æмæ ссыдис сæхимæ. Чидæр ын бацамыдта йæ ныййарджыты фæд æмæ араст уыдон агурæг. «Раст адæймаджы Хуыцау нæ сафы», — ахæм æмбисонд ис ирон адæммæ. Æцæг фæрнджын адæймаг разындис Дзаххо.Ссардта уарзон адæмы хсæн цард, фæллой, ссардта йæ фырты дæр. Уый та у амонд æмæ фарн.
3.Гипербола — у ахӕм лит-он мадзал, кӕцы уацмысы исты цау, егъаудӕрӕй, кӕнӕ тыхджындӕрӕй равдисы.
19 билет.
1.Малиты Георгийы æмдз. «Федог». Тох æмæ рухсмæ сидыны мотивтæ уацмысы.
Малиты Георги райгуырдис 1886 азы, Чырыстон хъæуы. Йæ ныййарджытæ уыдысты зæхкусджытæ. Каст фæцис дыууæ къласон дины скъола æмæ бацыд Æрыдоны семинары, фæлæ йæ каст нæ фæцис. Рæстдзинадыл кæй дзырдта, уымæ гæсгæ цухгонд æрцыд æмæ йын дарддæр нал уыд ахуырмæ фæндаг. Уымæ гæсгæ куыста хъæуты куы писырæй, куы та ахуыргæнæгæй. Профессор Абайты Васо афтæ зæгъы:
— Малиты Геуæрги у дыккаг Къоста. Къостайы æмдзæвгæ «Балцы загæг» æмæ Геуæргийы æмдзæвгæ «Федог» -æн Васо кодта иу аргъ.
Æмдзæвгæ «Федог»
Рохсмæ, фæсевæд, тундзетæ,
Рохсмæ цæуетæ æнгом,
Нифс, лæгдзийнадæ уарзетæ,
Скæнтæ муггагмæ стур ном.
Арвмæ мæсуг амайетæ,
Хорма кæнетæ фæндаг,
Гъæйт, зæрдиуагæй уайетæ,
Догъи ма уатæ фæстаг.
Тари цæфсæд сæребарæ,
Мегъи сарæд æ тунтæй,
Цардмабан уæд гъезæмарæ,
Зæнхæ райзол уад рунтæй
Рохсмæ, фæсевæд, тундзетæ,
Рохсмæ цæуентæ æнгом,
Нифс, лæгдзийнадæ уарзетæ,
Скæнтæ муггагмæ стур ном.
2.Беджызаты Чермен. Таурæгъ «Кодзыртæ».
Беджызаты Чермен райгуырд Хуссар Ирыстоны Едысы хъæуы. Йæ фыд Дауыд уыд сауджын. Йæ фыды фыд уыд зындгонд таурæгъгæнæг Леуан . Чермен сæ хъæуы ахуыр кодта райдиан скъолайы. Ахуыр кодта Гуры дины скъолайы, Калачы дины семинары. 1920 — азы уылæнты Чермены рахастой Хуссарæй Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцард Дзæуджыхъæуы.
Йæ таурæгъ «Кодзыртæ»- йы архайд цæуы Хуссар Ирыстоны Ерманы хъæуы. Уым цард Кодзырты мыггаг. Кодзырты Тохтæ цард Ерманы. Арæх — иу æрцыд хæтæнты, фæлæ — иу йæ хæдзармæ афтидæй никуы æрцыд. Иу хатт йемæ æрхаста кард. Кардмæ бирæтæ бахæлæг кодтой. Сæ хъæуы цæрæг Бæдту йын æй куырдта, фæлæ Тохтæ нæ радта кард .Уый адыл æм фыдзæрдæ бахаста Бæдту. Иу хатт сæм уазæгуаты æрбацыд Уанелæй Гаглойты Перса . Сæумæйæ Тохтæйы ус дон хæссынмæ ацыд. Гаглойты лæг дæр йæ фæстæ ацыд, бæхæн доны дарыны æфсон. Фæндагыл амбæлдысты. Усæн аба кодта. Ус уый банымадта æфхæрдыл. Хæдзармæ кæугæ æрбацыд æмæ загъта: -Ничи стут, куыд бахаста искæй лæг йæ ныфс уæ сылгоймагмæ. Уый адыл дыууæ маггаджы æхсæн фæзынд быцæу — Гаглойты æмæ Кодзырты æхсæн. Кодзырты сылгоймæгмæ сæ цæгæттæм лыгъдысты. Тохтæйы усæн уыд гыццыл лæппу. Бызгъуырты йæ стыхта æмæ йæ къæссайы нывæрдта , афтæмæй ацыд йæ цæгатмæ. Фæндагыл ыл амбæлд Гаглойтæй иу лæг. — Кæдæм цæуыс, дæ хызыны цы ис? — Мæ хызыны, мæ лæппуйы мын амардтой æмæ йын гыццыл гæдыйы лæппын баззад æмæ уый хæссын, мæ цæст æй нæ уарзы аппарын . Сывæллон аирвæзт. Сыстыр мады цæгаты. Ус ракуырдта. Таурæгъмæ гæсгæ зæгъынц, ома Гæдиаты мыггаг, дам, ацы лæппуйæ рацыдысты.
3.Нырыккон поэзийæ иу æмдзæвгæ.
20 билет.
1.Агънаты Гæстæны уацау «Фæстаг бæх»-ы этикон проблематикæ. 2.Бицъойты Грисы роман «Арвы айдæн». Хæст æмæ гадзрахаты темæ романы.
1-ӕм сӕрӕй-12-ӕм сӕрмӕ.
Романы сӕйраг архайджытӕ сты : Сабан, Гацыр, Ануси, Зауырбег, Даки, Дзӕмӕт… Сабан 10 боны размӕ сыздӕхт хӕстӕй. Схаста инвалиды ном. Ныр Сабан у колхозы сӕрдар, фосы скъӕрджыты хистӕр романы.
Колхозы фосы дзуг скъӕрынц Рагъы хъӕуӕй хохмӕ. Семӕ- ма баиу Ануси дӕр , йӕ мады хо цӕры уыцы хохы ӕмӕ уырдӕм цӕуы.
Сабан ӕмӕ Ануси рагӕй уарзтой кӕрӕдзи. Ныр кӕрӕдзийӕн цӕстӕнгасӕй сӕ ныхӕстӕ фӕдзырдтой.Семӕ –ма уыд Гацыр дӕр. Гацыр йӕ цотӕй иуыл фылдӕр уарзта йӕ чызг Цыкурайы , ӕвӕццӕгӕн , йӕхи хуызӕн кӕй уыд, уый тыххӕй.Цыкура ныр ис йӕ мады рвадӕлтӕм , фӕлӕ йӕм йӕ зӕрдӕ ӕхсайы.Бахӕццӕ сты иу хъӕумӕ фыййӕуттӕ,хъӕуы кӕрон ис уӕлмӕрд.Уым ис бирӕ ног ингӕнтӕ, хӕсты чи фӕмард, уыдонӕн.Уыдон фенгӕйӕ Гацыр дӕр скувы хуыцамӕ : «Ме фсымӕр Гӕбыла дӕ фӕдзӕхст. Йӕ сывӕллӕтты йын сидзӕрӕй ма ныууадз». Гӕбыла дӕр уыд хӕсты ӕмӕ дзы рагӕй нӕй хабар. Сабан дӕр агуры йӕ фыды ингӕн.Уӕдмӕ сӕ ӕрбаййӕфта Райӕххӕсткомы сӕрдар Даки дӕр.Даки та раздӕр куыста , Сабаны размӕ , колхозы сӕрдарӕй. Сабанмӕ хӕстӕг бацыд :
—Ӕвзӕр хабар!
—Цы хабар у ?
— Гӕбылайӕ сау гӕххӕтт ссыд.
Гӕбыла Гацыры кӕстӕр фсымӕр у, Дакиимӕ та ӕмбӕйттӕ. Дзидзидайӕ Гӕбылайы мад амард ӕмӕ йӕ Дакийы мад схъомыл кодта. Ныр Гацырӕн ницы хъӕр кӕнынц. Иу хатт Даки фын федта : «Сӕ мад Сӕм ӕрбацыд ӕмӕ цыма Гӕбылайы акодта. Гӕбыла йӕм дзырдтон ӕмӕ, дам, ды лӕуу».
Романы 13-ӕм сӕрӕй—30-сӕрмӕ.
— Ануси йӕ мады хойы хӕдзар баййӕфта ӕхгӕдӕй ӕмӕ фыййӕуттӕм ацыд фӕстӕмӕ. Гацыр ацыд йӕ чызг Цыкурайы фенынмӕ.Гацыр бирӕ бафӕстиат ӕмӕ йӕм Зауырбег дӕр ацыд агурӕг. Уӕдмӕ сын Дзӕмӕт сӕ фосӕй адавта , фӕлӕ сӕ Зауырбег байста.Дзӕмӕт Зауырбегыл гранат фехста . Зауырбег уӕззау цӕф фӕцис. Немыцы бомбӕтӕй дӕр бирӕ фӕмард сӕ фосӕй.
Иуахӕмы Борнӕф немыцаг коменданты сӕхимӕ ӕрбахуыдта , хорз ӕй федта, ирон хӕринӕгтӕй , стӕй ацыд фыййӕуттӕм. Фыййӕуттӕн ныфс бавӕрдта , гӕххӕтт сын кӕй райсдзӕн комендантӕй , цӕмӕй сын сӕ фосмӕ мачи мацы бар дара. Фыййӕуттӕ йыл тынг нӕ баууӕндыдысты , фӕлӕ уӕддӕр сразы сты… Райста сын гӕххӕтт , Борнӕф фембӕлд Дзӕмӕтыл. Кӕрӕдзи хорз бамбӕрстой. Иннӕ бон хъуамӕ фембӕлой.
Дзӕмӕты ӕхсӕв хуыссӕг нал ахсы ,цы хуызы ӕууӕнда Борнӕфыл?
Цӕмӕн зилы фосскъӕрджыты фӕстӕ? Кӕд уый дӕр дзугмӕ хъавы.?
Иннӕ бон дӕр ӕрхӕццӕ ,автомат йемӕ рахаста –хӕцӕнгарзы уындӕй хъуамӕ фӕтӕрса Борнӕф , зӕгъгӕ.
Нысангонд бынатмӕ бацыд Дзӕмӕт , йӕхи нӕма ӕвдисы, бамбӕхст хъӕды ӕмӕ уырдыгӕй хъахъхъӕны.
Уалынмӕ ӕнӕзонгӕ лӕг фӕзынд,ахъахъхъӕдта ӕмӕ хъӕды фӕмидӕг.
Дзӕмӕт бамбӕрста къӕппӕджы кӕй бахауд.Уалынмӕ цавӕрдӕр къӕрццытӕ райхъуыст , бамбӕрста кӕимӕдӕр дзырд кӕй сты , ома мӕнӕ дӕн. Куынӕ йӕ ссардтой , уӕд ацыдысты.
Фӕлӕ ныр Дзӕмӕтӕн ам нал ис ӕрлӕууӕн, уымӕн ӕмӕ йын йе хсӕвиуаты бынат дӕр загъта. Борнӕфы ӕрвыст лӕгтӕй ӕмбӕхсы.Боны рухсӕй рацӕуы хъӕдмӕ , агуры Борнӕфы.
Борнӕф дӕр зылди Дзӕмӕты фӕстӕ. Иу бон сӕ фембӕлд сӕххӕст. Дзӕмӕтӕй куыд ныфсджын ӕнхъӕлдта, афтӕ нӕ разындис.
Йӕ бӕх ын байста.
_Дӕ мад ,дӕ фыды хатыр , ма мӕ амар. Радзурын ын кодта ӕппӕтдӕр, марӕг ын кӕй арвыста йӕ фӕстӕ…
—Ныр размӕ цу!-йӕ разӕй йӕ акодта. Иудзӕвгар ацыд ,стӕй иу зылд фӕкодта ,фӕлӕ йӕ нӕмгуытӕ нӕ рауагътой ӕмӕ йӕ мидбынат ӕрхауд Борнӕф.
— Фыййӕуттӕ Борнӕфмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц.Ныфс ма сӕ уыд немыцӕй цы гӕххӕтт райстой , уымӕй.(ПРОПУСК).
—Сӕударӕй азмӕлдзыстӕм ,-загъта Сабан ,-ӕнхъӕлмӕ кӕсӕн нын нал ис ,ӕрмӕстма ссарын хъӕуы ӕхсӕнгаӕрзтӕ. Хӕст цы хӕуты уыд , уым ма уыдзӕн ӕхсӕнгӕрзтӕ. Гацыры фӕндыд цӕмӕй Борнӕфмӕ банхъӕлмӕ кӕсой , фӕлӕ йыл иннӕтӕ нал ӕууӕндыдысты.
—Ӕз дӕр ыл нал ӕууӕндын,— загъта Ануси дӕр. Сабаны тынг фӕндыдис ӕмӕ Гацыр Борнӕфы ныхмӕ исты куы загътаид ӕмӕ дзы сӕхи куы ратониккой. Дыккаг бон сихормӕ фенхъӕлмӕ кастысты , ӕмӕ Гацыр дӕр загъта : «Нал хъӕуы кӕсын ме рвадмӕ». Раскӕрдой сӕ фос , фӕлӕ Сабанмӕ афтӕ каст цыма сын нал ис аирвӕзӕн немыцӕй. Исдуг ахӕццӕ ис йӕ саби дугмӕ дӕр.
—Йӕ мад-иу йӕ фӕстӕ сусӕгӕй куыд ацыд ӕмӕ –иу ӕй куыд хъахъхъӕдта. Иу хатт сусӕгӕй йӕхи найынмӕ ацыд ӕмӕ йӕ мад дӕр йӕ фӕстӕ ацыдис . Мад йӕхи нӕ равдыста ,афтӕмӕй рацыд ӕмӕ йын йе рцыдмӕ хъарм хӕринаг сарӕзта.
Куы ӕрцыд ,уӕд ӕй фӕрсы :
-Кӕм уыдтӕ ?
Сабан нӕ загъта кӕм уыд , уый . Мад куы радзырдта хабар ӕцӕг куыд уыд уый ,уӕд лӕппу дисы фӕцис .
-Нана ӕмӕ йӕ ды кӕцӕй зоныс ӕз найынмӕ уыдтӕн ,уый.
-Мӕнмӕ арвы айдӕн ис, ӕмӕ дӕм уырдыгӕй фӕкӕсын. Сабаны бауырныдтой мады ныхӕстӕ.
Ныр дӕр ӕм афтӕ кӕсы цыма йӕм немыцӕгтӕ уыцы арвы айдӕнӕй кӕсынц ӕмӕ сын аирвӕзӕн нал ис.
Бахӕццӕ сты хӕст кӕм уыдис ,ахӕм хъӕумӕ.Фӕнды сӕ куы сӕм бафтид хӕцӕнгарз.Сабан азылд ӕмӕ ссардта 2 хӕцӕнгарз, стӕй дзы уыдис салдаты мӕрдтӕ.Рахаста хӕцӕнгӕрзтӕ ӕмӕ сӕ Анусимӕ радта . Ануси райста ӕхсӕнгарз ӕмӕ загъта : — Ӕз нӕ сарӕхсин ? Бацамон ма мын ӕхсын .
Сарӕхсдзынӕ , ӕз ныртӕккӕ ам дӕн. Йӕхӕдӕг ацыд салдӕтты ныгӕнынмӕ.
Гацыр ,Бедза ӕмӕ Зауырбеджыдӕ йемӕ акодта .Цалынмӕ дыууӕ ингӕны къахтой, уӕдмӕ рӕстӕг рацыд.Ануси йӕхи ӕфхӕры ,ома ӕз цӕуылнӕ ацыдтӕн семӕ , ахӕм рӕстӕджы сылгоймаг дӕр нӕлгоймаджы бынаты балӕууы. Хӕцӕнгӕрзтӕ ӕрӕмбӕхста ӕмӕ фӕцӕуы. Уалынмӕ автоматӕй чидӕр ӕхсын райдыдта Сабаниты.
Ануси ауыдта сау ӕндӕрг ӕмӕ базыдта Дзӕмӕты. Дзӕмӕт йӕ къахы бырынкъӕй скъуырдта цыдӕр . Ануси базыдта уый Сабаны худ кӕй уыд.Чидӕр ын йӕ хъусы ӕрбадзырдӕуыд : «Бабын сӕ кодта».
Ануси азгъордта ӕмӕ райста автомат . Дзӕмӕт куы ауыдта Ануси автомат куыд дары Дзӕмӕтмӕ , уӕд ма дзы сирвӕст : «Ануси». Фӕлӕ Анусийы амонӕн ӕнгуылдз баргъӕвста Дзӕмӕты….
3.Уацмысы композиции — у уацмысы арӕзт, йӕ хӕйтты равӕрд фӕд — фӕдыл ӕмӕ сӕ бастдзинад кӕрӕдзийыл.
21 билет.
1.Дзасохты Музафер.«Урсдоны былыл Бæрæгъуын»-ы темæ æмæ проблематикæ.
Иукъласонтœ сфœнд кодтой сœ разамонœг Арсœмœгимœ хъœдмœ цœуыныл.
Æртœ къорд фесты:
1.загътой хъœууатмœ ацœуœм,адджын уидœгтœ кœм зайынц,уыдон базонœм.
2.фœндыд сирены бœлœстœ фенын.
3.фœндыд Даргъ хуымтœ фенын, фœлœ араст сты Къобосты хъœдмœ,уымœн œмœ уыдон фылдœр уыдысты.
Сœ балцы размœ фембœлдысты Зоологийы ахуыргœнœгимœ œмœ сын зœгъы разамонœг Арсœмœгœн :
— Сывœллœттœ дœ куыннœ бамбарой, афтœ-ма иу дœ цœст дар œмœ кœд калм кœнœ уызыныл сœмбœлай, уœд иу мын œй œрбахœс, урокты мœ œхсызгон фœхъœуынц. Ацыдыстœм, бахœццœ стœм кœддœр кœсœгтœй йедзаг цы цад уыд, уырдœм. Ныр уым хъœз зайын райдыдта, хœфсбадœн ссис. Кœм дœр ма дзы сырхбазыр тъепатœ фœзыны. Бахœццœ стœм Къобосты хъœдмœ дœр. Чи скъудатœ тоны, чи дидинджтœ. Бœлмстыл сыфтœр нœма уыд, фœлœ зœхх цъœх дары. Чызджытœ иуылдœр скъудатœ тонынц.
— Мœнœ адон œррагœнœнтœ сты, -загъта иу чызг. – Мачи жзы бахœрœд.
— Кœм? –загъта ахуыргœнœг, — бœззынц уыдон Дурвœткъуытœ сты. Мœн тынг фœндыд œмœ калм куы фенин œмœ куы фœхъœр кœнин Арсœмœгмœ.
Кœсын зœхмœ, афтœмœй цœуын. Уœдмœ ауыдтон, фœлœ аирвœзт, донмœ абырыд, œмœ хуынчъы ныллœсыд. Арсœмœг йœхœдœг диссаг уыд кœлмытœ ахсынмœ. Институты ма куы ахуыр кодта, уœд 2 метры калм œрцахста. Иу рœстœг та ссивœнтœ уыдысты œмœ уым дœр стыр калм œрцахста сагойœ.
Æз дœр лœдзœг систон œмœ йын œй йœ ахстоны нытътъыстон. Калм œндœр хуынкъœй рагœпп кодта œмœ мœм фœстœ œрбалœсы.
— Калм дыл хœцы, — фœхъœр кодта чидœр. Æз агœпп кодтон.
Уœдмœ мœм œрбахœццœ сты Арœмœгитœ œмœ мын загъта: «Афтœмœй дыл фœхœцыдаид, калм йœ маст тынг исы. Арсœмœг йœхœдœг бел райста œмœ хуынкъгом къахы. Къахы œмœ дзы хœцъилы гœппœл разынд, стœй къурткœйы кœрон сзынд, уœдмœ- цырыхъхъ. Разынд дзы ингœн. Уыдис дзы медальон. Уым фыст уыд, куы йœ байгом кодтой уœд « Непринцев Алексей Филиппы фырт, 1920 азы гуырд, Свердловскы облœст, хутор Чернореченскœй»
Дыккаг бон хабар айхъуыст. Арвыстой йын йœ мад Анастасия Леониды чызгмœ, œмœ уый дœр ссыд. Солдаты баныгœдтой скъолайы кœрты. Мадœн радзырдтой йœ фырт Къобосты хъœды знœгтимœ хœцгœйœ кœй фœмард хъœбатырœй. Иу бон скъолайы уыд œмбырд, фœлварœн цœхœрадоны хуыздœр чи бакуыста, уыдонœн лœвœрттœ радтой. Мœн œмœ Сашœйы дœр нœ ферох кодтой, œмœ дзы œмхуызон хœдœттœ бахуыйын кодтам, ахуыры азы фœуыдмœ. Æз ныффыстон уацхъуыд газетмœ. Адœммœ мœн кой йеддœмœ ницы уал уыдис. Колхозы чи нœ куыста, уыдон кой ракодтой, уыдон уыдысты цалдœр усы. Нана мын уайдзœф кодта. Афтœ раст нœу, зœгъгœ.
Нана кусынмœ куыд ацыд,афтœ нœм сœрдары чызг слœбурдта. Хъœр кœны, хъœусоветы, дам, дœм дзурынц. Ацыдтœн, œмœ дам, дœ фыст ныууадз, œртхъирœн мœм кодта сœрдар. Иутœ мœ œлгъитгœ кодтой,иннœтœ- арфœтœ. Рœстœг рацыд.
Иу хатт сœрдармœ бœх ныууадтœн.
— Уœлœ кœдœм ныффыстай, уыдонœй райс.
Рацыдтœн. Дыккаг бон мœм скъоламœ фœдзырдтой, œмœ мын 107 œхца радтой мœ уацхъуыдыты тыххœй. Загътон, тœккœ адджындœр хœринœгтœ дзы хъуамœ балхœнон. Балхœдтон къаффеттœ. Сашœимœ рацыд œмœ чызджытœн радтой.
Йœ мад халва уарзы œмœ йын балхœдта, балхœдта гœрзтœхсœн сапон, 2 кг цœхх, спичкœтœ, стœй йе мбал Тотырбегœн балхœдта хырынкъа. Тотырбеджы зœрдœмœ цœуы Мœдинœт. Мœ уроктœ куы скœнын, уœд клубмœ ацœуын. Уœд нœм фœзынд Бесœгъуыр œмœ мœ афарста:
— Уœхимœ нœма уыдтœ? Фœтарстœн. Æз алыгъдтœн хœдзармœ. Дзыдзайы баййœфта сынтœгыл хаудœй. Дзыдзайы трактор ныццавта. Аластой йœ рынчындонмœ. Рарвыстой мœн. Уœдмœ адœм кœрты œмбырд кœнын райдыдтой. Æз фœтарстœн. Цы хабар у? Кœуын.- Дзыдза уын амард! Уœдмœ йын œрбаластой йœ мард дœр. Адœм ыл фœкуыдтой, ирон œгъдаумœ цы хъуыд, уыдон сарœзтой œмœ йœ баныгœдтой.
Ахуыры аз фœцис. Радтой нын нœ фыццаг азы фœллой, нœ бирœ фыдœбœттœ, иу сыфыл фыстœй бацыдысты (аттестат). Фœлœ мœ сагъœсы бафтыдтой ме*мбœлттœ. Иу дœр дзы йœ дарддœры фœндагыл нœ хъуыды кœны. Горœтмœ цœуынмœ дзы œрмœстдœр œз хъавын œмœ йœ сдзурын дœр нал уœндын. Мœн фœндыд пед.институтмœ, фœлœ 4 азы бирœ у, œмœ Бœди œмœ Дунетхан цы фœуыдзысты. Срœвдз кодтон мœхи œмœ ацыдтœн. Фœлварœнтœ райдайдзысты иннœбон,фœлœ мœ гœххœттытœ нœма радтон. Стœй мын бынат дœр нœй. Бацыдтœн нœ хœстœджытœм Тепсарыхъотœм. Уыдис сын стыр галуаны хуызœн хœдзар. Байгом мын кодтой дыуар. Уыдис хœдзары сœ зœронд ус œмœ иу чызг. Афœрстытœмœ мœ кодта ус,стœй,дам,кœд цœуыс? Тепсырыхъо уым нœ уыд,фœлœ куы ссыд,уœд уый дœр,загъта, горœттœгтœ куы нœ хауынц ахуырмœ, уœд ды кœм бахаудзынœ. Œз та сыдœй мœлын, фœлœ мын ахœр нœ дзурынц. Мœ чиныг райстон, œмœ ахуыр кœнын. Уœдмœ къœвда райдыдта, дымы, нытталынг. Чызг цырагъ ссудзынмœ хъавыд, фœлœ йœ Тепсырыхъо хъœры бын фœкодта! 2-аг бон ацыдыстœм пед.техн. Тепсырыхъоимœ. Уыдис дзы бирœ адœм, œмœ институтмœ ацыдтœн. Фœндагыл мœ бафœндыд куы фœхицœн уаин Тепсырыхъойœ. Мœ чингуытœ дœр мемœ рахастон, фœлœ мын афтœ дœр ничи загъта, кœдœм сœ хœссыс? Фœндагыл баиу дœн иу чызг œмœ иу усимœ. Уыдон дœр уырдœм цыдысты. Радтон мœ гœххœттытœ, фœлœ мын œхсœвы бынатœн та радтой спортивон залы, уым ма уыд мœн хуызœн лœппутœ. Тепсырыхъойœ куы фœхицœн дœн, уœдœй рацыд 12 боны,фœлœ мœ нœ агурынц. Æз дœр сœм нал цœуын. Радтон мœ фœлварœнтœ хорз бœрœггœнœнтимœ. Œрбаздœхтœн фœстœмœ хъœумœ, фœлœ та уœдмœ ралœуыдысты ахуыры бонтœ. Иу бон амбœлд Хъазыбег йœ уарзон чызг Земфирœйыл. Иумœ атезгъо кодтой Бульвары уынгты. Бœласы бын бандоныл œрбадтысты œмœ хъœлдзœг ныхœс кæнынц. 2.Хъодзаты Æхсары поэзи. Æмдз. «Кафаг чызг» (наизусть). 3.Антитеза — у грекъаг дзырд ,поэтикон-аивадон фӕрӕз ,кӕцы амоны «ныхӕй — ныхмӕ ӕвӕрын». Зӕгъӕм Къостайы ӕмдз. «Мӕгуыры зарӕг».
Адӕмӕн сӕ рӕсугъд уӕттӕ
Хъармӕй райдзастӕй лӕууынц,
Махӕн та нӕ сывӕллӕттӕ…….
22 билет.
1.Гæдиаты Секъа. Йе сфæлдыстады ахадындзинад ирон литературæйы. Фыссæджы гуманизм.
2.Ходы Камалы поэзийы граждайнаг мотивтæ.
3.Олицетворени — уацмысы арӕх удгоймаджы миниуджытӕ ӕмӕ архайд хаст ӕрцӕуынц ӕнӕуд предметтӕм. 23 билет.
1.Хуыгаты Сергейы «Сылгоймæгтæ» — йы проблематикæ, йæ фæлгонцтæ.
Хуыгаты С. райгуырд 1933 азы 15 майы Хус. Ирыстоны Дзауы районы Хуыгаты хъœуы .
1944 азы ралыгъдысты йœ бинонтœ œмœ œрцардысты Тарскœйы. Скъолайы фœстœ бацыд Ц.И. пед.институтмае. Институты фœстœ куыста Дагестаны œмœ Ц.Иры скъолаты, куыста редакторœй телеуынынады журнал «Мах дуг»-ы. Кусы абон дœр бœрнон бынœтты.
Йœ радзырд «Сылгоймœгтœ»-йы сœйраг фœлгонцтœ сты: Будзи, йœ хо Мари œмœ Будзийы бинойнаг Зœлинœ. Будзи œмœ Мари схъомыл сты сидзœрœй. Будзи ахуыр кœны институты. Мари смой кодта и сын 3-тœ чызджы, йœ лœг Филим хœстœй нал сыздœхт œмœ тых амалттœй хъомыл кœны йœ сывœллœтты. Ӕххуыс кœны йœ кœстœр œфсымœр Будзийœн дœр. Будзи сахуыр кодта, бинонтœ œрхаста.
Иу œхсœв Зœлийœн зœгъы,цœмœй сœм цы œхца ис, уыдон уал Марийœн радтой,Зœли хъуыр-хъуыр кœны. Будзийœн тынг зын уыд, ацыд хуыссынмœ, фœлœ йœ хуыссœг фœлыгъд. Йœ зœрдыл œрлœууыд институты -ма куы ахуыр кодта, уыдонœй иу бон. Мари – иу къуымбилтœ балхœдта, тœбынтœ иу сарœзта œмœ – иу сœ уœй кœнынмœ схаста. Будзи дœр – иу œм базармœ бацыд. Ногœй та куымбил балхœдта, цы каппек — ма йœм баззад, уыдон урс хœцъилы атыхта œмœ Будзийы хœрœн донмœ бакодта. Райста хœринаг Будзийœн, œз дам Гœтыккоты авдœн бœттœны уыдтœн. Будзи бамбœрста сайгœ кœй кœны, фœлœ œххормаг сывœллон œмœ райста œмœ бахордта. Куы раздœхтысты, уœд фœндагыл Гœтыккаты усимœ амбœлдысты. Усмœ 4 хызын авдœнбœттœнмœ балхœдта цыдœртœ, тагъд, дам, кœнын, дзуры, авдœнбœттœн нœм ис , œмœ ма байрœджы кœнон. Мари фœсырх Будзийы кœй фœсайдта œмœ йын афтœ зœгъы:
-Будзи, асайдтон дœ, тарстœн иунœгœй мын куы нœ бахœрай. Дыууœйы фаг та мœм нœй. Мœнмœ дœ зœрдœ ма ‘хсайœд, œз уœддœр хъœуы ‘хсœн цœрын…
Ныр Мари хœдзар аразы, œмœ йœ фœнды œмœ йын аххуыс кœна. Куы сбон ис, уœд ракаст œмœ федта Зœлийы дзургæ:
-Базармœ аууадтœн, Мари адджын гуыдын уарзы œмœ йын алхœдтон,
3 авджы сœнтœ. Тарстœн, зœгъын куы ацœуай, œмœ дœ куы нал œрбаййафон. Будзи œдзынœгœй касти, дысон Зæли œндœр ныхœстœ куы кодта…Ох, ацы сылгоймœгтœ…
2.Æлборты Хадзы — Умары æмдз -ты мидис. Йе сфæлдыстады хигъæдон æууæлтæ.
Ӕлборты Хадзы — Умар райгуырд1939 азы Х. Ирыстоны Сарабучы хъæуы. Астæуккаг скъола каст фæци, стæй бацыд пед. Институтмæ. Фыссын райдыдта хæрз чысылæй.
Йе ‘мдзæвгæ « Рухсытæ судзынц» -ы æвдыст цæуы æрдзы нывтæ, тар æмæ рухсы æнæрынцой тох. Талынгыл рухс цард куыд фæтых уæвæн ис.
Ӕмдз. «Хоры нœмыджы балладœ» -ы æвдыст цæуы æрдз æмæ адæймаджы хæстæгдзинад. Ис æм хоры нæмыг, æнхъæлмæ йæм кæсынц, сывæллонæй, мыстæй, быдырæй. Быдырты нæу сæ бон кусын, зымæг дзы мит ис, сæрдыгон знаг нæ уадзы кусын.
Ӕмдз. «Балладœ зары фœндагыл» Ам æмдзæвгæ кæсгæ йæ зæрдыл æрлæуы 1920 азты Хусссары уавæр лигъдæтты уавæр Плиты Харитоны поэмæ «Сæлимæт». Ӕмдзæвгæйы æвдыст цæуы 1992 аз. Хуссарæй куыд лыгъдысты мигъдæттæ. Зары фæндагыл цы уæззау фæндагыл цыдысты. Нæ сыл уыд Зарыл дар фæндаг лæбурдтой сæм хъæдæй гуырдзиаг лæгмартæ. Ӕмæ – иу сæ разы бабатысты æмæ – иу сæ фехстой. Ӕмдзæвгæ фыст у хъарæджы хуызы.
Ӕмдзæвгæ « Хъœлœс ингœнœй». Ацы æмдзæвгæйы фыссæг ары Ирыстоны зынгххуыст хъæбулты ном, кæцытæ сæ удтæ радтой 1990 — 91 азты Хуссар Иры хъахъхъæнгæйæ. Уыцы лæппуты мæрдтæ уæлмæрдмæ дæр нæ уыд бахæссæн гуырдзиаг тугхортæй. Цхинвалы 5-œм скъолайы кæрты æрцыдысты ныгæд.
Фыссæг ацы зынгхуыст лæппуты номæй дзуры:
-Ирыстон, œз 15 хатты куы амœлон, уœддœр мын зœгъ,
— 16- œм хатт дœ фœдисмœ сысдзœн.
-Ирыстон, уœ 7 дамгъœйы уыдысты
-Мœ къурийы 7 боны мœнœн,
7- хатты сœ мœ удыл ныффыстон… (Æлборты Хадзы-Умар).
3.Монолог — у дзурӕг уацмысы йӕ хъуыдытӕ иунӕгӕй куы дзура, кӕнӕ йӕхи нымӕры.
24 билет.
1.Мамсыраты Дæбейы сфæлдыстады характеристикæ. Йæ радзырды идейон мидис.
Дæбе райгуырд 1907 азы Цæгат Иры, Дæргъæвсы. Хъæууон скъола каст куы фæци, уæд бацыд Ц. И. пед.техникуммæ. Техникумы фæрцы Дабе ссардта йæ царды сæйраг фæндаг, ома фыссын райдыдта лит- он уацмыстæ. Мыхуыры йын цæуын райдыдтой 1927 азы.
Куыста Джызæлы скъолайы ахуыргæнæгæй, Заманхъулы скъолайы директорæй. Дабейæн лæвæрд æрцыд Ленины орден, Фæллойады Сырх Тырысайы орден, майдантæ йæ лит — он æмæ æхсæнадон куыстыты тыххæй. Дабе нымад у Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат.
Дабейы сфæлдыстадæй мах ахуыр кодтам: 5 къласы — « Хъœндил». Ацы радзырды æвдыст æрцыд магуса цард кæй нæ ары царды.
6 къласы радзырд — «Ӕрдхорд». Де’мгар, де ‘мбал куы рæдийы, уæд ын рæстæгыл баххуыс кæн, йе’ взæрдзинадын æмбæхсгæ ма кæн, фæлæ йын йæ ных бакъуыр, цæмæй царды раст фæндаг ссара.
2. Гаглойты Владимиры драмæ «Ныййарæджы кадæг».
“Газданты 7 зынгхуыст салдаты мад Тасойы рухс ном дзы арын”.
(Гаглойты Владимир).
Трагедийы архайд авдыст цауы 1941-48 азты.
Сценӕйы фӕзынд мад, стӕй авд ӕфсымӕры ӕндӕрджытӕ иумӕ ӕмӕ ныхас кӕнынц сӕ мадимӕ.Мад сыл уайдзаф каны. Ӕфсымӕртыл ӕвӕрд ӕрцыд Нӕртон нӕмттӕ(Сӕхӕдӕг афтӕ зӕгъынц).
1.Хистӕр – Уырызмӕг, 2.Хистӕры кӕстӕр-Хӕмыц, 3-4..Ӕхсар ӕмӕ Ӕхсӕртӕг- фаззӕттӕ кӕй уыдысты, 5.Батрадз тыхджын кӕй уыд, 6.Сослан йӕхиуыл ӕфхӕрд нӕ уагъта, 7.Ацӕ-та-чысылӕй кӕуаг уыд,йӕ хъӕлӕс ,дам, зарынмӕ хорз уыдзӕн .
Сты бинонджын. Ацӕйӕн йӕ чындзӕхсӕвы боны фӕдис фӕцыд хӕст райдыдта, зӕгъгӕ .
Хӕстмӕ ацыдысты 5-ӕй. Уырызмӕг ӕмӕ Ацӕ баззадысты фӕстагмӕ.
Ам ӕвдыст цӕуы бинонтӕ кӕрӕдзиуыл иузӕрдион куыд сты.Чындзыты кӕрӕдзимӕ ахаст. Госӕма куыд бирӕ уарзы йӕ чындзыты. Кӕрӕдзийӕ куыд ӕфсӕрмы кӕнынц. Хӕст цӕуы. Фӕмард Ӕхсар. Фӕлӕ йӕ нӕ хъӕр кӕнынц кӕрӕдзийӕн. Кӕрӕдзийы зӕрдӕтӕ куы фӕриссой,уымӕй тӕрсынц. Фӕмард Хӕмыц дӕр. Ацӕ уый куы фехъуыста, уӕд Фӕрдыгӕн хӕрзбон загъта ӕмӕ хӕстмӕ фӕраст. Хӕстмӕ цӕугӕйӕ ӕфсымӕртӕ кӕрӕдзийӕн ныфсытӕ ӕвӕрынц.
Уый хыгъд сӕм фӕзынд Сослан. Госпиталы фӕстӕ йӕ 2 къуыри рауагътой сӕхимӕ. Госӕма йыл тынг фӕцин кодта, фӕлӕ куы базыдта Ацӕ дӕр хӕстмӕ ацыд, уӕд тынг фӕхъыг кодта.
Хӕст цӕуы…
«Хӕст-хӕст у, тӕригъӕд нӕ зоны»Сылгоймӕгтӕ дӕр цыдысты хос кӕрдынмӕ.
Иу ӕхсӕв Госӕма хъуыдыты куыд аныгъуылди, афтӕ дуар чидӕр хойы.
-Чи дӕ?
-Ӕз, гыцци.
Дуар бакодта ӕмӕ Ацӕмӕз. Уый ралыгъд хӕстӕй (стр 182) бамбӕхст мӕй ӕмӕ ӕрдӕг кӕмдӕр лӕгӕты, стӕй ӕрцыд гыццимӕ. Фӕлӕ Госӕма ууыл разы нӕу ӕмӕ йын зӕгъы:
-Фӕстӕмӕ!!! Кӕцӕй ралыгъдтӕ, фæстæмæ уырдӕм! Дӕхи хохы скъуыды ӕмбӕхсынмӕ хъавыс, фӕлӕ дын дӕ фыдракæнд нӕ ныббардзӕнис зӕхх. Фӕрсджытӕ фӕхаудзӕни къӕдзӕх,ӕмӕ дӕ дӕ худинагимӕ нынныгӕндзӕни йӕ быны. Цӕугӕ мӕ хӕдзарӕй! Цалынмӕ дӕ худинаг дӕ цӕсгомӕй ныхсай, нӕ дын ис а зӕххыл бынат. Нӕ дӕ райсдзӕн де взонг ус Фӕрдыг дӕр! Ацӕмӕз йӕ зонгуытыл ӕрхауд, фӕлӕ Госӕма дзуры:
-Быр, быр дӕ зонгуытыл, кӕд ӕй дӕ сӕрмӕ хӕссыс, уӕд. Ӕмӕ дӕ кӕд афтӕ цӕрын нӕ фӕнды, уӕд та сыст уӕлӕмӕ ӕмӕ цӕугӕ!
-Ныххатыр мын кӕн гыцци . Фӕрӕдыдис дӕ фырт.Тӕппуд нӕ дӕн. Фӕтарстӕн. Зыдтон ӕй æхст мын цӕттӕ кӕй у, ӕмӕ лӕгӕты мӕ хъиутӕ хордтон. Ӕмӕ ма æрбакӕс! (йӕ сӕр миты къӕрттау-урс). Госӕма йӕхимӕ февнӕлдта: -Куы мын базӕронд дӕ.
-Ма мӕм ӕрбацу хӕстӕг. Ӕз дӕм сыгъдӕг зӕрдӕйӕ ӕрбацыдтӕн. Фӕтыхстӕн, фӕтарстӕн ӕмӕ ралыгътӕн. Ӕрӕджиау ма йӕ бамбӕрстон мӕ рӕдыд. Ӕрцыдтӕн дӕм , фӕтыхст дӕ фырт,ӕмӕ йын баххуыс кӕн йӕ тыхсты. Ахст мын цӕттӕ у, фӕлӕ де лгъыст карздӕр у мӕлӕтӕй. Ацӕ ацыд, Фӕрдыджы дӕр нӕ федта, ӕфсӕрм дзы кодта.
Адӕмӕн сӕ зымӕгон хос зӕй фӕласта. Госӕма йӕ цыппар чындзимӕ,стӕй ма ноджы дӕр цалдӕр сылгоймаджы сӕ фос аскъӕрдтой Хъызлармæ, цӕмӕй сӕ уалдзӕгмӕ аирвӕзын кӕной…
Фӕци хӕст дӕр. Фӕлӕ Госӕмайы фырттӕй иу дӕр нал сыздӕхт. Батрадзы ус Ларисӕ дӕр хъӕдын къахимӕ ссыд. Адӕм хӕстӕй здӕхынц. Хъызларӕй дӕр ӕрцыдысты, сӕ фос сӕ разӕй. Адӕм архайынц , цæмæй хъӕлдзӕг дарой сӕхи, фӕлӕ сӕ зӕрдӕтӕ нӕ комынц. Рахӕссын кодтой фӕндыр. Госӕмайы размӕ Дуду бауад йӕхи хойгӕ:
-Ӕз ӕмӕ ды кӕуинаг куы фестӕм! Ӕз мӕ иунӕджы мард куы нӕ уромын, уӕд ды 7 зынгхуыст хъæбулы куыд бауромдзынӕ . (Дудуйы фырт Дади дӕр амард нозтӕй) . Госӕма сагъдӕй алӕууыд, стӕй фӕцуды. Сонт худт ныккодта. Уый та чи загъта? Мӕ 7 хъӕбулӕй иу дӕр нал ӕрыздӕхт? Уый кӕй ӕвзаг бахус? Чындзыты цӕстысыг куы федта,уӕд йӕхи фӕтыхджындӕр кодта ӕмӕ загъта: -Ныхъхъусут, чындзытӕ! Цӕстысыг уӕ иуӕн дӕр куы нӕ фенон йӕ рустыл!Нӕ бӕлццӕтты мах заргӕ арвыстам балцы. Цӕссыг сыл чи ӕрыппара, уый уыдзӕн се знаг.Ныззарут ма сын сӕ тохы зарӕг! Ныззарут! Ныззарут тохы зарӕг! Никӕй зӕрдӕ бакуымдта .Зарӕг систа фронтӕй чи сыздӕхт, ахӕм салдат. Адӕм ахӕлиу сты. Госӕмайӕн ма Дуду ныфсытӕ ӕвӕры, фӕлӕ йӕм ницы уал хъары. Ӕрвиты Дудийы дӕр, сагъӕс кӕны, стæй сиды адӕммӕ:
-Афтӕ мачи зӕгъӕд ӕнӕхицау , ӕдзӕрӕг у Хъарадзауты Афӕхъойы хӕдзар. Ӕрбадзурут–иу мӕ фыртты номӕй. Курын уӕ, сӕр куы бахъӕ уа, уӕд-иу фӕдис хъӕргӕнӕг куы фӕзына, ныхъхъӕр-иу кӕнӕд мӕ фырттӕм дӕр сӕ номӕй.
Уӕдмӕ йӕ чындзытӕ ӕрбацыдысты сауты ӕмӕ сӕм дзуры:
-Стыр фыд ныл ӕрцыд, фæлæ уӕ сӕрыл схӕцут, ӕмӕ сауты бӕсты урсытӕ скӕнут! Чындзытӕ кӕрӕдзийӕн дзырд радтой , цӕмӕй 7 хойы стъалыйау иумӕ цӕрой Госӕмаимӕ.
Иу бон сӕм Госӕма 4 боны кӕй ӕмбӕхста, уыцы гӕххӕтт радта ӕмӕ йӕ Фӕрдыг кӕсы. Уым арфӕ кӕны Госӕмайӕн Советон Цӕдисы Хицауад, йӕ фырттӕ 7-хъӕбатырӕй кӕй фӕмард сты, ныр та йын йӕ фырты фырт Аланы кӕй агурынц. чындзытӕ кӕуынц,фæлæ та сæм Госӕма дзуры: -Чындзытӕ, ныр нӕ бон базыдтам нӕ цӕргӕстӕй, цӕрын хъӕуы дарддӕр. Хъӕбатыртӕ нӕ мӕлынц. Фӕрдыг, чындзӕхсӕвмӕ куы цыдтӕ, рӕвдздӕр ут , чындзытæ, аивут уӕ саутӕ, цӕут чындзӕхсӕвмӕ.”Чындзытӕ нӕ куымдтой, фӕлӕ сӕ арвыста тыххӕй.
Ныффыста горӕтмӕ Ларисӕ ӕмӕ Дзӕнӕтханмӕ дӕр. Ӕрбамбырд кодта йӕ чындзыты ӕмӕ сын иу ӕхсӕв дзуры, цӕмӕй сӕ амӕндтӕ ссарой.
Чындзытӕ йын уайдзӕф дӕр бакодтой.
-Мах дӕ нӕ мады хуызӕн куы уарзӕм,уӕд нӕ куыд тынг бафӕлладдӕ.
-Зонын ӕй, ӕз уӕ мад дӕн, ӕмӕ ӕз тыхсын уӕ абонӕй уӕ сомыл. Госӕма ӕрбамбырд кодта йӕ чындзыты ӕмӕ сӕ ӕрвиты сӕ цӕгатмӕ.
Хӕдзар баззад афтидӕй. Госӕма тынг ӕнкъард кӕны. Иу ӕхсӕв ӕм дуар ӕрбахостӕуыд .Дуар бакодта ӕмӕ ӕд чемадан лӕууы Суворовы ахуыргӕнӕндоны дарӕсы йӕ фырты фырт Алан.
Госӕма дзуры :”Нӕ фӕцудыдта мӕ хӕдзарӕн йӕ бындур.”
3.Сурæт — у цӕсгомы ныв, уый ӕвдисы адӕймагӕн йӕ уынд ӕмӕ йӕ конд. Уый фӕрцы нӕ цӕстытыл ауайы хъайтары ӕддаг бакаст, йӕ хуыз. 25 билет.
1.Нигеры бынат ирон литературæ æмæ культурæйы, йæ поэзийы сæйраг мотивтæ—хæххон адæмы царды нывтæ. 2. Гуыцмæзты Алеш. Йæ хъысмæты трагизм. Адæмон характертæ йæ уацмысты.
— Курдиатджын фыссæг æмæ æхсæнадон кусæг Гуыцмæзты Алыксийы фырт Алеш райгуырд 1951 азы, Цхинвалы районы рæсугъддæр хъæутæй иуы – Ортъеуы хъæуы.
Суанг гыццыл сабийæ фæстæмæ йæ диссаджы дзырдарæхст фæлмæнзæрдæ зæронд мады таурæгътæ æмæ æмбисæндтæм хъусгæйæ, Алешы зæрдæйы, йæ туджы ахъардта ирон дзырды стыр тых æмæ дзы ивылд донау абухгæйæ фæйлауæнтæ кодта суанг йæ царды фæстаг боны онг. Астæуккаг скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд райдыдта æмдзæвгæтæ фыссын, фæлæ йе сфæлдыстадон хъару прозæйырдæм тынгдæр тасыд, æмæ йæ курдиаты тых уыцырдæм сарæзта, фæлæ æмдзæвгæтæ фыссын дæр нæ ныууагъта…
Бирæ саразын бантыст Алешæн йæ цыбыр царды. Йæ удыгасæй цалдæр чиныджы мыхуыры рауадзын йæ къухы бафтыд ,уыдонæй сæ иу уацмысты æмбырдгонд «Азарут иронау, лæппутæ…»
1991 азы Хуссар Ирыл утæхсæн бонтæ куы скодта, уæд Алеш æрлæууыд йæ хъахъхъæнджыты æмрæнхъ. Кæйдæртау худинаг йæ сæрмæ не’рхаста æмæ йæ сæр нæ бафснайдта, фæлæ йæ къухмæ фыссæн сисы бæсты райста хæцæнгарз. Райгуырæны сæрвæлтау Алеш йæ къух систа йе’стыр курдиатыл. Афтæмæй та йæм зæгъинæгтæ цас уыд ?! Алеш ирон адæмæн уыд стыр ныфс. Хъуамæ басгуыхтаид нæ лит-йы фарнæн, уыдаид ын цæугæ мæсыг, лæугæ хох…
Фæлæ, хъыгагæн, абон Чъребайы 5-æм скъолайы кæрты йæ тохвæллад æмгæртты астæу ис йæ лæугæ цырт…
Алешы тыххæй Хостыхъоты Зинæ зæгъы: -Алеш йæ дзыллæйы цæрайæн Фæцыд нæмыгдзæфтæй мæрдтæм, Ир, де’знаг йе’нгуылдзтыл нымайæд, Дæуау, йæ хæстифтонг фыртты!
3. Аноним — нысан кӕны ӕнӕном автор. Фыссӕг исты аххосагмӕ гӕсгӕ йӕ ном куы басусӕг кӕны. Зӕгъӕм 8-ӕм къл. «Сӕрибар»-мыхуыры рацыд 1907 азы газет «Ног цард»-ы,фӕлӕ йыл автоны ном нысангонд уыд.
28
- О нас
- Новости компании
- Реклама
- Для СМИ
- Вещание
- Вакансии
- Лица компании
ГОСУДАРСТВЕННОЕ АВТОНОМНОЕ УЧРЕЖДЕНИЕ РЕСПУБЛИКИ СЕВЕРНАЯ ОСЕТИЯ-АЛАНИЯ НАЦИОНАЛЬНАЯ ТЕЛЕКОМПАНИЯ «ОСЕТИЯ-ИРЫСТОН»
© Все права защищены. Любое использование материалов допускается только с согласия редакции. При согласованном использовании
материалов сайта необходима ссылка на ресурс. Код для вставки в блоги и другие ресурсы, размещенный на нашем сайте,
можно использовать без согласования.
Онлайн-трансляция эфирного потока в сети интернет без согласования строго запрещена. Трансляция эфира возможна исключительно
при использовании плеера и системы онлайн-вещания национальной телекомпании рсо-алания «осетия-ирыстон».
iryston.tv: CВИДЕТЕЛЬСТВО О РЕГИСТРАЦИИ СМИ ЭЛ № ФС 77-79299 ВЫДАНО РОСКОМНАДЗОРОМ 09 ОКТЯБРЯ 2020 ГОДА. УЧРЕДИТЕЛЬ: ГОСУДАРСТВЕННОЕ АВТОНОМНОЕ УЧРЕЖДЕНИЕ РЕСПУБЛИКИ СЕВЕРНАЯ ОСЕТИЯ – АЛАНИЯ «НАЦИОНАЛЬНАЯ ТЕЛЕКОМПАНИЯ «ОСЕТИЯ-ИРЫСТОН»». АДРЕС: 362015, РЕСПУБЛИКА СЕВЕРНАЯ ОСЕТИЯ – АЛАНИЯ, ГОРОД ВЛАДИКАВКАЗ, УЛИЦА ГРИБОЕДОВА, ДОМ 17.
тел.: 8 867 272-28-82, +7 918-822-64-64